Фыццаг бынат — Æрхонкæйæн

0
770

Ирыстоны хъæбысы, хохæй быдырмæ, цы хъæутæ æрбынæттон ис, уыдонæй алкæмæн дæр ис йæхи истори. Адæймаджы хуызæн хицæн у сæ цардвæндаг, сæ хъысмæт. Æмæ кæд махæй бирæтæ стыр сахарты цæрынц, уæддæр уд æмæ зондæй вæййæм нæ райгуырæн хъæуы.

Æрвылазон республикон конкурс «Хуыздæр хъæууон цæрæн бынат» ныфсджын къахдзæфтæ кæны 2008 азæй нырмæ. Конкурсы уæлахиздзаутæн цы æхцайы премитæ раттынц уыдон, æнæмæнг, схардз кæнынц сæ хъæуты социалон-экономикон райрæзтыл, сæ аивдзинадыл, фæндæгты, хидты, культурæйы объектты арæзтадыл æмæ æндæртыл. Знон Уырыссаг драмон театры залы æрбамбырд бирæ адæм, нæ республикæйы хъæуты минæвæрттæ. Зæрдиаг æгасцуай сын загъта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Битарты Вячеслав. — Абон стыр бæрæгбон у æппæт республикæйæн дæр. Уымæн æмæ Ирыстон арæзт у бирæ хъæутæй. Хъыгагæн, фæстаг рæстæг нæ хъæууон цæрæн бынæтты цæрджыты нымæц къаддæр кæны, уæлдайдæр та хохаг хъæуты. Цæмæй бынтон æдзæрæгæй ма баззайой, ууыл кусы республикæйы Хицауад. Араздзыстæм æппæт мадзæлттæ, цæмæй нæ куыстхъом фæсивæд, кæм схъомыл сты, уым цæргæ дæр кæной æмæ кусгæ дæр, цæмæй нæ фыдæлты цардыуаг рох ма кæна. Уæд нæ хъæутæ рæздзысты, — загъта Битарты Вячеслав æмæ арфæ ракодта 2015 азы уæлахиздзаутæн. Залы бадæг адæм тыхджын къухæмдзæгъд кодтой фыццаг бынат райсæг — Æрхонкæйы станицæйæн, дыккаг бынат конкурсы бацахста Фарныхъæу, æртыккаг бынат снысан кодтой Ставд-Дурты хъæуæн. Хицæн номинаци «Хуыздæр хæххон хъубæстæ»-йы 2015 азы конкурсы уæлахиздзауыл банымадтой СтырДыгуры хъæу, дыккаг бынаты — Хохы Дæргъæвс, Нары хъæу рацыд æртыккаг бынатмæ. Конкурсы архайджыты дипломтæ радтой Рæмоныфырты хъæуæн, Дур-Дурæн, Советон хъæуæн, ДаргъКъохæн, Теркаг станицæйæн, хъæу Притерчныйæн, Майскæйæн, Гуылæр æмæ Мæхческæн. Арфæйы ныхæстимæ сæ бынæттон администрацийы сæргълæуджытæн радтой РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев æмæ нæ республикæйы Хицауады Сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Тускъаты Таймураз. Нæ республикæйы зындгонд æмæ уарзон артисттæ æмæ коллективтæ та уазджытæн скодтой музыкалон лæвæрттæ.

ЦÆГÆРАТЫ Жаннæ

Къам систа КЪÆБЫСТЫ Харитон

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here