Сæ аивад æмæ сфæлдыстадæй батавтой нæ сывæллæтты зæрдæтæ

0
885

Театралон проект «Большая сцена детям» æмæ федералон программæ «Большие гастроли-2016»-ы фæлгæты Цæгат Ирыстонмæ æрцыдысты нæ бæстæйы æппæты хуыздæр театралон къордтæй иу — Уæрæсейаг Фæсивæдон Академион Театры артисттæ. Тæбæхсæуты Балойы номыл паддзахадон Ирон академион театры сценæйы уыдон равдисдзысты зындгонд англисаг фыссæг Кейт Ди Камиллойы аргъаумæ гæсгæ æвæрд спектакль «Кролик Эдвард».

Знон театралон къорды уæнгтæн нæ республикæйы журналисттимæ уыд прессконференци. Уазджытæ бæлвырд радзырдтой спектаклы мидисы тыххæй, куыд ахсджиаг у, нырыккон ног царды рæзгæ фæлтæры зондахастмæ æппæты хуыздæр миниуджытæ аивады фæрцы бахæссын, уый тыххæй. Пресс-конференцийы архайдтой: РЦИ-Аланийы культурæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Атайты Мæдинæ, Ирон театры сæргълæууæг æмæ аивадон разамонæг Гуыбиаты Хъазыбег, Уырыссаг театры аивадон разамонæг Владимир Уваров, Уæрæсейы Фæсивæдон Академион Театры директор Софья Апфельбаум, режиссер Рузаннæ Мовсесян, УФйы адæмон артисткæ Татьянæ Шатилова, ацы театры артист Виктор Панченко, англисаг æвзагæй уацмыс ратæлмацгæнæг Ольгæ Варшавер æмæ студи-скъола МХАТ-ы ахуыргæнæг, РЦИ-Аланийы аивæдты сгуыхт архайæг Марк Литвак. Театралон къордæн зæрдиаг салам радта Атайты Мæдинæ æмæ бафиппайдта, Беслæны 2004 азы цы стыр фыдбæллæх æрцыд, æмæ сывæллæттæн баххуыс кæныны фæдыл ацы проект кæй сырæзыд æмæ йæ дарддæр дæр кæй æххæст кæндзысты, уый. Уый загъта: — Дыууадæс азы размæ бындур æвæрд æрцыд «Детям Беслана», зæгъгæ, ацы проектæн. Æмæ уал азы нæ бæстæйы æппæты хуыздæр театралон къордтæ сæ аивад æмæ сфæлдыстадæй батавтой нæ рыст сывæллæтты зæрдæтæ. Архайдтой, цæмæй сæ ферох уой уыцы зын бонтæ æмæ фыдæвзарæнтæ. Проект сæвзæрдис уыцы аз Михаил Донецкийы хъæппæрисæй æмæ абон дæр йæ куыст кæны. Кæй зæгъын æй хъæуы, æнæ Уæрæсейы Федерацийы Культурæйы министрады æххуысæй ацы хъуыддагæн саразæн нæ уыд æмæ нæй абон дæр. Иумæ архайдзыстæм дарддæр йæ æххæст кæныныл. Театры режиссер Рузаннæ Мовсесян та радзырдта, гыццыл театруарзджыты размæ кæй рахастой, уыцы Кролик-Эдварды истори. Æвдыст дзы цæуы, сывæллон йæ æрыгон азтæм куы бахизы, уæд йæ ахастдзинæдтæ хистæртимæ куыд аивынц. Алчи алы фæндагыл куыд ацæуы. Æмæ кæмæндæр уыцы фæндаг лæгъз рауайы, чи та фыдæвзарæнты бахауы. САУТÆТЫ Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here