17 августы горæт Пятигорскы Цæгат Кавказы фæсивæдон форум «Машук»-ы уыд РЦИ-Аланийы бон. Ацы бæрæгбонмæ саккаг кодта республикæйы Хицауады Сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг ТУСКЪАТЫ Таймураз, фæсивæдон хъуыддæгты комитеты сæрдар ЦÆЛЫККАТЫ Барис, бастдзинад æмæ дзыллон коммуникациты комитеты разамонæг НАРТЫХТЫ Алыксандр æмæ Паддзахадон Думæйы депутат МÆХЪИТЫ Зураб. Нæ фæсивæды фарсмæ ма балæууыдысты Олимпаг хъæзтыты уæлахиздзаутæ ХУЫГАТЫ Алан, САНАТЫ Аидæ æмæ ТАЙМАЗТЫ Артур.
Тускъаты Таймураз ацы форумы фыццаг хатт кæй уыд, уымæ гæсгæ йæ фæсивæд базонгæ кодтой Машукы алфамбылайтимæ. Равдыстой йын Ирыстоны минæвæртты бæстыхай, æмæ иннæ республикæты делегациты кусæн бынæттæ дæр. Уымæй уæлдай йæ базонгæ кодтой республикæйы æнтыстдзинæдты равдыстытимæ: Хæххон Аграрон университеты æмæ Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институты студентты наукон куыстытимæ, Паддзахадон Марияйы номыл театры цæгатирыстойнаг филиалы æрмадзы кусджыты конд дзаумæттæ æмæ куклатимæ, Дзæуджыхъæуы аивæдты училищейы студентты къухæй конд ирон адæмы рагон гæрзтимæ. Экскурсийы фæстæ Тускъайы-фыртæн уыд фембæлд нæ республикæйы фæсивæдимæ. Алкæмæн дæр дзы бар уыд фарст раттынæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, фæрстытæ дзы уыд дзæвгар. Фæлæ се ‘ппæт бынтон раст нæ уыдысты. Нæ горæты уынгты иронау цæуылнæ уал дзурынц, æгъдау сæфтмæ цæмæн цæуы? Æрыгон лæппуйæн ацы фарстатыл йæ зæрдæ кæй риссы, уый бæргæ хорз у. Фæрстытæн Тускъаты Таймураз дзуапп радта, фæлæ, æвæццæгæн, Хицауадмæ æмæ адæммæ дæр уыцы ран бирæ хæстæ хауы. Тускъайы-фырты зæрдæмæ фæцыд сыгъзæрин луарæн заводы проект, йæ автор Александр Дубаев. Луаринагæн та æрхаста завод «Электроцинк»-ы æппарæнтæ. Йæ ныхасмæ гæсгæ заводы амфамбылай рæдзæгъдты ис дзæвгар сыгъзæрин æмæ æндæр æрзæт. Хъæуы сæ æрмæстдæр ссыгъдæг кæнын. Проект зынаргъ у, фæлæ йын разамонæг зæрдæ бавæрдта, хъус æм кæй æрдардзысты, уымæй. Ацы æмæ ма бирæ æндæр зæрдæмæдзæугæ проектты тыххæй радзырдтой Тускъаты Таймуразæн. Райхъуыст ма РЦИАланийы фæсивæды æфсæддонпатриотон хъомыладон центры хъомылгæнинæгты курдиат. Фæнды сæ, цæмæй сын радих кæной бынат, тренировкæтæн. Ацы фарсты Хицауады разамонæг Цæлыккаты Барисæн бахæс кодта, цæмæй сын цыбыр рæстæгмæ бацагура бынат. Нырма сæрд у æмæ сæ бон тренировкæтæ кæнын уынджы дæр у, фæлæ зымæгмæ дæр бирæ нал баззад æмæ уæд зындзинæдтæ æвзардзысты. Изæры ‘рдæм форум «Машук»-ы архайджытæй алкæмæн дæр фадат фæцис фембæлын æмæ фарст Олимпаг хъæзтыты уæлахиздзаутæм раттынæн. Кæм æрбамбырд сты, уыцы пъалаткæйы къух бакæнæн дæр нал уыд, нæ фæсивæдæй уæлдай дзы æрбамбырд сты иннæ республикæты минæвæрттæ дæр. Æхсызгон сын уыд лæгæй-лæгмæ фенын æмæ номдзыд богæлттæн сæ къух райсын. РЦИ-Аланийы бæрæгбоны кæрон форум «Машук»-ы архайæг фæсивæд æмæ уазджытæн равдыстой зæрдæмæдзæугæ концерт. Азæлыд дзы ирон фæндыры цагъд æмæ зард. Цыбыр ныхасæй, кæд бæрæгбоны цавæрдæр лыстæг хъуагдзинæдтæ уыд, уæддæр хъуыддæгтæ рауадысты хорз æмвæзадыл. Æмткæй райсгæйæ сæ адæймаджы зæрдæ рухс кодта.
КАСАТЫ Аламир