«Кæлгæ хуырау кæрæдзийыл нæ хæцæм…»

0
1024

Горæтгæрон районы ма куыстон, афтæмæй мæм-иу арæх æрбацыд Сагеты Рамазан (рухсаг уæд), йæ рæстæджы — ирон æвзаг æмæ литературæйы дæсны ахуыргæнæг, радиойы фыццаг диктортæй иу, хорз адæймаг, хорз хистæр. Не ‘хсæн-иу арæх бацайдагъ ныхас царды алывæрсыг фарстаты фæдыл. Иуахæмы та ныхас кæнæм, æмæ йæм фарст радтон: «Рамазан, цымæ мах адæм цæуылнæ зонынц сæ аккаг адæмæн аргъ кæнын? Уыдис (рухсаг уæд) Хъæбæлоты Билар, цъыф ыл калдтой; Дзасохты Алыксандр, бирæ уайдзæфтæ йын фæкодтой, цы азты куыста, уыцы рæстæг; Галазты Æхсарбег дæр нын аккаг нæ уыд, Мамсыраты Таймураз дæр не сбæззыд. Искуы ма махæн исчи сбæздзæнис?»

Рамазан арф ныуулæфыд, йæ цæстытæ иуварс азылдта æмæ загъта: «Æртынæм азты — репресситы рæстæг — æппæт Кавказы адæмтæй махæй фылдæр ничи фесæфтис æнаххосæй. Сталин æмæ нæм Берия, мыййаг, куы нæ æрцыдысты. Фæлæ нæ ницæййæгтæ хуыздæртыл сæ фырхæлæгæй алы цъыфкалæнтæ фæкодтой, æмæ æрдæг фестæм…» Мæнæн ацы фарст абон дæр æнцой нæ дæтты. Æгъуызарты Тамерлан (дзæнæты фæбадæд) фидар къахдзæфтæ куы акодта, уæд адæм сæ риуты дзаг сулæфыдысты, фæлæ та уæддæр фæрсæрдыгæй рæхойджытæ уыдис. Æнæхъæн Ирыстон кæугæ æмæ дзыназгæ баныгæдта Тамерланы. Йæ фæстæ Уæрæсейы Президент В.В. Путин Республикæйы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæгæй Битарты Вячеславы куы снысан кодта, уæд ыл адæм æхсызгонæй сæмбæлдысты. Газетмæ нæм уыйбæрц арфæйы фыстæджытæ цыд йæ алы къахдзæфы тыххæй дæр, æмæ сæ мыхуыр дæр нæ кодтам, уымæн æмæ, кæуыл фыст уыдысты, уый æппæлæн ныхæстæ нæ уарзы. Фæлæ та нæ туг ногæй кусын райдыдта æви цы? Æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабазæй адæм æдзух æнæрайгонд уыдысты, хъаст кодтой. Сæргълæууæг ацы фарстайыл æргомæй куы æрдзырдта, уæд нæ зæрдæмæ цыд. Мыхуыры фæрæзты фыстам, Битары-фырт, куыд хицау нæ, фæлæ куыд республикæйы цæрæг, афтæ бацыд Тагъд æххуысы клиникон рынчындонмæ æмæ бирæ хъæндзинæдтæ федта. Нæ зæрдæмæ фæцыд йæ архайд! Ацы клиникон рынчындоны æрыгон æнхъæлцау сылгоймаг дохтырты азарæй куы амард, уæд Битары-фырт фидарæй радзырдта, аххосджынты карзæй бафхæрдзыстæм, зæгъгæ, нырма уал уавæр æвзарæм. Алкæй зæрдæмæ дæр фæцыд йæ дзуапп! Гæртам исгæйæ дохтыры æрцахстой, зæгъгæ, куы райхъуыст, уый дæр адæмы зæрдæмæ фæцыд! Ныр куы бавнæлдта хъуыддагмæ, уæд цымæ цæмæн фæрæвдз сты иуæй-иутæ загъта-багътатæм? Æви кæйдæр бæлвырд хъæуы, цæмæй кæрæдзиуыл ма хæцæм æмæ дихтæ-къордтæ уæм. Кæрæдзимæ цæуылнæ хъусæм?! Цæрæнбонты бæрнон бынæтты чи фæкуыста, æмæ адæмæн йæ дуар сындзæхгæд кæмæн уыдис, абон иу хорз хъуыддаг дæр кæй номыл нæ баззад, уый дæр ныр дзырдæппарæн кæны Битарыфыртмæ «адæммæ, ома, рынчындоны кусджытæм æрыхъусын дæр хъæуы». Æгъуызарты Тамерланы интервью «Ирон лæг иронау куы нæ дзура, уæд дзы мæ цæсты кад нæй» газет «Рæстдзинад»-ы куы рацыд, уæд нæм нæ газеткæсджытæ фыстой, арфæ йын кодтой. Ходы Камал та афтæ загъта: «Ацы ныхæстæ хъæуы сыгъзæрин доны ныттулын æмæ сæ Сæнайы цъуппыл равæрын». Нæ республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министр та радиойы цы интервью радта, уым афтæ загъта: «Мæ бон куы уаид, уæд скъолаты ирон æвзаджы сахæттæ сисиккам æмæ ныууадзиккам æрмæст литературæйы сахæттæ». Æз абон дæр дæн къæмдзæстыг нæ газеткæсæг Гуыбаты Виталийæ. Уый министры интервьюмæ байхъуыста æмæ йæм газеты уылты фарст радта. Абон дæр нæм министр йæ дзуапп не ‘рбарвыста. Алцыдæр домгæ кæнæм! Редакцимæ нæм æрбацыд иу хæрзконд, аиварæзт сылгоймаг æмæ уынгæг хъæлæсæй дзырдта: «Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг нæ фыд æбæрæгæй фесæфт, фондз сывæллонæй нæ нæ мад иунæгæй фæхъомыл кодта, цæрæнбонты улæфт нæ зыдта, хорз сылгоймаг уыд. Фæнды мæ, цæмæй йын паддзахад цырт сæвæра…» Æз æй бафарстон: «Рухсаг уæд уæ мад. Хорз фæкуыста, хъомыл кодта йæ цоты, æмæ абон уыцы фондз сывæллоны кæстæртæ сæ хистæры кæмæн буц кæнынц?» Цас фылдæр æгъдау æмæ фæткыл дзурæм, уыйбæрц гæлиртæ кæнæм. «Бæрæг дæр нæ нал ис, цы стæм…» Къостайы ацы æнæмæлгæ ныхæстыл та ног æмæ ногæй ныхъхъуыды кæнæм. Æнусты дæргъы нæ цы фарны æгъдæуттæ иу кæнынц, уыдон абон фыдæнæн хуызы æмтъеры кæнæм. Чи зоны, æз ныртæккæ мæ зондахастыл мæ зæрдæ ивын, уымæн æмæ мæм нæлгоймаг-газеткæсæг куы æрбацæуы æгъдæутты фарстайы фæдыл, уæд ын афтæ фæзæгъын: «Дæ хъуыдыимæ разы куы нæ уон, уæддæр цас раст у, кæстæр, ноджы сылгоймаг уæвгæйæ, æгъдæутты фæдыл демæ ныхас кæнон. Табуафси, махмæ ис нæлгоймæгтæ, кæцытæн се ‘рвылбоны куыст у æгъдæутты сыгъдæгдзинад бахъахъхъæнын». Уымæ гæсгæ газеткæсæгæй курын хатыр. Фарон Лæгты дзуары кувæн къуыри, табу йын уæд, Æгъуызарты Тамерлан арфæ ракодта Ирыстоны цæрджытæн, Стыр Ныхасы сæрдар Басаты Барис дæр йæ ныхас бæлвырдæй загъта, уæддæр уыцы табуйаг бæрæгбон чидæртæ йæ фæстæ къуыри сбæрæг кодтой. Цæмæн, зæгъгæ, сæ куы бафæрсай, уæд та дын зæгъдзысты: «Нæ комы афтæ кодтой! Мæ фыд афтæ кодта!» Ау, дунейы алы къуымты ирон адæмы цы кадджын бæрæгбон иу кæны, уый дæр та нæхæдæг нæ æмтъеры кæнæм?! Уæдæ та Майрæмыкуадзæн дæр æрхæццæ ис, иуæй-иутæ та фидарæй зæгъынц, йæ бон 28 августы, хуыцаубоны кæй у. Ууыл нæ хъуыды кæнынц, æмæ йæ нæ фыдæлтæ майрæмы мæйы фæстаг майрæмбоны кæй бæрæг кодтой, хуыцаубоны та мæрдты бон кæнæн нæй. Къостайы ныхæстæ нæ арф хъуыдытыл куыд æфтауынц, афтæ æдзух мæ зæрдыл æрлæууынц мæ ахуыргæнæг, дзæнæты бадинаг æнæнцойзæрдæ Джыккайты Шамилы ныхæстæ. Æмæ та ныр дæр йе ‘мдзæвгæ «Изæрмилты кувын»-æй æрхæсдзынæн ахæм рæнхъытæ: “Кæлгæ хуырау кæрæдзийыл нæ хæцæм, Нæ хæрзтæн нæу Къостайы сидт фæндон… Ныббар, фæлæ мæ риссæгтыл нæ хъæцын, Æз удæгæстæй базыдтон мæ бон”.

БИТАРТЫ Маринæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here