ГАСАНТЫ Валери

0
2566

Хъӕлдзӕг куплеттӕ
Уӕлӕ нын хохы Джимара,
Йӕ алыварс та хортӕ тыд,
Ацы зарӕг уӕ чи зара,
Уый нал кӕндзӕни сонт рӕдыд.

Сымси дукани адавта,
Ныр ахӕстоны баддзӕни,
Ахӕм хъуыддаг ма чи хъава,
Йӕ бынат уым ыссардзӕни.

Арахъхъ нуазгӕ рацахстой,
Нӕ сыхаг лӕг Уӕхтӕнӕджы,
Ӕмӕ йӕ карзӕй бафхӕрдтой,
Уый та нӕ уыд хуымӕтӕджы.

Чырӕг телефон балхӕдтон,
Нӕ дзы ӕфсӕдын дзурынӕй,
Фӕлӕ мӕ сӕр куы бахъуыди,
Ӕфстау ӕхцатӕ курынӕй.

Нӕ фӕсивӕдӕй чидӕртӕ,
Ус курынмӕ нӕ тагъд кӕнынц,
Фӕлӕ ма уый хыгъд,о мӕ бон,
Сӕ даргъ хилтӕ дӕр нал дасынц.

Нал ӕфсӕст фӕливынӕй,
Мӕнгардӕй мулчытӕ расӕрфта,
Фӕлӕ уӕ бауырнӕд афтӕмӕй,
Мӕрдтӕм дзы ницы ахаста.

Заманхъулы сӕрмӕ ӕнусон цад,
Рӕстӕджы уӕзӕй куы басур и,
Кӕмӕ не рхауди уайдзӕф рад,
Фырхудӕгӕй уый басур и.

Уӕлӕ нын хохы Джимара,
Йӕ алыварс та хортӕ тыд,
Ацы зарӕг уӕ чи зара
Уый нал кӕндзӕни сонт рӕдыд.

Ныййарӕгӕн.
Фӕрнӕй цӕрай, мӕ ныййарӕг, ӕнусмӕ,
О макуы, макуы байсысӕд дӕ тых!
Дӕ хъӕбулӕн бӕллыс ӕдзух йӕ хорзмӕ,
Фӕнды йӕ, царды ма скъуырай дӕ ных.

Дӕ зӕрдиаг цин мӕнӕн куы у ӕвдадзау,
Дӕ фӕдзӕхстытӕй кӕсы мӕ удыл хур,
Куы дын бабӕззин амонды хуындзауӕн,
Тӕхуды мӕ дӕ сагъӕстӕ фӕсур!

Ныййарӕджы уарзт – табуйаг хъӕбулӕн,
Нӕ царды уымӕй стырдӕр хорзӕх нӕй,
О мады хурӕн макуы уӕд ныгуылӕн,
Цӕрай, мӕ мад ,сӕдӕ азмӕ фӕрнӕй,

Ыстыр бӕркад цӕуы дӕуӕн дӕ къухӕй,
Ӕдздзухӕйдӕр дӕ армӕй тӕдзы сой,
Мӕ цинтӕ мын ды банкъарыс дӕ удӕй,
Мӕ мидбылхудты ссарыс ды ӕнцой.

Ныййарӕгӕн лӕвар кӕнын мӕ зарӕг,
Уый кадӕн сты мӕ ныхас ӕмӕ дзырд,
Йӕ хӕрзтӕ йын ӕдздзух нӕ зӕрдыл дӕрӕм,
Нӕ сыгъдӕг уарзтӕй уӕд ӕдздзух рӕвдыд!

РЦИ–Аланийы адӕмон артист Мамсыраты Тасолтанæн
Нæ Иры хистæрты уæздандæр,
Зæххыл дæу хуызæн нæй дыккаг,
Табу кæныс ды намыс,фарнæн,
Дæ уды рухсæй судзыс арт.

Нæ циныл цин кæныс зæрдæйæ,
Нæ хъыгыл та зæрдæйæ хъыг,
Дæ азтæ ахизæнт сæдæйæ,
Æдзух бæркадджын уæд дæ фынг.

Нæ дзыллæйæн дæ ды хæрзхион,
Дæумæ æгæрон у сæ уарзт,
Ды дæ сæ амæндты цæдисон,
Æмæ сын макуы фен сæ маст.

Дæ зарджытæ зæрдæмæ хизынц,
Сæ зæлтæ рухс æмæ фæлмæн,
Лæгæн йæ уæнгты фæллад исынц,
Куы фестынц амонды тæмæн!

Фæрнæй æрвит æдзух дæ бонтæ,
Ирон хæдзæрттæм цин уац хæсс,
Дæу хуызæн хистæртæн сæ зондæй,
Куыд хæсса уды фарн рæз!

Гасанты Валерийы ныхӕстӕ,
Кокайты Барисы музыкӕ

Дзусаты Ибрагимы зарӕг
Кӕмӕн уыди ирон зӕхх йӕ къона, йӕ дарӕг,
Чи царди йӕ дзыллӕйы цинӕй,
Нӕ уыцы хъӕбатыр Ибрагимыл зарӕг
Ныззарӕм, цӕй, иумӕ ӕмбырдӕй.

Уый тохы цӕхӕры ӕвдыста лӕгдзинад,
Фыдгулы нӕмыгӕй нӕ тарсти,
Йӕ хӕстон ӕнӕрцӕф хӕдтӕхӕгыл тахти,
Уый дугты ӕмбисондӕн баззад.

Йӕ хӕстхъомдзинадӕй кӕй фӕкодта хайджын,
Йӕ тохы ӕмбӕлттӕ йӕ мысынц.
Цъӕх арв дын, Ибрагим ,ныййарӕгау– адджын,
Дӕ кады хъуыддӕгтӕ нӕм хъуысынц.

Заманхъулы хъӕуӕн йӕ намыс, йӕ кад дӕ,
Дӕ цардӕн йӕ райдайӕн Арыхъ.
Ам алы цӕрӕгӕн йӕ уды ӕрцардтӕ,
Дӕ фарнӕй сӕ зӕрдӕтӕ – хъацыд.

Хъӕбатыры номӕн о ма уӕд ныммӕлӕн,
Фӕлтӕртӕн йӕ хӕрзтӕ –фӕзминаг,
О рухсы фӕбадай,хъӕбатыр Ибрагим,
Дӕ зарӕг нӕ зӕххыл –цӕринаг!

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here