Цытджын Уæлахиз. Нæ иумæйаг Уæлахиз

0
704

Дзæуджыхъæуы Сабырдзинады проспект 9 майы иу кæронæй иннæмæ уыд бæрæгбонвæлыст. Бирæ адæм, хистæрæй-кæстæрæй, кæрæдзийæн арфæтæ кæнгæйæ, цыдысты æфсæддон парад фенынмæ. Алчидæр йæ хæсыл нымадта, нæ Цытджын Уæлахизы 71 азы бæрæгбоны бацархайын. Горæты паркмæ æввахс фенæн уыд нæ буц ветеранты хуызистытæ, хуымæтæг салдатæй булкъоны онг. Æнæрлæугæ сæ рæзты ничи цыд. Диссаджы райдзаст бон скодта, рæсугъд фæлыст уыд Сæрибары фæз, дидинджытæ, тымбылæгтæ, тырысатæ, циндзинад.

10 сахатыл трибунæмæ схызтысты РЦИ-Аланийы разамынд æмæ кадджын уазджытæ. Фæзы сæрыстырæй лæууыдсты хицæн æфсæддон хæйтты минæвæрттæ. Æфсæддон афицертæ фæзмæ рахастой Уæрæсейы, Уæлахизы æмæ Гæрзифтонг тыхты тырысатæ. Хуссайраг æфсæддон зылды 58-æм æфсады командæгæнæг Андрей Гурулев æрзылд, парады рацæуынмæ цæттæйæ чи лæууыд, уыцы колоннæтыл. Арфæ сын ракодта советон адæмы Уæлахизы 71 азы фæдыл. Сæрибары фæзы цалдæр хатты анæрыд дæргъвæтин «Ура!». Ацы змæлд иууылдæр æвдыст цыдис стыр экраныл. Нæ республикæйы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Битарты Вячеслав парадмæ æрбацæуæг адæмæн зæрдиаг арфæ ракодта. — Абон у стыр æмæ кадджын бæрæгбон. Фыдыбæстæйы Стыр хæст бирæ зындзинæдтæ бавзарын кодта нæ бæстæйæн. Хæстон фæндæгтыл чи фæцыд, уыдон хъæбатырдзинад равдыстой Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнгæйæ, цæмæй нын ацы рухс бон балæвар кæной. Зынаргъ ветерантæ! Сымахæй алчидæр йæ зæрдæйы хаста Фыдыбæстæмæ уарзондзинад, æцæг патриотизм æмæ Уæлахизыл æууæнкдзинад, — загъта Битарты Вячеслав. — Мах сæрыстыр стæм нæ хъæбатыр æмзæххонтæ Плиты Иссæйæ, Иван Фесинæй, Советон Цæдисы 79 Хъæбатырæй. Сæ нæмттæ рох никуы уыдзысты. Битары-фырт фæсидтис фæсивæдмæ: «Нæ ныфс, нæ фидæн, æхсæнады сæйраг тых сымах стут, тырнут зонындзинæдтæм, уарзут æмæ лæггад кæнут Райгуырæн бæстæйæн, хистæрты кад æмæ фарн дарддæр иннæ фæлтæртæм хæссут. Абоны ветерантæн мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад, амонд æмæ зæрдæрухс цард. Нæ сæртæй уын ныллæг кувæм. Уæлахизы боны хорзæх нæ уæд! Ура!” Фæзы азæлыд дæргъвæтин «Ура!» Æфсæддон оркестр ныццагъта æмæ райхъуыстысты бæстæйы, стæй та нæ республикæйы Гимны зæлтæ. Райдыдта Цытджын Уæлахизы 71 азы кадæн æфсæддон парад. Байгом æй кодтой Суворовон училищейы æвзонг барабанщиктæ. Парады æппæты разæй рацыдысты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты, Гæрзифтонг тыхты æмæ фæсчъылдымы фæллойадон фронты ветерантæ, хъазахъæгтæ. Колоннæйы сæргъы — республикæйы Ветеранты советы сæрдар, авиацийы инæлар-майор Къаболаты Солтан, хæсты ветерантæ, нæ буц хистæртæ Магкæты Исрафил, Гулуты Хизир æмæ иннæтæ. Иу колоннæ иннæйы ивта. Фæстæдæр Сæрибары фæзы рацыдысты рог æмæ уæззау хæстон техникæйы хуызтæ. БМП-тæ, гаубицæтæ, зениткæтæ, реактивон системæ «Торнадо», цалцæггæнæн-эвакуацион машинæ «Урал»тæ. Адæм сæм кастысты стыр цымыдисæй. «Славянкайы» маршæй æфсæддон оркестр стъæлф сæвæрдта парадæн. Уыцы рæстæг «Уæлахизы трамвай», — йæ бæлццæтты цыбыр балцы аласта проспекты. Фæлæ бæрæгбон нæма ахицæн, адæм сæ рæстæг æхсызгонæй æрвыстой, хъуыстой музыкæмæ. Парады кадджын уазæг, Фыдыбæстæйы хæсты ветеран Тотраты Виктор 17-аздзыдæй райста хæцæнгарз. 1942 азы 337-æм æхсæг дивизийы сгарæг ротæимæ уæгъд кодта Райгуырæн бæстæ цыфыддæр знагæй. Уæззау цæф фæцис, бахауд госпитæлмæ, фæлæ йæ къæхтыл куы слæууыд, уæд та æвæстиатæй тохы быдырмæ ацыд. Уæлахизы боныл сæмбæлд Польшæйы арæнтыл, хорз хъуыды кæны, куыд æнæкæрон цин кодтой иууылдæр. Ногираг лæппумæ хæдзары æнхъæлмæ кастысты йæ мад æмæ йæ дыууæ хойы. Хъæбатыр ирон лæгæн йæ риуыл цæхæртæ калдтой йæ бирæ хæрзиуджытæ. Виктор дарддæр дæр йæ цард сбаста æфсадимæ. Хæсты фыццаг бонæй йæ фæстаг бонмæ хъæбатырæй хæцыдис хæзныдойнаг æрыгон лæппу Тубеты Тасо. Сæ фыды рухс ном хъуыды кæнгæйæ, Уæлахизы боныл цин кодтой йæ чызг Светæ, йæ фырт, булкъон Тубеты Марат æмæ уыдоны кæстæртæ. Ирыстон кадджынæй сбæрæг кодта Уæлахизы 71 азы бон. Бирæ рæсугъд мадзæлттæ арæзт æрцыд бæрæгбоны кадæн. 8 майы, РЦИ-Аланийы Хицауады уæнгтæ, Парламенты депутаттæ, Дзæуджыхъæуы администрацийы æмæ районты минæвæрттæ, дидинджытæ сæвæрдтой хæстонты ингæнтыл, Намысы аллейы, Барбашовы цыртдзæвæныл, Уæлахизы фæзы, Дзæуджыхъæу-Хæстон намысы горæты уыцы стелæйыл æмæ иннæ рæтты. Уыцы бон Ирон академион театры бæрæгбоны фæдыл уыдис кадджын æмбырд. 9 майы, парады фæстæ, РЦИАланийы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Битарты Вячеслав ресторан «Ирыстон»-ы кадджын уавæры суазæг кодта Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеранты.

ГУГКАТЫ Жаннæ
Къамтæ систа КЪÆБЫСТЫ Харитон

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here