Æргом ныхас адæмимæ

0
1055

Æндæрæбон, 19 июлы, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг БИТАРТЫ Вячеслав фембæлд Дзæуджыхъæуы хуссарварс хъæутæ æмæ поселоктæ: Бæлта, Цми, Уæллаг Ларс, Эзми, Дæллаг Ларс, фыццаг æмæ дыккаг Реданты цæрджытимæ

Фембæлды ма архайдтой РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдары фыццаг хæдивæг Къесаты Станислав, республикæйы прокурор Владимир Векшин, Паддзахадон Думæйы депутат Мæхъиты Зураб, республикæйы пъæлицæйы сæргълæууæг Сергей Гончаров, Парламенты депутат Гæбæраты Юри, Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæджы хæдивджытæ Таматы Майрæн æмæ Фæрниаты Тамерлан, Олимпаг хъæзтыты 3-хатты уæлахиздзау Таймазты Артур, Дзæуджыхъæуы Терчы Галиуфарсы муниципалон зылды префект Алæгаты Хъазыбег æмæ æндæр бæрнон кусджытæ. Æрбацæуæг адæмы суазæг кодта Бæлтайы скъола. Йæ директор Ингæ Бучукури цæрджыты номæй раарфæ кодта уазджытæн æмæ цыбырæй радзырдта ацы хъæуты æмæ бынæтты равзæрд æмæ ахадындзинады тыххæй. Битарты Вячеслав æмбырдмæ æрбацæуджытæн радзырдта фембæлды нысаны тыххæй: «Иууылдæр æй зонут, нæ республикæ цы социалон æмæ экономикон уавæры бахауд, уый. Нæ сыхаг республикæтимæ абаргæйæ, мах уавæр рауад ноджы уæззаудæр. Суанг ма бюджетон кусджытæн мызд цæмæй бафыстаиккам, уый дæр нал уыд. Уыцы уавæрæй цæмæй фервæзæм, уый тыххæй нæ бахъуыд нæ федералон хицауадæй æххуыс ракурын. Уыцы цъысымæй кæд раирвæзтыстæм, уæддæр нын нырма лыггæнинаг фарстатæ бирæ ис, æмæ мах, нæ бон цы у, уымæй сыл кусæм. Нæ къухы бафтыд, нæ республикæйы хъæугæ цалдæр социалон æмæ культурон проекты федералон программæтæм бахæссын. Уæрæсейы хицауад нæм уый тыххæй æхцайы фæрæзтæй фæкæсдзæн. Мах хъуамæ уыцы æхцайæ иу сом дæр дзæгъæлы ма схардз кæнæм. Уыцы æхцатæй цы саразæм, уый хъуамæ адæм уыной æмæ дзы пайда кæной. Саразын нæ бирæ хъæуы, афтæ куы зæгъон, тагъд сæ ацараздзыстæм, зæгъгæ, уæд уый уыдзæн гæды ныхас, фæлæ кæнæн кæмæн ис, уыдон та æвæстиатæй хъуамæ аразæм. Мах ардæм дæр уый тыххæй æрбацыдыстæм æмæ уæм байхъусæм, цы ныстуантæ уæм ис, цавæр æвæстиатæй лыггæнинаг хъуыддæгтæ уæ тыхсын кæнынц, æмæ уæм цавæр фæндтæ ис уæ царды уавæртæ фæхуыздæр кæныны охыл. Нæ ныхас хъуамæ уа æргом». Битары-фырты раныхасы фæстæ, иу иннæйы ивгæйæ, цæрджытæ дзурын райдыдтой сæ абоны риссаг фарстатыл. Фыццаджы дæр, стыр арфæ ракодтой ацы æмбырдмæ сæм чи æрбацыд, уыцы бæрнон кусджытæн. Хистæртæй иу йæ курдиаты размæ загъта: «Æз куы цæрын, уæдæй абонмæ нæ хъуыды кæнын, æмæ нæм республикæйы Сæргълæууæг ахæм фембæлдмæ æрбацæуа. Бузныг дын зæгъæм, Битары-фырт. Фæнды нæ базонын, кæд æмæ куыд арæзт æрцæудзысты нæ уынгтæ? Иннæ ахæм — нæ дыргъдзæхæрадæттæм дон кæцæй æрбауадзæм?». Бирæ уыдысты фæндæгтæ, цæрæн хæдзæрттæ сцалцæг кæныны, электрон тых 1-æм Реданты æмæ дыргъдзæхæрадæттæм бауадзыны, маршрутон такситæн æмбæлгæ уавæртæ саразын æмæ æндæр фарстатæ. Реданты цæрæг Санахъоты Иван æппæты риссагдæр фарстайыл нымайы, ацы ран цы бирæ лигъдæттæ æрцард, уыдонæн сæ хæдзæрттæ æмæ зæххы хæйттæ юридикон æгъдауæй сæхиуыл кæй нæ фыссынц, уый. Сывæллæттæн нæй спортивон фæзтæ, уынгтæ изæрыгон сты талынг. Йæ хæдзæрттæ абоны онг закъоныл конд кæмæн не сты, уыдонæй цалдæр сæ хъаст æрбахастой Битары-фырт æмæ республикæйы прокурор Владимир Векшинмæ. Реданты цæрæг Хъуылымбегты Сослан куыд загъта, афтæмæй сæ алфæмбылай хъæздыджытæ стыр галуантæ аразынц, фæлæ дзы мæгуыр лæг йæхицæн цæрæн къуым куы саразы, уæд уый æнæзакъоныл банымайынц. Ацы æмæ иннæ фæрстытæн дзуапп лæвæрдтой: Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Таматы Майрæн, республикæйы прокурор Владимир Векшин, РЦИ-Аланийы Парламенты сæрдары фыццаг хæдивæг Къесаты Станислав æмæ иннæ бæрнон кусджытæ. Хицæн курдиæттимæ чи æрбацыди, уыдонæн дæр Битарты Вячеслав йæхæдæг æмæ йе ‘ххуысгæнджытæ бæлвырд дзуæппытæ радтой. Фембæлдмæ æрбацæуджытæ разыйæ баззадысты сæ уазджытæй, цы ныхас дзы рауад, уымæй. Физкультурæйы ахуыргæнæг æмæ грекъаг-ромаг хъæбысхæсты тренер Емдзар Карелидзе загъта: «Адæмимæ Хицауад ахæм æргом ныхас куы фæкæнынц, уæд цыма сæ зындзинæдтæ дæр рогдæр фæвæййынц, афтæ фæкæсы. Битары-фырт æргом дзырд кæй у, уый тыххæй йыл адæм æууæндынц, æмæ йæ цæрæнбон бирæ уæд. Æз ма бузныг зæгъынмæ хъавын нæ горæты администрацийы сæргълæууæг Æлбегаты Барис æмæ Дзæуджыхъæуы Думæйы депутат Махъоты Дзамболатæн. Уыдоны фæрцы нæ хъомылгæнинæгтæн цалцæггонд æрцыд спортивон зал æмæ дзы ныр ис алы уавæртæ дæр. Абон ам цы бирæ фарстатыл уыд ныхас, уыдонæн се ‘мбис куы æрцæуой арæзт, уæд уый дæр уыдзæн стыр лæвар цæрджытæн».

БАСКАТЫ Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here