Кæлæддзаг хæдзæрттæй — ног фатертæм: программæ куыд æххæстгонд цæуы?

0
905

ТУСКЪАТЫ Таймураз Дзæуджыхъæу æмæ республикæйы районты бабæрæг кодта, адæмы кæлæддзаг хæдзæрттæй ног фатертæм раивыны фæдыл сæрмагонд программæмæ гæсгæ цæрæн хæдзæрттæ кæм аразынц, уыцы бынæттæ. Премьер-министримæ уыдис республикæйы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Игорь ШАТАЛОВ.

фтæмæй программæйы дыккаг къæпхæнмæ гæсгæ, 2015-2016 азты кæлæддзаг хæдзæрттæй ног фатертæм хъуамæ раивой 649 адæймаджы (кæнæ 211 бинонты). Уыцы адæмæн цы цæрæнуæттæ раттын æмбæлы, уыдоны иумæйаг бæрц у 9,25 мин квадратон метры. 2016 азы пъланæй уал ныридæгæн сæххæст кодтой 23 проценты. Зæгъæм, программæмæ гæсгæ уал Беслæны сарæзтой дыууæ бирæфатерон хæдзары, Джызæлы дæр сцæттæ ис 2-фатерон хæдзар. Æппæт иннæ объекттæ Тускъаты Таймураз знон бабæрæг кодта йæхæдæг, цæмæй бынаты сбæлвырд кæна, æппæт хæдзæрттæ дæр афойнадыл кæй сараздзысты, уый. Майскийы поселочы программæмæ гæсгæ æрæджы сарæзтой 14-фатерон хæдзар. Уым æрцæрдзысты 77 адæймаджы. Уæвгæ, уыцы адæмæн сæ фылдæр ныридæгæн балыгъдысты сæ ног фатертæм. Æмæ бирæтæ Тускъайы-фыртæн æхсызгонæй сæ цæрæнуæттæ æвдыстой. Уыцы программæмæ гæсгæ цæрæн хæдзар аразынц Ногиры дæр. Ам та арæзтадон куыстытæ ахицæн уыдзысты хæстæгдæр бонты. Санахъойы-фырты уынджы цы 6-фатерон хæдзар сырæзт, уым æрцæрдзысты 18 адæймаджы. Дзæуджыхъæуы та ацы аз кæлæддзаг хæдзæрттæй ног цæрæнуæттæм хъуамæ раивой 39 бинонты. Уыцы адæмæн 50-фатерон хæдзар аразынц Керменистты уынджы. Арæзтадон фæз бабæрæг кæнгæйæ, Тускъайы-фырт Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Æлбегаты Барисимæ сбæлвырд кодта, куыстытæ кæд ахицæн уыдзысты, уыцы æмгъуыд. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ ацы объектты куыстытæ графикæй иуцасдæр фæфæстæдæр сты. Фæлæ горæты администрацийы арæзтады управленийы хицау Уаниты Сослан зæрдæ куыд бавæрдта, афтæмæй æппæт куыстытæ дæр ахицæн кæндзысты æмбæлгæ æмгъуыдтæм. — Рæстæгæй-рæстæгмæ бæрæг кæндзыстæм ацы объектты уавæр. Æппæт дæр саразын хъæуы, цæмæй азы кæронмæ программæйы уагæвæрдтæ æххæстгонд æрцæуой, — йæ балцæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, бафиппайдта Тускъаты Таймураз.

МÆРГЪИТЫ Зæринæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here