Операци «Æ»

0
1066

Афтæ схуыдтой, 15 майы — Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон театралон фæзы ног æхсæнадон организаци «Национ спорты, хъæзтытæ æмæ культурæйы хуызты федераци» цы хæрзаудæн акци сараздзæн, уый.

Акци аразджыты хъуыдымæ гæсгæ, йæ нысан у ирон æвзаг бахъахъхъæныны хъуыддагмæ сæхи æвæрæн бахæссын. Уый тыххæй развæлгъау скæнын кодтой æртæ хуызы (урс, сырх æмæ бур) цонгдарæнтæ. Алкæцыйыл дæр дзы фыст ис ирон æвзагимæ баст хъуыды. Иу цонгдарæн дзы кæны сæдæ сомы. Уæй сæ кæндзысты айдагъ Ирыстоны къуымты нæ, фæлæ Мæскуыйы æмæ Бетъырбухы дæр. Æрæмбырдгонд æхцайы фæрæзтæй ирон æвзагмæ ратæлмац кæнын кæндзысты абоны рæзгæ фæлтæры ‘хсæн æппæты уарзондæр аргъæуттæ (мульткинонывтæ). Уымæн æмæ æмбæхсинаг никæмæй у, сывæллæттæ æппынæдзух телевизор æмæ Интернеты тыгъдадæй иуварс кæй нæ цæуынц, уый. Уæлдайдæр та скъолайы агъоммæйы сабитæ. Сæ уарзон мульткинонывтæ ирон æвзагыл куы уой, уæд æй алы ныййарæгæн дæр йæ бон уыдзæн сывæллонæн скæнын. Уымæ кæсгæйæ саби хъусдзæн ирон ныхас, йæ зæрдыл дардзæн ирон дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ. Æмæ куыд рæза, афтæ дзы арæхстджынæй пайда кæндзæн. Акцийы нысан комкоммæ у хæрзаудæн. Йæ саразджыты фарсмæ балæууыдысты ахæм æхсæнадон змæлдтытæ куыд «Ирон æвзаг лæвар ахуыр кæныны скъола — студи «Æ», «Ног фæлтæр», «Ирыстоны фидæн», «Портал», «Иудзинад», «Школа инноваций, экономики и права», Ирон æвзаджы клубтæ (Мæскуы, Бетъырбух) æмæ æндæртæ. Адонæй уæлдай ма се ‘ххуысы хай бахастой Цæгат Ирыстоны паддзахадон академийы, Дзæуджыхъæуы Разамынды университет, Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институт æмæ иннæ уæлдæр æмæ астæуккаг ахуыргæнæндæтты студентон къордтæ. Ацы арфæйаг хъуыддаджы фæсивæды фарсмæ æрбалæууыдысты нæ республикæйы Национ хъуыддæгты, Ахуырад æмæ наукæйы, Культурæйы министрадтæ, Фæсивæды хъуыддæгты комитет. Йæхи ирон чи хоны, æмæ ирон æвзагыл стырзæрдæ чи нæ у, йæ мадæлон æвзаг ныхасæй нæ, фæлæ зæрдæйæ чи уарзы, уыдон дæр бахæсдзысты сæхи æвæрæн æвзаджы рæзтмæ.

КАСАТЫ Аслæнбег

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here