Сабиты тæригъæдæй арв æнкъуысы

0
995

Фæллойгæнæг, зæхкусæг фæззæджы æнхъæлмæ фæкæсы йæ куысты бæркæдтæм. Ирыстоны дзыллæйæн та 2004 азы сентябры фыццаг бонтæ бæркады бæсты фыдох æмæ марой æрхастой. Беслæны 1-æм скъолайы скъоладзаутæн зонындзинæдтæм хонæн дзæнгæрæджы бæсты сæ сæртыл туджы зæйтæ ранхъæвзт. Иры адæм сæ сабиты цард, цин æмæ хъæлдзæг худтæй бавдæлон сты. Дыууадæс азы размæ Ирыстоныл æрцыд, хуымæтæг ныхæстæй зæгъæн кæмæн нæй, ахæм æвирхъау фыдох. Дыкъахыг тугхор лæгсырдты къухтæй сæдæгæйттæй бабын сты нæ хуыздæртæ, цыфыддæр знаг бахъавыди нæ зæрдæйы уидæгтæм, нæ сабитæм, нæ абон, нæ райсом, нæ фидæны хурскасты хурты-хуртæм. Иры бæсты ахæм бинонтæ нæ баззадис, æвирхъау бæллæх кæй дуар нæ бахоста, кæй хæдзарæй нæ райхъуыст зæрдæхалæн хъарæг. Нæ буц хистæртæй бирæтæ зæрдæскъуыд фесты æвзонг удты тæригъæдæй, æмæ развæлгъау се ‘нусон бынатмæ ацыдысты. Иу адæймаджы фæхъуыд дæр зæрдæ сæнкъуысын кæны, уæд цалдæргай æрвон удтæ кæмæй фæхъуыд, уыцы рыст бинонтæн та цы ныфсытæ авæрæм, цæмæй сын фæрог кæнæм сæ зæрдæйы æнæкæрон хъыг?!. Нæй уыцы æртæ тугуарæн бонæн ферохгæнæн, террористон фыдракæнды зындоны арты чи бацарæфтыд, нæ уыцы 334 зынгхуыст адæймаджы, уыдонæй — 186 сабитæ, ахуыргæнджытæ, ныййарджытæ, хотæ, æфсымæртæ. Нæй рохгæнæн «Альфæ» æмæ «Вымпел»-ы, Æнæнхъæлæджы цауты фæдыл министрады ирвæзынгæнджыты хъæбатырты мæлæтæн. Дыууадæс азы фæстæ ногæй æрбалæууыд фæззæджы фыццаг мæй — сентябрь, раздæр сыгъзæрин кæй хуыдтам, уыцы мæй, фæлæ уый никуыуал райсдзæн йæ сыгъзæрин хуыз. Сау хъулæттæй афæлдæхт, дудгæ, судзгæ рыст хъæдгæмттæй æнустæм баззайдзæн канд Ирыстоны цæрджыты нæ, фæлæ æппæт дунейы рæстаг адæмты зæрдæты. Нæ саударæг ныййарджыты тæригъæдæй зæхх скъуыдтæ кæны, айнæг къæдзæхтæ фæрккай хауынц. Сæ тугæмхæццæ цæссыгыл къада куырæйттæ зилынц. Æппæт дунейы историйы бирæ æрцыд фыдракæндтæ, фæлæ дзы Беслæны æвирхъауы фыдбылызы хуызæн нæ уыд. Хæрам тыхтимæ хъазуатæй тохмæ хъуамæ уæм цæттæ æрвыл минут дæр. Терроризмæн йæ уидæгтæ арф сты. Кæд æмæ кæцырдыгæй дæ разы февзæрдзысты фыдгæнæг террористтæ, уый рагагъоммæ зын рахатæн у. Фæлæ сæ ныхмæ æмхъарутæй, æмзондæй архайын хъæуы. Бæргæ, Ирыстоны лæгты ракуывд æмæ фарны ныхасы ахæм хъомыс куы уаид æмæ мæрдтæм фæндагæй æдзард хъæбулты цардмæ куы здæхтаиккой, уæд. 2004 азы 1 сентябры Беслæны 1-æм скъоламæ бæрæгбонарæзтæй чи æрбацыд, уыцы сывæллæтты, сæ ныййарджыты, сæ хотæ æмæ æфсымæрты фæстæмæ æнæфыдбылызæй раздæхтаиккой сæ хæдзæрттæм. Фæлæ Дунескæнæг нæ радта уыцы амонд ирон адæмæн. 12 азы размæ, 3-æм сентябры 13 сахаты æмæ 5 минутыл Беслæны 1-æм скъолайæ райхъуыст фыццаг срæмыгъд. Дыууадæсæм аз 1-æм сентябры та ногæй баиу уыдзысты 1-æм скъолайы дзæнгæрæджы зæрдæуынгæггæнæг зæлтæ æмæ ирон адæмы кæуын æмæ хъарæг. Скъолайы кæрты æнустæм æрбынæттон сты зæрдæйы маст, сагъæс, хъыг, рис æмæ цæссыг. Рæстæг, дам, зæрдæйы хъæдгæмттæ дзæбæхгæнæг у, фæзæгъынц, фæлæ ацы зæрдæвæрæн ныхасыл куыд ис баууæндæн, кæд æмæ Беслæны æнаххосæй террористты къухæй чи фесæфт, уыдоныл цас фылдæр рæстæг цæуы, уыйас сæ бинонты, Иры дзыллæйы зæрдæниз тыхджынæй-тыхджындæр кæны, дудгæсудзгæ рыстæн кæрон нæй, æмæ йын нæдæр уыдзæн. Ацы фыдохы тугуарæн бонтæ ирон адæмы историйы баззайдзысты æнустæм æлгъыстаг туглæсæны сау бонтæй. Дыууадæс азы рацыд Беслæны æвирхъау фыдракæнд арæзт куы ‘рцыд, уæдæй. Фыдгæнджытæ сабиты æхстой разæй æмæ чъылдымæрдыгæй, мардтой сæ ныхмæ хъæддыхæй чи лæууыд, уыцы нæлгоймæгты æмæ сын сæ мæрдтæ æддæмæ рудзгуытæй калдтой. Уас сæ тæригъæдæй террористтæ æлгъыст фæуæнт, æмæ карз низæй фæхъæрзæнт! Æрцыдис, дунейы мидæг чи никуы ма уыдис, ахæм фыдохы хъаймæт! 1-3 сентябры спортзалы къултыл конд хуызистытæм кæсгæйæ та ацы бонты адæм сæ цæссыг калдзысты. Ныййарджыты зæрдæхалæн хъарджытæм скъолайы сыгъд къултæ дæр хъæрздзысты. Сывæллæттæ, ахуыргæнджытæ, æрбацæуæг хъыггæнæг уазджытæ, ирвæзынгæнджытæ æрхæндæгæй дзурдзысты: «Кæмæн цы кодтой, æнаххосæй зæххон зæдтæ цæмæн бабын сты дон-дон кæнгæйæ?» Æртæ мысæн боны æнустæм мысæн, сагъæссаг бонтæй баззадысты Иры дзыллæ æмæ æппæт дунейы рæстаг адæмы зæрдæты. 334 адæймаджы æдзардæй мæрдтæм чи барвыста, стæй сæдæгæйттæй рынчын æмæ сахъатæй кæй аххосæй баззадысты, уыдон сæ тæригъæдæй быныскъуыд бауæнт, Ирыстонæн ахæм æбуалгъы фыдракæндтæ чи скодта!.. Хуыцауы сконд зæдты æмæ бæсты фарны судзгæ азар æмæ фыдæхæй æлгъыст фæуæнт тугдзых террористтæ. Уæ зæрдæйы хорзæх уæ уæд, Ирыстоны рыст адæм! Хур уæ батавæд йæ зæрин тынтæй.

ГУЫЛÆРТЫ Барис,

«Рæстдзинад»-ы æхсæнадон уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here