Фылдæр æргом — курдиатджын фæсивæдмæ, чысыл амалхъомады райрæзтмæ, патриотон хъомыладмæ

0
795

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг БИТАРТЫ Вячеславæн кусæг фембæлд уыд республикæйы Фæсивæды хъуыддæгты комитеты сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг ЦÆЛЫККАТЫ Барис æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Александр РЕУТОВИМÆ.

Фембæлды рæстæг ныхас цыд фæсивæдон политикæйы фарстатыл, комкоммæ та — курдиатджын фæсивæдæн æххуыс кæныныл, чысыл амалхъомады райрæзтыл, рæзгæ фæлтæры патриотон хъомыладыл æмæ афтæ дарддæр. Республикæйы разамонæг комитеты сæрдармæ бахатыд, цæмæй радзура Цæгат Кавказы фæсивæдон форум «Машук»-ы бæрæггæнæнты тыххæй. Куыд зонæм, афтæмæй уыцы фæсивæдон форум æрæджы уыд горæт Пятигорскы, зæрдиагæй дзы архайдта нæ республикæйы делегаци дæр. Фæсивæды хъуыддæгты комитеты сæрдары ныхасмæ гæсгæ, форумы оргкомитеты уæнгтæ хорз аргъ скодтой, Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ Пятигорскмæ цы цымыдисаг проекттæ нылластой, уыдонæн. Уæлдай цымыдисагдæр уыдысты косметикон æмæ æндæр продукцийы рауагъды проекттæ. Битарты Вячеслав куыд загъта, афтæмæй йæ зæрдæмæ тынгдæр фæцыд, ирон национ нывæфтыдтæ кæуыл уыдзæн, сæракæй конд ахæм хызынтæ æмæ æндæр ахæм продукцийы рауагъды проект. Ацы проекты тыххæй республикæйы разамонæгæн радзырдта æрыгон амалхъом Дмитрий Воронков форумы фыццаг бон — уæд Битарыфырт фембæлд форумы архайæг цæгатирыстойнаг делегацийы уæнгтимæ. Æмæ ныр ацы фембæлды рæстæг бæлвырддæр ныхас рауад фæсивæдон проекттæ æххæст кæныны хъуыддагыл. Битарты Вячеслав куыд загъта, афтæмæй æрыгон амалхъомтæн æппæтвæрсыг æххуыс бакæнын хъæуы, цæмæй сæ проекттæ гæххæттыл фыстæй ма баззайой. Уымæй уæлдай, республикæйы разамонæджы ныхасмæ гæсгæ, нæ республикæйы дæр саразын хъæуы, «Машук»-мæ гæсгæ сæрмагонд программæтæ æххæстгонд кæм цæудзысты, ахæм ахуырадон фæз. Уый æнæмæнг ахъаз уыдзæн ног æвзонг курдиæттæ раргом кæнынæн. Битары-фырт æмбырды архайджыты æргом аздæхта патриотон хъомылад æмæ спорты райрæзты фарстатæм дæр. Уыцы хъуыддæгтыл хорзæрдæм сахаддзæн ирыстойнаг богал Рæмонты Сослан Рио-де-Жанейройы Олимпаг хъæзтыты чемпион кæй ссис, уыцы зæрдылдарæн цау дæр. Республикæйы разамонæг Фæсивæды хъуыддæгты комитеты сæрдарæн бахæс кодта, цæмæй Физикон культурæ æмæ спорты министрадимæ Олимпаг хъæзтыты чемпионæн сæрмагонд фембæлдтытæ саразой Цæгат Ирыстоны районты цæрджытимæ. «1976 азы Олимпаг хъæзтыты чемпион Андиаты Сослан куы ссис, уæд нæм ссыд хъæууон клубмæ. Фембæлдмæ æрбацыд, æмæ дзы къух бакæнæн дæр нæ уыд. Сывæллæттæ дзы сæ цæст нал истой, цымыдисæй йын хъуыстой йæ раныхасмæ. Дыккаг бон фæсивæд ныххæррæтт кодтой спортивон залтæм дæр — алкæй дæр сæ бафæндыд Олимпаг чемпион суæвын. Абоны кæстæртæн ахæм дæнцæг уыдзæн Рæмоны-фырт дæр. Уадз æмæ радзура йе ‘нкъарæнты, Олимпы бæрзæндтæм тырнгæйæ, цас фыдæбон бавзæрста, уыдæтты тыххæй. Æмæ та райсом фæсивæд уынгтæй спортивон залтæм анхъæвздзысты»,— фæбæрæг кодта республикæйы разæмонæг. Уымæй уæлдай, республикæйы Сæргълæууæг фæндон бахаста, цæмæй сæрмагонд акцийы рæстæг бæрæггонд æрцæуой, æрыгон амалхъомтæй хъалонтæ афойнадыл æмæ æххæстæй чи фиды, уыдон. Фембæлды рæстæг куыд загъдæуыд, афтæмæй сентябры арæзт æрцæудзæн республикæйы Æрыгон ахуыргæндты ассоциаци, тагъд рæстæджы сараздзысты æрыгон ахуыргæндты форум дæр. Йæ нысан уыдзæн, наукæйы къабазы кусæг æрыгон ахуыргæндты хъарутæ æрбангом кæнын, æмæ æрыгон специалисттæн æппæтвæрсыг æххуыс кæнын.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here