Мæздæджы уынгты азæлыдис зарæг

0
814

Амæй размæ куыд хъусын кодтам, афтæмæй нæ республикæйы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг БИТАРТЫ Вячеслав рахаста уынаффæ, цæмæй ацы аз Фæсивæды бæрæгбоны сæйраг мадзæлттæ конд æрцæуой нæ республикæйы æппæты дарддæр горæт Мæздæджы.

Бæрæгбон рауад хъæлдзæг æмæ зæрдæмæдзæугæ. Архайдтой дзы æрмæст Мæздæг æмæ Мæздæджы районы фæсивæд нæ, фæлæ Кировы, Алагиры, Дыгуры районты æмæ Дзæуджыхъæуы фæсивæды минæвæрттæ. Æмткæй райсгæйæ, Мæздæгмæ цы делегаци ацыд, сæ сæргъы Хицауады Сæрдары хæдивæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Огъуаты Алан, республикæйы фæсивæды комитеты сæрдар Цæлыккаты Барис, районты сæргълæуджытæ æмæ хæдивджытæ, уым уыдис фондзсæдæ адæймагæй фылдæр. Бæрæгбоны фыццаг хай цæлхæмбырды хуызы ацыд Мæздæджы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы бæстыхайы. Ам районты разамонджытæ фехъусын кодтой, цы мадзæлттæ арæзт сæм цæуы фæсивæды хъомылады фæдыл, уый тыххæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, кæцыдæр хъуыддæгтимæ Огъуайы-фырт разы нæ уыд æмæ сын загъта, цæмæй хъуагдзинæдтæ цыбыр рæстæгмæ аиуварс кæной… Цæлхæмбырд куы фæци, уæд Огъуаты Алан æмæ Цæлыккаты Барис республикæйы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Битарты Вячеславы æмæ фæсивæды комитеты номæй Кады грамотæтæ æмæ Арфæйы гæххæттытæй схорзæхджын кодтой уазджыты æмæ фысымты… Изæры авд сахатыл Мæздæджы сæйраг фæзы, Культурæйы галуаны раз райдыдтой бæрæгбоны мадзæлттæ. Æппæт фæсивæдæн дæр бæрæгбоны фæдыл раарфæ кодта Цæлыккаты Барис. Загъта сын, цæмæй фæсивæды сæрмæ кæддæриддæр дзаг цæстæй кæса хур æмæ сæ тава йæ фæлмæн тынтæй… Уыцы изæр ма сценæйыл фенæн уыд, куыд мæздæггаг, афтæ æрцæуæг артистты дæр. Се ‘ппæт дæр равдыстой сæ арæхстдзинад. Алчидæр дзы баззад разыйæ. Мæздæгмæ чи ацыд, уыдоны æхсæн уыдысты хæрзаудæн фонд «Быть добру»-йы минæвæрттæ дæр. Семæ сывæллæттæн нылластой Нарты кадджыты нывтæм гæсгæ арæзт хайгай æмбырдгæнгæ нывтæ (пазлтæ) æмæ блокноттæ. Сывæллæттæ ахæм лæвæрттæй разыйæ баззадысты.

КАСАТЫ Аслæнбег

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here