Джалганы цæрджыты æгъдау, дин сты ирон адæмæн хæстæг

0
1308

— Æрæджы уыдыстæм Дагестаны наукон балцы æмæ мæ фæндид, газеткæсджытæ куы базониккой нæ ацыды нысан æмæ цытæ федтам, уыдæттæ, — ахæм уыд «Рæстдзинад»-ы хæлар, арæх йæ хъуыдытæ, наукон хатдзæгтæ кæмæн мыхуыр кæнæм, Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртасæнты наукон институты хистæр наукон кусæг Сатцаты Эльбрусы ныхас. Уымæй ма хуыздæр цы уа, æмæ йæ, фыццагдæр, бафарстон балцы нысанæй.

МУЖСКОЕ СВЯТИЛИЩЕ DSC_0081— Афтæ рауад, æмæ институты хистæр наукон кусæг Хъуыссæты Зæлинæйæн йæ хо КоцитыАлиева Мæдинæ цæры Дербенты. Уымæй-иу фехъуыста, Дербентмæ хæстæг джалгайнæгтæ кæй цæрынц, æмæ сæ царды уаг, сæ культурæ, се ‘гъдæуттæ Дагестаны иннæ адæмыхæттытæй бæрæг кæй дарынц, уый. Зæлинæ фыццаг йæхæдæг ацыд хъæу Джалган бабæрæг кæнынмæ. Зæлинæ бацыд хъæумæ, базонгæ цæрджытимæ, сæ традицитимæ, диктофоныл ныффыста, цы æвзагыл дзурынц, уыдæттæ. Уыцы хабæрттимæ Дзæуджыхъæумæ куы сыздæхт, куы радзырдта йæ хъуыдытæ, куы мын байхъусын кодта се ‘взагмæ, уæд нæ хатдзæг уыдис ахæм: уырдæм нæ хъæуы ацæуын. Мæхæдæг персайнаг æвзаг, йæ диалекттæ хорз кæй зонын, уымæ гæсгæ гуырысхо нæ кодтон балцы нысаныл. Цалдæр азы нын фадат нæ уыдис ацы балцæн, фæлæ Хъуыссæты Зæлинæйы фæрцы, стыр бузныг ын, нæхи срæвдз кодтам æмæ Дербентмæ ацыдыстæм. Наукон экспедицийы æртыккаг уæнг уыд институты хайады разамонæг Тахъазты Федар. Тынг хорз ныл сæмбæлдысты Зæлинæйы хо Мæдинæ, йæ сæры хицау Исабек, сæ фырт Кямран, чызг Кямаля. Кямран йæхæдæг ахуыр кодта Ирыстоны, Медицинон академийы, зоны ирон æгъдæуттæ, æвзаг. Хорз нын æххуыс кодтой бинонтæ иууылдæр, сæ машинæйы-иу нæ аластой уыцы хъæумæ. Стыр бузныг сын фæуæд се ‘гъдау, сæ узæлдæй. Уый дæр ма мæ фæнды зæгъын, æмæ Мæдинæйæн йæ дербентаг сыхæгты ‘хсæн ис стыр кад, арæх-иу нæм æрбауадысты, хорз цæстæй нæм ракастысты. Дербент цы у, уымæй — историон бынат. Персайнаг æвзагыл йæ ном амоны «баст дуар», кæддæр уыдис персайнаг горæт. Рæстæг цыдис, æнусты фæстæ дзы ныр цæры бирæ азербайджайнæгтæ, лезгинтæ. Дербентæгтæ дæр зонынц Джалганы хъæуы цæрджытæ бынтон æндæрхуызон æгъдæуттыл хæст кæй сты, уый. Дыккаг бон араст стæм Джалганы хъæумæ. Дербентмæ дардæй зыны, ис бæрзонд рагъы фахсыл. Хъæуккæгтæ нæм æнхъæлмæ кастысты, хъæуыхицау ныл сæмбæлд, æмæ семæ райдыдтам ныхас кæнын, алцæмæй сæ фарстам. Уыцы ран бирæ азербайджайнæгтæ кæй цæры, уымæ гæсгæ Джалганы цæрджытæ паспортты фыст сты азербайджайнæгтæй. Афтæ, дам, рауад, цæмæй хицæн къордтæ ма уæм, уый тыххæй. Хорз зонынц азербайджайнаг æмæ уырыссаг æвзæгтæ, фæлæ дзурынц хи æвзагыл. Куыд зæлы, цы ныхæстæ дзы хъуыстон, уымæ гæсгæ у персайнаг æвзаджы рагон диалекттæй иу.

— Эльбрус, цæмæй ахуыргæндтæ æндæр республикæйы цæрæг адæмыхæттытимæ базонгæ уой, уымæн ма цавæр бындур хъуамæ уа?

— Уым бирæ адæмыхæттытæ цæры, фæлæ джалгайнæгтæ сæ иумæ дæр хæстæг не сты. Зæгъæм, таттæ, уыдон дæр персайнаг æвзагыл дзурынц, фæлæ хæст сты, кæнæ уираг диныл, кæнæ куыд пысылмæттæ сты — шииттæ. Хъуыды кодтон, кæд, зæгъын, джалгайнæгтæ дæр таттæй сты, фæлæ кæд се ‘взаг хæстæг у, уæддæр кæрæдзимæ ницы бар дарынц. Джалгайнæгтæ сты пысылмæттæ-суниттæ. Цы нын радзырдтой сæхи тыххæй? О, пысылмон диныл хæст, дам, стæм, фæлæ йыл уыйас æнувыд не стæм. Махæн, дам, ис хи кувæндæттæ. Сты авд дзуары. Цæмæй кувæн бынат фенæм, уый тыххæй нæ ахуыдтой сæ сæйраг кувæндоны бынмæ. Уыдис хъæуæй дарддæр хъæды кæрон. Сæ ныхæстæм гæсгæ, сæйраг зæд у нæлгоймаг, фæлæ йæм сылгоймæгтæ дæр кувынц. Уыцы ран ма федтам чысыл лæгæт, йæ хуылфмæ кæцæйдæр сабыргай тæдзы дон. У, дам, æвдадзы хосау, сылгоймагæн цот куы нæ æнтыса, адæймаг рынчын куы уа, уæд уырдæм цæуынц. Лæгæтмæ сылгоймагæн бахизыны бар нæй, нæлгоймæгтæй дзы исчи сисдзæн дон, æмæ сæм æй адæтдзæн нуазынмæ. Йæ тых, йæ хъомыс ын адæм сæхиуыл банкъардтой.

— Зæдмæ кувгæйæ сæхи куыд дарынц? Куыд æххæст кæнынц сæ куывд, цæимæ æрбацæуынц?

— Кувæндоны бын, куыддæриддæр æмбæлы, афтæ — хиуылхæст, уæзданæй дарынц сæхи. Æрбахæссынц тынг рæсугъд конд кæрдзынтæ. Ома, æрмæст хыссæйæ конд, йæ хуылфы ницы. Равдыстой нын, куыд æй фæкæнынц, уый дæр. Хыссæ тебæйы куы æрæвæрынц, уæд æй кардæй аст дихы акæнынц æмæ йæ афтæмæй сфыцынц, астæуæй дзы вæййы хуынкъ. Кувæндоны бынмæ хастой зиллаччы хуызæн иу кæрдзын. Фæлæ хъæуы ацæргæдæр сылгоймаг куыд радзырдта, афтæ кæддæр йæ фыны фехъуыста нæлгоймаджы хъæлæс, уый амыдта, ома, дам, кувæндоны бынмæ æртæ кæрдзыны хæссут. Сæ сæйрагдæр нымæцтæ сты иу, æртæ, фондз, авд. Кувæндоны бын уыцы кæрдзынтæ скувы нæлгоймæгтæй нымаддæр, зындгонддæр чи у, ахæм. Аргæвдынц фыс, адæм та, йæ бон кæмæн цы у, уыдæттæ æрбахæссынц. Кувæндоны бын ис фынг, æрбадæн бынæттимæ. Куыд ма нын загътой, афтæмæй ма бæрзонддæр ран ис ноджы ахсджиагдæр кувæндон, æмæ уый дæр тынг нымайынц. Хъæуы мидæг та ис стыр дур, йæ алыварс æмбонд, æмæ уый дæр у кувæн бынат, баст у сæ сæйраг зæдимæ. Уырдæм дæр афтæ кувынмæ цæуынц. Æппындæр сæм кувгæйæ карз нозт нæ вæййы, хорз сæм зайы сæнæфсир, æмæ иу заманты уымæй кодтой хуымæтæг адджын нозт. Фæлæ сын фæстæдæр иннæ адæмтæ бацамыдтой сæнæфсирæй сæн кæнын.

— Сæ цард арæзтæй, се ‘гъдауæй ма цы ис зæгъæн?

— Æрбацæуæгæн, æнæмæнг, сыстынц, сты тынг уазæгуарзаг, кæрдзындæттон, алкæй дæр сæ фæндыд мах барæвдауын, сбуц кæнын. Чындз сæм хистæрты цур йæ сывæллоны йæ хъæбысмæ нæ сисдзæн, фыд дæр хистæрты æмæ æцæгæлæтты цур йæ саби нæ барæвдаудзæн. Цалынмæ хæдзары зилæнтæ иууылдæр бакæна, уæдмæ чындз улæфынмæ нæ ацæудзæн. Чындз куы ‘рхæссынц, уæд æй къуымы слæууын кæнынц. Хæдзармæ куы ‘рбакъахдзæф кæны, уæд йæ размæ рахизы йе ‘фсин, чындзы æнгуылдз атъыссы мыдыкъусы, æмæ уый уыцы мыд афтæмæй райуары, уаты чи бады, уыдонæн. Архайынц сæхи адæмы ‘хсæнæй чындз курын, фæлæ сæм æндæр адæмыхæттытæй чи æрбафты, уыдоны уайтагъд се ‘взагыл сдзурын кæнынц. Сæхи мидæг дзурынц хи ‘взагыл, бахъахъхъæдтой йæ. Нæй сæм фыссынад, æрмæстдæр фæлтæрæй-фæлтæрмæ дзыхæйдзургæйæ лæвæрдтой се ‘взаг. Раздæр уыцы ран уыдис авд джалгайнаг хъæуы, фæлæ сабыргай-сабыргай фæкъаддæр сты, ис ма дзы æртæ. Джалганы чи цæры, сты авд мины, уыдон тынг фидар хæцынц се ‘гъдæуттыл, фæнды сæ зонын, кæцæй рацæугæ сты, чи уыдысты сæ фыдæлтæ, иннæты ‘хсæн се ‘гъдау бæрæг цæмæн дары. Ныронг сæхи никуы никæмæ раргом кодтой, фæлæ сын мах ныццыд уыдис æхсызгон, куырдтой нæ, цæмæй сын баххуыс кæнæм сæ рагисторион уидæгтæ раиртасынæн.

— Эльбрус, Дагестаны наукон кусджытæ куы бавналиккой кæнæ, кæд се ‘взаг рагон персайнаг диалектмæ хæстæг у, уæд та ирайнаг ахуыргæндтæ.

— Уырдæм ацæуыны фадат нын куы нæма уыд, уæд мæ зонгæ, ирайнаг ахуыргонд Хамид Казим-задемæ ныдздзырдтон. Ома, куы ссæуис æмæ семæ куы базонгæ уаис. Æцæгдæр ссыдис, фæлæ фæсарæйнагæн йæ бон уым дæргъвæтин рæстæг уæвын нæ уыд. Йæ ныхасмæ гæсгæ, бындурон хатдзæгтæ не скодта, фæлæ сæ персайнæгтæм хæрзхæстæг адæм йæ бон схонын нæу. Сæ бакаст у махмæ хæстæг, сты урсцъар, цъæхдзаст, сæрыхъуын дæр тар нæу. Æвæццæгæн, истори чи уарзы, ахæм адæймæгтæ цавæрдæр уæлæнгай æрмæг равæрынц Интернеты джалгайнæгты тыххæй. Фæлæ бындурон иртасæн æрмæг нæй, афтæмæй та ацы адæмы къорды равзæрд, сæ историон фæндаг, се ‘ууæлтæ, сæ дин, се ‘взаг, сæхи куыд дарынц, се ‘взаг куыд бахъахъхъæдтой, уыдон куыд нæ сты наукон иртасæнты аккаг?!

Хъæуы сывæллæттæ
Хъæуы сывæллæттæ

— Ахуыргонд иу балцæн бындурон хатдзæгтæ кæнынмæ нæ бавналдзæн, фæлæ уæддæр цавæр хъуыдыты ахасты дæ?

— Дербент у фидар, персайнæгтæ йæ мингай азты размæ сарæзтой лæбурджытæй, тыхджын хæстмондаг знæмтæй хъахъхъæныны нысанимæ. Уæд тынг тарстысты алайнаг æмæ хазарты æфсæддæй. Алантæ зындгонд уыдысты сæ хæстхъомдзинадæй, сæ ныфс æмæ сæ хъаруйæ. Чи зоны, цæмæй æфсæдты рæнхъытæ фæцудой, уый охыл персайнæгтæ архайдтой, сæ кæцыдæр къордæн хæрзты бацæуыныл, ома, мæнæ уын зæххытæ нæ фидары алыварс, æмæ дзы æрцæрут. Сæхи ‘рдыгæй сæ фæкæной, æмткæй райсгæйæ та, алайнаг æфсæдты иугæндтæ кæрæдзиуыл мауал хæцой, ныппырх уой — ахæм уыд, æвæццæгæн, сæ нысан. Афтæмæй чи зоны, аланты кæцыдæр хай уыцы бынаты æрцардысты, рæстæгимæ се ‘взаг цыдæрхуызон фæивта, фæлæ ма сæ бон баци, фæлтæрæй-фæлтæрмæ цы æгъдауыл хæст уыдысты уый бахъахъхъæнын. Ахæм хуызы ис ахъуыды кæнæн. Цæмæй бындурон иртасæнтæ скæнæм, уый тыххæй та хъæуы фæрæзтæ, авналæнтæ. Иннæ наукон экспедици хъуамæ уа æххæст лингвисттæй, этнографтæй, антропологтæй, историктæй, фольклорзонджытæй æмæ æндæр специалисттæй. Джалганы цæрджытæ нæм æхсызгонæй æнхъæлмæ кæсдзысты.

— Бузныг, Эльбрус, уæ балцы хабæрттæ, æцæгдæр, цымыдисаг сты.

Ныхас ныффыста БУТАТЫ Эльзæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here