Нузалы аргъуан ногæй рацараздзысты

0
937

Петербургаг реставратортæ баххуыс кæндзысты Нузалы аргъуан ногæй рацаразыны проект скæнын æмæ йæ бæрæг фæткыл сæвæрыны хъуыддагæн. Ацы хабар радзырдта Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг епархийы культурон исбоны объекттæ хъахъхъæнынадимæ баст паддзахадон хицауады органтимæ æмархайды фарстатыл дзуапдæттæг Петр Павлов.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, федералон ахадындзинад кæмæн ис, æмæ 1986 азæй фæстæмæ проектон цæттæгæнæн æмæ, агъуыст фæфидардæр кæнынимæ баст куыстытæ конд кæм не ‘рцыдысты, уыцы историон цыртдзæвæн 2015 азы лæвæрд æрцыд Алайнаг епархимæ. «Афæдзы размæ цыд ныхас, историон цыртдзæвæн национ музейы филиал кæй уыд, уымæ гæсгæ йын радтæн ис епархийæн æви нæ, ууыл. Уыцы рæстæджы епархи йæ зæрдæ дардта, йæ цалцæггæнынад федералон нысанмæарæзт программæ «Уæрæсейы культурæ»-мæ хаст кæй æрцæудзæн, ууыл. Уыцы хъуыддагыл зæрдиагæй бацархайдта Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг епископ Леонид, — загъта Павлов. Нузалы аргъуан рацаразын федералон программæмæ бахæссын къухы бафтыд. Ивгъуыд азы та, æрæджы республикæйы культурæйы министрады лицензи чи райста, уыцы цæгатирыстойнаг компани «Хорс» историон цыртдзæвæны реставрацийы тендер рамбылдта. Петербургаг реставратортæ куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй историон цыртдзæвæн, æнхъæл куыд уыдысты, уымæй бирæ фыддæр уавæры ис. Æрмæджы технологион иртасæнтæ скæнынæн специалисттæ бацæттæ кодтой архитектурон-археологон барæнтæ, равзæрстой йын йе змæст æмæ дурамад. Цæвиттон, уазджыты ныхæстæм гæсгæ, аргъуаны фрескæтæн диссаджы ахадындзинад ис. Уымæн æмæ куыд загътой, афтæмæй 14-æм æнусы фыццаг æрдæгмæ хауынц. Ахæмтæ нæ бæстæйы цалдæр йеддæмæ нал баззад. Специалисттæ фембæлдысты Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг епископ Леонидимæ. Уый сын зæрдæ бавæрдта, æппæт мадзæлттæй дæр кæй архайдзæн, цæмæй проект фидæнмæ æххæстгонд æрцæуа æмæ хъæугæ цалцæгадонреставрацион куыстытæ конд æрцæуой. «Проект фæззæджы кæрон лæвæрд æрцæудзæн. Цалдæр хайы дзы ирон специалисттæ æххæст кæндзысты, уый фæстæ сæ куыст петербургаг æмкусджытæн фенын кæндзысты. Аргъуан нывыл уагмæ æркæнынæй уæлдай нæ хæсыл нымайæм нæхи специалистты сахуыр кæнын, цæмæй историон цыртдзæвæнтæ хъахъхъæнынады комитетимæ æмархайды фæрцы Ирыстоны реставрацигæнæн æрмæдзтæ саразæм», — загъта Павлов. Уымæй уæлдай ма петербургаг реставратортæ бабæрæг кодтой Захъайы Хъесаты хъæуы цур аргъуан. Реставратортæ куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй уал бацæттæ кæнын хъæуы проект, цæмæй ма ныккæла, ууыл бакусын, стæй йæ ногæй рацаразын.

ЦХУЫРБАТЫ Наталья

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here