Ираны сæйраг горæт Тегераны ивгъуыд къуыри уæгъдибар хъæбысхæстæй цыдысты дунеон чемпионаты ерыстæ гоби богæлтты æртæ кары ‘хсæн. Уæрæсейы иугонд командæты æмткæй райсгæйæ уыди фараст ирыстойнаг богалы, æмæ дзы астæй систы хорзæхджынтæ.
Æрыгæтты (1999-2000 азты гуырдтæ) ерысты хорз рахæцыд Санаты Георгийы хъомылгæнинаг Бадриаты Натан. 63 килограммы онг уæзы Натан æнæкъуылымпыйæ фæуæлахиз йæ фондз ныхмæлæууæгыл дæр æмæ ссис дунейы чемпион. Ацы кары богæлтты ерысты ма 3-аг бынат æмæ бронзæ майдан рамбылдта Гæбæраты Асланы хъомылгæнинаг Кочиты Ацæмæз (85 кг). Фæсивæды (20 азы онг кары) ерыcты 2-аг бынат æмæ æвзист майдан рамбылдта Тезиаты Аланы хъомылгæнинаг Хетъеты Артур (85 кг), Токты Руслан та 55 килограммы онг уæзы бацахcта 3-аг бынат (тренер Хуыгаты Эльбрус). Асдæр богæлтты ерысты Уæрæсейы командæйы хæцыдысты нæ зындгонд богæлттæ: дунейы æмæ Олимпаг хъæзтыты чемпион Хуыгаты Хъазыбег (йæ тренер Хуыгаты Эльбрус), Олимпаг хъæзтыты уæлахиздзау Дзебысаты Вячеслав (тренер Гæбæраты Аслан), Европæ æмæ дунейы чемпион Кучиты Алан (тренер Тезиаты Алан), Уæрæсейы чемпионтæ Моурауты Сослан (тренер Гæбæраты Аслан) æмæ Бийсултан Абакаров (тренер Гæбæраты Аслан). Нæ богæлтты тренертæй иу — Тезиаты Алан ерысты тыххæй радзырдта: «Æз бирæ ерысты уыдтæн алы бæcтæты. Уыди дзы-иу фенæн тæрхонгæнджыты рæдыдтытæ дæр, фæлæ Тегераны куыд æргом хæрам кодтой, ахæм диссæгтæ никуы федтон. Зæгъæм, нæ уæззаууæзон Кучиты Алан ирайнаг богалимæ куы хæцыд, уæд, мах нымадмæ гæсгæ, хыгъд хъуамæ уыдаид 12:2 Аланы пайдайæн. Туркаг æмæ ирайнаг тæрхонгæнджытæ та тохы цыд афтæ схылы-мылы кодтой, æмæ æппынфæстаг цыма богæлтты хæст 6:6-æй ахицæн ирайнаджы пайдайæн, ахæм тæрхон рахастой. Ноджы ма ирайнаг богал йæ къухтæ цæмæйдæр сахуырста æмæ дзы Аланы цæстытæм фæхæццæ кодта. Уымæн йæ цæстытæй дзæбæх кæсын иуцасдæр йæ бон дæр нал уыд. Афтæмæй Кучийы-фырт ацы хатт æнæ хæрзиуæгæй баззад. Нæ иннæ лæппутæн дæр, кæд афтæ тынг нæ, уæддæр сабыргай хæрам кодтой. Ахæм уавæрты ма нæ богæлттæн бантыст 2 сыгъзæрин, 1 æвзист æмæ 1 бронзæ майданы рамбулын. Сыгъзæрин майдантæ рамбылдтой Бийсултан Абакаров (57 кг) æмæ Хуыгаты Хъазыбег (85 кг). Сыгъзæрин майданы аккаг уыд Дзебысаты Вячеслав (97 кг) дæр, фæлæ уый дæр тæрхонгæнджытæ бахъыгдардтой, æмæ æрлæууыд 2-аг бынатыл. Æртыккаг бынат ма бацахста Моурауты Сослан (70 кг). Нæ балц уыди Бакуйыл, æмæ нæ уым хорз суазæг кодтой не ‘мбæстæгтæ, нæ зындгонд богæлттæ Гозымты Хетæг æмæ Æлборты Аслан». Куыд базыдтам, афтæмæй Уæрæсейы гоби богæлтты иугонд командæйы сæйраг тренер Владимир Горинов Тегераны чемпионаты тæрхонгæнджыты архайдыл хъаст бахаста Уæрæсейы хъæбысхæсты федерацийы президент Михаил Мамиашвилимæ, цæмæй уый Дунеон хъæбысхæсты федерацийы æркæсын кæна тæрхонгæнджыты куыстмæ. Гъе, ахæм уавæрты нæ лæппутæн уыйбæрц хæрзиуджытæ кæй бантыст рамбулын, уый у арфæйы аккаг, æмæ нын сæ цæрæнбон бирæ уæд!
БАСКАТЫ Уырызмæг













