Шахмæтты скъола — Ногиры фæсивæдæн

0
965

Знон Ногирыл айхъуыст æхсызгон хабар — хъæуы спорты галуаны гом кæнынц шахмæтты скъола. Кадджын бæрæгбонмæ ссыд æппæты зындгонддæр гроссмейстер Анатолий КАРПОВ. Нырæй фæстæмæ йæ ном хæсдзæн ацы скъола. Шахмæттæй хъазыны дунейы 12-æм чемпионыл ногирæгтæ сæмбæлдысты æцæг ирон æгъдаумæ гæсгæ — парахат зæрдæйæ. Скъолайы къулыл йæ хуызист, бацæуæны, дыууæрдыгæй лæууыдысты сабитæ, алчидæр æвдыста хицæн шахмæтон фигурæйы сурæт.

РЦИ-Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сæлбиты Зитæ стыр арфæ ракодта, ацы хорз хъуыддагмæ йæ æвæрæн чи бахаста, уыдонæн. — Ныфс нæ ис, интеллектуалон хъазт уарзджытæ фылдæр кæй кæндзысты, æмæ фидæны нæ чемпионты нымæцыл кæй бафтдзæн, уый, — загъта Сæлбиты Зитæ. — Ногиры зæхх бæркадджын у чемпионтæй, сæ нымæц фылдæрæй-фылдæр кæнæд. Анатолий Карповы иузæрдион архайдæй та нæ курдиатджын чызджытæ æмæ лæппутæ кад æмæ намыс хæссæг уæнт Ирыстонæн, — загъта Дзæуджыхъæуы администрацийы депутатты æмбырды сæрдар, Олимпаг чемпион Хæдарцаты Махар. — Дызæрдыккаг нæу, ацы скъолайы сабитæ цы зонындзинæдтæ райсой, уый сæ сæ дарддæры царды кæй бахъæудзæн. Не стыр нысан у, рæзгæ фæлтæры интеллектуалон хъомылад фæбæрзонддæр кæнын. Æз, мæхæдæг Хуссайраг Уралæй дæн, нæ нæм уыд чемпионтæ уæды рæстæг, фæлæ лæджы куы бафæнда, уæд цыфæнды бæрзæндтæм дæр схиздзæнис. Ногираг шахмæтты скъола хуыздæрты æмрæнхъ кæй æрлæудзæн, уый мæ уырны, — загъта Анатолий Карпов. — Нырæй фæстæмæ нæ хæлардзинад фидар кæндзæн, иумæ хъомыл кæндзыстæм фидæны чемпионты. Фæстæдæр, сырх лент алыг кæныны бар радтой шахмæттæй хъазыны дунейы бирæ хатты чемпион Анатолий Карповæн æмæ Олимпаг хъæзтыты æртæ хатты чемпион Таймазты Артурæн. Стыр æмæ райдзаст залы адæмæй бацæуæн нал уыд. Бæрæгбон адарддæр ирон симдæй. Ирон кафты адæмон ансамбль «Ир»-ы чызджытæ æмæ лæппутæ бахъæлдзæг кодтой адæмы зæрдæтæ. Сбæрæг сты уæлахиздзауты нæмттæ. Дыууæ боны ерысы цы 80 чызджы æмæ лæппуйы бацыд, уыдоны ‘хсæн шахмæттæй хъазыны дæсныдæртæн радтой майдантæ, Кады грамотæтæ æмæ æхцайы премитæ. Уæлахиздзауты ‘хсæн уыд 10-аздзыд Джиоты Валерия. Курдиатджын сывæллон хорз арæхсы музыкæмæ, спортмæ, у скъолайы хуыздæр ахуырдзауыл нымад, йæ уарзон предмет та у математикæ. — Æхсæзаздзыдæй нæ чызг бацыд Сывæллæтты галуаны шахмæтты секцимæ, уæдæй фæстæмæ нымæцтæ йæхинымæр рæвдз нымайын райдыдта, ахуыр ын æнцонæй æнтысы, уый у шахмæтты ‘руаджы, — зæгъы йæ мад Маринæ. — Дыууæ хатты сси республикæйы чемпионаты уæлахиздзау, æрæджы та архайдта Сочийы, чызджыты ‘хсæн ерысты æмæ рамбылдта. — Нæ уарзын хæрд кæнын, æрмæст — æмбулын. Фæнды мæ Дунейы чемпион суæвын, Анатолий Карповы хуызæн, — загъта Валерия. Уæлахиздзаутæн фадат уыдис, зындгонд гроссмейстеримæ уыцы-иу рæстæг шахмæтты фæйнæгыл сæ хъарутæ бавзарын.

ГУГКАТЫ Жаннæ

 

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here