Хъуамæ кусæм, æхсæв-бон нæ хынцгæйæ

0
934

«Чидæриддæр бæрæгбоны хъуыддæгтыл зæрдиагæй бацархайдта, уыдонæн мæ фæнды бузныг зæгъын. Иннæрдыгæй, сæ комкоммæйы хæстæ куыд æмбæлы, афтæ чи нæ æххæст кæны, адæмы тыхстдзинæдтæм фаг æргом чи нæ здахы, уыдонмæ та мæм ис фæрстытæ. Ногиры ныр цалдæр боны дон нæй. Æмæ мын хабар районы разамынд нæ фехъусын кодта, фæлæ — цæрджытæ. Сæйрагдæр цытæ архайут, цы уæ хъыгдары, цавæр аххосæгтæ дзы ис, уый нæу. Хъуамæ æхсæв-бон нæ хынцгæйæ кусат, тыхстдзинæдтæ иуварс кæнат…» — иугæр Хицауады æмбырдмæ республикæйы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг БИТАРТЫ Вячеслав æнæнхъæлæджы æрбацыд, уæд æй зон: ис æм æвæстиат ныхас бæрнон адæймæгтимæ.

Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Игорь Шаталов æмæ Горæтгæрон районы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæг Есиаты Руслан куыд бамбарын кодтой, афтæмæй хъуыддагыл архайынц. Ахоссаг та уый мидæг ис, æмæ бирæтæ, уагæвæрд халгæйæ, бакъæртт кодтой Ногиры доны хызæг, æмæ дон куыд æмбæлы, афтæ нал хæццæ кæны. — Райсом Ногиры дон куы нæ уа, уæд министр йæхæдæг курдиат ныффыссæд… Ахæм уавæр куы сæвзæры, уæд уæ хæдзæрттæм цы зæрдæйæ ацæут? Цалынмæ уавæр банывыл уа, уæдмæ хъуамæ уыцы ран уат. Куыд æмбæлы, афтæ кæй нæ кусут, ахæм хъуыддæгтæ дæр уымæн фæзынынц. Уыдæттæн дзы бынат нал ис, — загъта Битарты Вячеслав. Куыд ма фæбæрæг кодта, афтæмæй бæрæгбоны арфæтимæ сæмбæлд цалдæр хæстоны хæдзары. «Афтæ мын зæгъы сæ иу, лæвæрттæ дæр мæ нæ хъæуы, майдантæ дæр, нæ хæдзарæй нын нæ бырæттæ аласын кæн. Уый та цы у? Разамынддæттæг компанитæ цы кусынц? Бирæуæладзыгон хæдзæрттæм тæфæй бацæуæн нæй, сæ бырæттæ сæ былтæй акалдысты», — ацы фарстатæ дæр республикæйы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг сæвæрдта Цæрæнуæттыкоммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министрады æмæ Цæрæнуæттæм паддзахадон цæстдарды службæйы разамынды раз. Уымæй уæлдай ма, ногæй фæсидт районты бынæттон хиуынаффæйады администрациты сæргълæуджытæм, цæмæй зæххытимæ баст хъуыддæгты æлхынцъ райхалой: «Сымах, æмæ уæ размæ чи куыста, уыдон сæ фæлæвæрдтой æмæ ныр дзуапп дæттут уыдæттæн. Кæнæ та уе ‘ххæстбартæ æрæвæрут», — загъта Битарыфырт. Фæсидт районты, горæты разамонджытæм, цæмæй сыгъдæгдзинадыл архайой. «Худинаг нын нал у, æви? Сахуыр стæм уыцы фыдуынд, æвидауц хъуыддæгтыл? Нæ республикæмæ, нæ горæтмæ æрбацæуæнтæм базилут!» — бафæдзæхста республикæйы разамонæг. Хицауады æмбырдмæ хаст фарстатæ баст уыдысты республикæйы социалон-экономикон уавæр банывылимæ. Æмбырд амыдта Хицауады Сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Тускъаты Таймураз. Фæллой æмæ социалон рæзты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Хъесаты Игорь куыд бамбарын кодта, афтæмæй сбæлвырд ис 2016 азы I кварталæн республикæйы граждæнты сæйраг социалон-демографион къордты фæцæрыны æппынкъаддæр бæрц. Иу удæн у 8701 сомы; куыстхъом адæмæн — 9179 сомы; пенсиисджытæн — 7035 сомы; сывæллæттæн — 8997 сомы. Адæмæн куыстдæттыны комитеты сæрдар Къаболаты Ларисæ æмбырдмæ рахаста «РЦИ-Аланийы 2016 азмæ конд фæллойы базары карздзинад фæлæмæгъдæр кæныны охыл уæлæмхасæн мадзæлтты» паддзахадон программæ. Йæ ныхасмæ гæсгæ, фæллойы базары уавæр у карз, уый та баст у экономикон авналæнтимæ. Æрмæст 2015 азы куысты бынæттæ фæкъаддæр сты 50 проценты бæрц. Службæмæ сæ бæрæггæнæнтæ цы 120 куыстуаты балæвæрдтой, уыдонæй 110 сæ куыстæй суæгъд кæндзысты мин адæймагæй фылдæр. Къаболаты Ларисæ ма æрхаста æндæр бæрæггæнæнтæ дæр. Уыимæ, уавæр фæхуыздæр кæнынæн программæмæ цы мадзæлттæ хаст æрцыд, уыдон дæр. Парламенты Сæрдары фыццаг хæдивæг Къесаты Станислав куыд бафиппайдта, афтæмæй комитеты сæрдар ацы ахсджиаг хъуыддæгтæ рæгъмæ хæссы æппынæдзух, фæлæ ивддзинæдтæ нæма ис. «Æвæццæгæн, æппæт дæр сентябр-октябрмæ æнхъæлмæ кæсынц», — загъта Къесайыфырт. Æмбырды ма равзæрстой æндæр ахсджиаг фарстатæ дæр.

11БУТАТЫ Эльзæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here