Дзæуджыхъæуы горæты администрацийы фæсивæды политикæ, физикон культурæ æмæ спорты комитеты хъæппæрисæй цы акци арæзт æрцыд — «Зарядка с чемпионом», уый фæлгæты 14 июлы Сывæллæтты социалон реабилитацийы центр «Доброе сердце»-йы хъомылгæнинæгтæм уазæгуаты уыд нæ зындгонд профессионалон боксер Гасситы Мурат.
Фæсивæды ‘хсæн дунеон чемпион, ныртæккæ йæхи цæттæ кæндзæн дунейы чемпион Денис Лебедевимæ тохмæ. Фæлæ сывæллæттимæ фембæлынмæ нæ фæзивæг кодта. Уый нæ, фæлæ йæхæдæг куыд загъта, афтæмæй ма йын йæ зæрдæйы ацы фембæлд цыдæр рухсдзинад дæр бауагъта. Центры хъомылгæнинæгтæ Мураты æрбацыдмæ сæхи зæрдиагæй бацæттæ кодтой. Уый центры къæсæрæй куы æрбахызти, уæд ыл сæмбæлдысты къухæмдзæгъдимæ. Центры директор Таисия Печенкина æмæ иннæ ахуыргæнджытæ Гассийы-фыртимæ фыццаг хатт не ‘мбæлынц. Уый сын сæ хъомылгæнинæгтимæ амæй размæ дæр ма сæмбæлд лагерон ахуырты æмæ дзы тынг разыйæ баззадысты. Таисия Печенкина загъта: «Нæ сывæллæттæ тынг бауарзтой Мураты. Уый нæм фыццаг хатт куы уыд, уæд семæ ахæм хъæрмуд ныхас кодта æмæ йыл уыдон уайтагъд баууæндыдысты. Мæнмæ гæсгæ, Муратмæ ис æцæг хъомылгæнæджы курдиат». Æмæ, æцæгæйдæр, сывæллæттæ Мураты алы дзырдмæ дæр хъуыстой цымыдисæй. Сæхæдæг ын зард æмæ кафтæй «æгасцуай» куы загътой, уæд сын уый фæстæ Мурат раарфæ кодта æмæ семæ райдыдта физкультурæйы урок. Кæд хур тынг тавта, уæддæр сывæллæттæ зæрдиагæй архайдтой, Мурат сын цы амыдта, уыдон æххæст кæныныл. Бæрæг уыд, йæхицæн дæр æхсызгон кæй у сывæллæттимæ кусын, уый æмæ йæ куы бафарстам, уæд загъта: «Æцæгæйдæр, ахæм сывæллæттимæ фембæлын æмæ сæ сæхицæн пайдайы хъуыддагыл фæцалх кæнын арфæйаг хæс у алкæмæн дæр. Исты сын куы амонай æмæ уыдоны цымыдисаг цæстæнгас куы уынай, уæд уымæй хуыздæр цы ис?» Дзæуджыхъæуы администрацийы фæсивæды, физкультурæ æмæ спорты комитеты сæрдары хæдивæг Гуыдиаты Батрадз: «Ацы акци тынгæй-тынгдæр цæуын байдыдта сывæллæтты хæдзæртты æмæ скъолаты хъомылгæнинæгты зæрдæмæ. Æхсызгон у, нæ зындгонд спортсментæ æнæзивæгæй кæй сразы вæййынц махимæ, уый. Гассийы-фыртæй куы зæгъæм, уæд уый фыццаг хатт не ‘мбæлы сывæллæттимæ. Сывæллон зæрдæ зонаг у, æмæ йыл уайтагъд кæй ацахуыр вæйынц, уый бирæйыл дзурæг у». Мурат физкультурæйы урок куыд амыдта, уымæ кастысты: РЦИ-Аланийы фæллойы æмæ социалон рæзты министры хæдивæг Моргуаты Жаннæ, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы цур сывæллоны барты æвджиддар Кокайты Артур æмæ иннæ æрбацæуæг адæм. Се ‘ппæт дæр разыйæ баззадысты ацы фембæлдæй æмæ Мураты урокæй. Йæ размæ цы стыр нысан сæвæрдта, дунейы æппæт чемпионты рæттæ дæр рамбулын, уый йын бантысæд!
БАСКАТЫ Уырызмæг, авторы ист къам














