Хъæбатыртæ рох не сты

0
430

 

Æппæтуæрæсеон адæмон фронты акци «Герои среди нас»-ы архайгæйæ, цæгатирыстойнаг командæ «Молодежка ОНФ»-йы минæвæрттæ банывыл кодтой, 2004 азы 3 сентябры Беслæны фыццæгæм скъолайы фыдбæллæхы чи фæмард, сæрмагонд нысаниуæджы къорды уыцы æфсæддонты аллей.

Беслæны амынæтты сæрибар кæныны фæдыл хæстон операцийы рæстæг чи фæмард, Хъæбатырты аллей сарæзтой уыцы 10 æфсæддоны кадæн.

Акцийы зæрдиагæй архайдтой Уæрæсейы Хъæбатыр Валерий Куков, педагогон колледжы студенттæ, стæй бархионты экологион змæлд «Добровольцы Кавказа»-йы уæнгтæ.

Ивгъуыд азы фæззæджы æхсæнадон организациты уæнгтæ æмæ Беслæны фыццæгæм гимназы ахуырдзаутæ æфсæддонты рухс нæмтты кадæн ныссагътой сырх тулдзы 50 талайы. Афæдзы дæргъы Адæмон фронты активисттæ талатæм зылдысты, дон сыл кодтой, — зæгъы Фронты регионалон штабы уæнг Æлдаттаты Алан.

— Сæрмагонд нысаниуæджы æфсæдтæй афтæ бирæ адæм фæхъуыд фыццаг хатт. Фæмардуæвджыты ‘хсæн уыдысты æртæ бырсæг къорды æппæт командиртæ: «Вымпел»-ы уæнгтæ, дæлбулкъонтæ Олег Ильин æмæ Дмитрий Разумовский, стæй «Альфа»-йы уæнг, майор Александр Перов, лейтенант Андрей Туркин. Сæ амæлæты фæстæ сын радтой Уæрæсейы Хъæбатырты нæмттæ. Рæмыгъдæй æртæ амынæты ирвæзын кæнгæйæ, Туркин йæ буарæй æрæхгæдта, террорист кæй фехста, уыцы гранат, — загъта Валерий Куков.

Ацы хатт акцийы архайджытæ цы талатæ ныссагътой, уыдон радта паддзахадон кусæндон «Аланиялес». Фæхæцæг æрыгон бæлæстæ чъырæй рацагътой, кæрдæг ныккарстой, стæй, службæйы хæстæ æххæстгæнгæйæ чи фæмард, Уæрæсейы уыцы Хъæбатыр Джыбылаты Зауыры номыл аллей дæр бабиноныг кодтой.

БÆДТИАТЫ Оксанæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here