Битарты Вячеслав æрлæууыд республикæйы Сæргълæууæджы бынаты

0
792

РЦИ-Аланийы Парламенты депутаттæ БИТАРТЫ Вячеславы Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæгæй куы равзæрстой, уый фæстæ райдыдта Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæджы бынаты æрлæууыны кадджын æмбырд.

Уырдæм хуынд æрцыдысты республикæйы Хицауады, министрадтæ æмæ ведомствоты, районты бынæттон хиуынаффæйады разамонджытæ, аивад æмæ культурæйы, дины кусджытæ, æхсæнадон организациты минæвæрттæ. Кадджын æмбырды архайдтой Цæгат Кавказы федералон зылды Уæрæсейы Федерацийы Президенты Æххæстбарджын минæвары хæдивæг Валерий Попков, Уæрæсейы Федерацийы Цæгат Кавказы хъуыддæгты министры хæдивæг Хацъæты Олег, Федерацийы Советы уæнгтæ Мамсыраты Таймураз æмæ Тотоонты Алыксандр, Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæйы депутаттæ, Хуссар Ирыстоны делегаци йæ сæргъы сæ Президент Тыбылты Леонид, Мæхъæлы делегаци йæ сæргъы Юнус-Бек Евкуров, Дагестан, Кæсæг-Балхъар, Цæцæн, Хъæрæсе-Черкесты официалон делегацитæ. Битарты Вячеслав Республикæ Цæгат ИрыстонАланийы Сæргълæууæджы бынаты æрлæууыны арды ныхæстæ уырыссагау æмæ иронау загъта æмбырды архайджытæн: — Уæрæсейы Федерацийы Президенты раз, Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты раз мæхицæн хæсыл нымайын Уæрæсейы Федерацийы Конституци, Цæгат Ирыстон-Аланийы Конституци æххæст кæнын, адæймаджы бартæ æмæ сæрибардзинæдтæн аргъ кæнын, паддзахаддзинад хъахъхъæнын. Республикæ Цæгат ИрыстонАланийæн сыгъдæгзæрдæйæ лæггад кæнын. Уый фæстæ ныхасы бар радтой республикæйы кадджын уазджытæн. Валерий Попков бакаст Цæгат Кавказы федералон зылды Уæрæсейы Федерацийы Президенты Æххæстбарджын Олег Беловенцевы арфæйы ныхæстæ æмæ ныстуантæ. Уæрæсейы Федерацийы Президенты æмæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты æууæнк стыр хъомыс у ахæм мадзæлттæ саразынæн, цæмæй фæхуыздæр уа республикæйы экономикæ, хъæууонхæдзарадон комплекс æмæ социалон къабазы архайды уавæртæ, æмæ дæ къухы æнтыстджынæй бафтæд. Битарты Вячеславæн ног бынаты тыххæй арфæ кæнгæйæ, Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид загъта: — Адæм æнхъæлмæ кæсынц сæ царды фæхуыздæрмæ, куысты бынæттæм, аккаг мыздмæ, медицинон æмæ ахуырады къабæзты хуыздæрæрдæм ивддзинæдтæм, æмæ сын сæ ныфс куыд нæ фæмæнг кæнай, республикæйы Сæргълæууæджы ном кадджынæй дæ бон хæссын куыд уа, ахæм арфæ дæ уæд. Уастырджи дын æххуыс кæнæд дæ зын, фæлæ кадджын фæндагыл! Цæгат Кавказы республикæты разамонджыты фæдзæхстмæ гæсгæ сæ номæй Битарты Вячеславæн йæ ног бынаты тыххæй зæрдæбын арфæтæ ракодта Мæхъæлы республикæйы Сæргълæууæг Юнус-Бек Евкуров. Уæрæсейы Федерацийы Цæгат Кавказы хъуыддæгты министрады коллегийы номæй Цæгат ИрыстонАланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеславæн йæ ног бынаты тыххæй зæрдæмæхъаргæ арфæйы ныхæстæ загъта Уæрæсейы Федерацийы Цæгат Кавказы хъуыддæгты министры хæдивæг Хацъæты Олег. Ныхасы бар райста УФ-йы Федералон Æмбырды Федерацийы Советы уæнг Тотоонты Алыксандр. Уый Битарты Вячеславæн арфæ ракодта Стъараполы, Цæгат Кавказы, Уæрæсейы Федерацийы Советы уæнгты æмæ Мамсыраты Таймуразы номæй, стæй Битары-фыртæн радта УФ-йы Федералон Æмбырды Федерацийы Советы Сæрдар Валентинæ Матвиенкойы лæвар — æхсаргард, — йæ сласыны сæр æй куыд никуы бахъæуа, фæлæ йын йæ царды ног фæндæгтыл ныфс æмæ ‘хсары хос куыд уа, ахæм арфæтимæ. Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæйы депутат Тайсауты Хъазыбег, Паддзахадон Думæйы Сæрдар Сергей Нарышкин æмæ депутатты номæй раарфæ кодта Битары-фыртæн. Садоны зды æмæ цинчы комбинаты кæддæры хицау, йе ‘мзæххон Туаты Алыксандр республикæйы цæрджыты номæй загъта, йæ чысылæй нырмæ йæ кæй зоны, æмæ æдзухдæр кæй уыд хицау йæ ныхасæн. Бафæдзæхста йын, цæмæй йæ дарддæры куысты дæр уыцы ахсджиаг миниуæг макуы фехала, цæмæй йæм адæм цы хорздзинæдтæм æнхъæлмæ кæсынц, уыдон йæ къухы бафтой æнтыстджынæй. Кадджын æмбырды Битарты Вячеславæн РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы бынаты æрлæууыны фæдыл арфæйы ныхæстæ загъта республикæйы Сылгоймæгты советы сæрдар Хабыцты Ларисæ. Культурæ æмæ аивады кусджыты номæй æмбырды раныхас кодта Евгений Вахтанговы номыл Уырыссаг академион театры актер æмæ режиссер, Уæрæсейы адæмон артист Вячеслав Вершинин. Арфæйы ныхæсты фæстæ уый ракуырдта Битарты Вячеславæй, цæмæй фидæны фылдæр æргом аздаха республикæйы аивад æмæ культурæйы кусджытæ æмæ кусæндæттæм. Фæсивæды номæй республикæйы Сæргълæууæгæн зæрдæмæхъаргæ арфæтæ ракодта Цæгат Ирыстоны медицинон академийы фæндзæм курсы студенткæ Аслæмырзаты Дзерассæ. Уый ныфс бавæрдта, республикæйы Сæргълæууæгæн, Ирыстоны фæсивæд æдзухдæр цæттæ кæй сты йæ фарсмæ æрбалæууынмæ æмæ, цы хорз хъуыддæгтæ араза, уыдоны йын баххуыс кæнынмæ. Йæ ныфсæвæрæн æмæ арфæйы ныхæстæ Дзерассæ фæцис йæхи фыст æмдзæвгæйæ:

Цæмæй ирон дзырд макуы уа æдых,
Цæмæй ирон дзырд фæсивæдæйхъусæм,
Хъæуы нæ раздзог
— Битары-фырт ды,
Цæмæй Ирыстон фидар уа æнусмæ.

Кæронбæттæны Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг арфæйы ныхæстæ загъта æмбырды архайджытæн æмæ сын зæрдæ бавæрдта, йæ ног бынаты кæй архайдзæн йæ хъарутыл нæ ауæрдгæйæ. — Республикæ Цæгат Ирыстон-Алани æз нымайын мæ хæдзарыл, мæ уарзон зæххыл. Йæ социалон-экономикон райрæзтæн куыд бирæ бакусын хъæуы, уый æмбарын. Мах базмæлын хъæуы хъæууон хæдзарад, промышленность, саразын хъæуы фадæттæ инвестицитæн. Мæ зæрдæ дарын, алыхуызон конфесситæ, национ-культурон æхсæнадтæ æмæ политикон тыхты фæрцы нæ иумæйаг хæдзары кæй уыдзæн æдзухдæр сабырдзинад æмæ кæрæдзи æмбарынад, уымæй аразгæ у нæ рухс фидæн, æмæ æз мæ зæрдæ дарын нæ иумæйаг архайдыл, — загъта йæ ныхасы кæрон Битарты Вячеслав.

КАСАТЫ Батрадз

Къамтæ систа КЪÆБЫСТЫ Харитон

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here