«Аланский след» цæмæн? «Алайнаг фæд» цæуылнæ?! Национ телекомпани «Осетия — Ирыстон» цæмæн? «Национ телекомпани «Ирыстон» цæуылнæ? Æмæ ма бирæ ахæм «цæмæнтæ»… Уыйас сæмбырд сты, уыйбæрц тæлмац кæнæм, афтæ сафтид стæм, ницыуал баззад, ирон уд ма йæхиуыл цæмæй фæхæца, ахæмæй. Тæлмац та сæ кæнæм, Цæгат Ирыстоны цы ирæттæ цæры, уыдонæн. Туркæй, Сирийæ нæм ирон адæмы стырдæр æмбырдтæм чи ссæуы, уыдон ирон раныхасмæ фенхъæлмæ кæсынц. Мах та сын сыгъдæг уырыссаг æвзагыл радзурæм, дунейы алы къуымты цæрæг ирæтты куыд æмæ цæй бындурыл æрбангом кæнын хъæуы, уыдæттæ.
Уал азы Цæгат ИрыстонАланийы Хицауад æмæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламентæй дзыллæтæм иунæг хабар дæр иронау фыстæй никуы рарвыстой. Ивгъуыд азы кæрон Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев куысты бæрæггæнæнтæ бахынцыны охыл фембæлд уацхæсджытимæ. Ныхас кодта ирон æвзаг бахъахъхъæныны фарстатыл дæр. Уæд æй бафарстон, ахæм хъомысджын пресс-службæ уæм ис æмæ хъусынгæнинæгтæ, парламентон хабæрттæ иронау цæуылнæ фыссы, зæгъгæ. Афтæ бацин кодта, загъта, уый, дам, тынг хорз хъуыды у, æнæмæнг æй æххæст кæндзыстæм. Æвæццæгæн, кæцæй райдайой, уый нæ зонынц. Мах та, «Рæстдзинад»-ы кусджытæ, хицаудзинадмæ ирон, паддзахадон æвзагыл фыст хабæрттæм, документтæм куы æнхъæлмæ кæсиккам, уæд газет афæдз иу хатт дæр нæ рантысид. Ирон, уый, ома, æрмæст мыггаг æмæ ном хæссынæй нæу. Бирæ хæттыты фехъусæм, æндæр бæстæты аланты-ирæтты фæдтæ агурынмæ нæ республикæйы ахуыргæндтæ, киноисджытæ куыд ацæуынц, уый тыххæй. Уыцы киноэкспедициты чи вæййы, уыдон дæр ирон æвзагмæ ницы бар дарынц. Мыййаг сæм дард ран исчи куы æрхата, уе ‘взаг та куыд зæлы, куыд хъуысы, уый ма нын бацамонут, исты ма нын радзурут, зæгъгæ, уæд цымæ цы акæниккой?! «Куыд нæ нæм ис национ культурæ!» — æнæмæнг исчи фестъæлфдзæн. «Уæртæ нæ сывæллæттæ, нæ фæсивæд куыд кафынц, национ инструменттыл куыд цæгъдынц, уымæ ма акæсут», — зæгъдзæн афтæ. Фæлæ ма сæ искæимæ сыгъдæг ирон æвзагыл æрдзур, хъæуккæгтæй фæстæмæ, истæмæйты сæ афæрс, кæддæра цы фехъусис? Æвæццæгæн, уымæ æрцыдыстæм, æмæ алы куыстуаты дæр хъуамæ куыстмæ исой, ирон хъуыддæгтæ хорз чи зоны, ома, æвзаг, культурæ, æгъдау, уаг æмæ фæтк, ахæм иу специалисты. Фарон нæм бирæ уазджытæ ссыд Цæгат Кавказы федералон зылдæй, семæ Сергей Меликов (УФ-йы Президенты раздæры Æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы федералон зылды). Хъуыддæгтæ, ома, фембæлдтытæ, ныхастæ баст уыдысты Уæлахизы бæрæгбонимæ. Куыд уацхæссæг, афтæ мæнæн баргонд уыд, Намысы Мемориалы цы кадджын мадзæлттæ конд æрцæудзæн, уыдоны тыххæй ныффыссын. Се ссыдмæ ма рæстæг уыдис, афтæ мах, уацхæсджытæ, цалдæрæй æрбамбырд стæм Мемориалы цурмæ. Хъуыддагæн уым дзуапдæттæг уыдысты Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы кусджытæ, растдæр дзургæйæ — бæрнон сылгоймагчиновник. Ныртæккæ дис кæнын æнæфенддзинад у, фæлæ йæ хæлафы куы бауыдтон, уæд куыддæр асагъæс кодтон. Ссыдысты кавказаг нæлгоймæгтæ, æгъдау æмæ уаг цы у, уый ма чи ‘мбары, ахæмтæ. Æмæ сæ размæ ахæм фадыварцы сылгоймаг-чиновник куы рацæуа дидинджыты бастимæ, уæд нæ цымæ цы фæхондзысты? Кæд дæ уазджытæн æцæг аргъ кæныс, уæд, сæ размæ сылгоймаг хæлафы кæй рацыд, уымæй сæ цæмæн æфхæрыс? Уæвгæ, цы стæм, уый нæ схондзысты. Рамазан Абдулатипов, Юнус-Бек Евкуров, Рамзан Кадыров æмæ æндæр ахсджиаг уазджытæ, цы ‘мбæлдис Намысы Мемориалы, уый сæххæст кодтой. Чи зоны, уыцы сахъсылгоймаджы уынгæ дæр нæ фæкодтой, фæлæ ныл цымæ фындзы хуынчъытæ цæуылнæ уал ис? Кæд бæхылбадæг дæ, уæд куыд нæ ис куыстмæ хæлафы цæуæн? Кæнæ дæ кæд æвæды хъæдмæ сугмæ лæгæрдын хъæуы, дæ фæрæт дæ астæубосы тъыстæй, афтæмæй, уæд куыд нæ ис ахæм сылгоймаджы бамбарæн?! Цард æй æрæлхъывта, æмæ йæ лæджы хæлаф скæнын бахъуыд. Мах ног джиппы ничиуал рауадздзæн, фæлæ иугæр хицаудзинады органты кусыс, адæмимæ æмбæлыс, уæд ды дзурыс паддзахады, национ республикæйы номæй. Æмæ фæсонтæ, гуыбынтæ гом дзаумæтты, цыма дын дæ уæлæдарæс куыйты бал ныттыдтытæ кодта, афтæмæй нæ, фæлæ уай, дæ куысты бынат куыд амоны, ахæм дарæсы. Зын бауырнæн у, æмæ, зæгъæм, Цæцæны кæнæ Мæхъæлы, Дагестаны республикæты кадджын уазджыты размæ сылгоймаг-чиновник хæлафы рацыдаид. Зын бауырнæн у, æндæр национ республикæ, йе ‘мтугонты дунейы алы къуымтæй æмбырдгæнгæйæ, сæ ныхас, сæ архайд сæхи ‘взагыл ма кæной. Мах, Сирийы тугкалæн хæстæй тыхст, уырыд уæвгæйæ, цы ирæттæ слыгъд Ирыстонмæ, уыдоныл баузæлыны фаг дæр нæ систæм. Æрхонкæйы станицæйы сæ мигрантты хæдзары фæдардтам, афтæ дæр сын сæ дарддæры хъысмæтыл нæ бамæт кодтам. Ацыдысты, уæдæ уыцы къуымы хъуамæ цас фæбадтаиккой?! Былалгъæй дзурынмæ, кафынмæ, зарынмæ рæвдз стæм. Æрмæст нæ ирон уд нал ис. Цы йæ сусæг кæнæм. Уымæн та хос нæй, ахæм операцитæ нæма кæнынц.
БУТАТЫ Эльзæ













