Фæсарæйнаг футболон клубтæ сæ цæст æрæвæрдтой Дзæгъойты Аланыл

0
884

Европæйаг футболон клубты минæвæрттæ Уæрæсейы иугонд командæйы уæнг Дзæгъойты Аланы архайдмæ иудадзыг сæ цæст кæй дарынц, уый тыххæй журналисттæн радзырдта нæ зындгонд æмзæххоны агент Антон Астафьев. Йæ ныхасмæ гæсгæ, Аланы алкæцы хъазт фенынмæ дæр æрбацæуынц фæсарæйнаг футболон клубты минæвæрттæ.

«Уалдзæджы хъæзтытæй иуы рæстæг цæф кæй баййæфта, уый аххосæй дзæвгар рæстæг фæзмæ нал рацыд. Фæлæ ныр адзæбæх æмæ та нын ногæй нæ зæрдæтæ рухс кæны йæ архайдæй. Уыимæ, специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй йæ хъазт у ноджы хъомысджындæр æмæ дæсныдæр. Æрвылкъуыри дæр æз фæныхас кæнын Английы, Германы, Итали æмæ Испанийы футболон клубты агенттимæ — фæндид сæ Дзæгъойы-фырты сæ командæты рæнхъыты фенын. Нæ командæйы къæлиндарон фæстаг хъазтмæ дæр Аланмæ бакæсыны нысанимæ æрбацыдысты цыппар фæсарæйнаг клубы специалисттæ. Ныртæккæ уыдон Аланы тыххæй æппæт информаци æмбырд кæнынц, цæмæй зымæджы трансферты рæстæгмæ сæ фæндæттæ бæлвырд зæгъой», — загъта Антон Астафьев. Амæй размæ информацион агентад «ТАСС»-ы уацхæссæгæн Дзæгъойты Алан йæхæдæг куыд радзырдта, афтæмæй йæм европæйаг клубтæ æцæгæйдæр цымыдисдзинад равдыстой. «Фæлæ уый бæлвырд хъуыддæгтæм нæма расайдта. Æз иу æмæ дыууæ хатты нæ загътон, мæ тыхтæ мæ европæйаг клубты бавзарæн кæй фæнды, уый тыххæй. Нæ командæйы разамынд мын зæрдæ бавæрдта, искæцы фæсарæйнаг клуб мæ куы ‘рцагура, æмæ мæ куы бафæнда, уæд мын къуылымпытæ кæй не ‘вæрдзæн, уымæй. Европæмæ ацæуын мын куы нæ бантыса, уæд та мæхи уынын æрмæстдæр ÆЦСК-йы хъазæгæй», — бафиппайдта Алан.

Нæ уацхæссæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here