Цины æмæ фарны бæрæгбон

0
903

Адæймагыл цасфæнды азтæ куы рацæуы, уæддæр дзы никуы ферох вæййынц, æвзонгæй, рухс зæрдæимæ, æрвылбон цингæнгæйæ, æнæзивæгæй цы уарзон скъоламæ згъордта æмæ уым йæ хурзæрдæ æмгæрттимæ цы хъæлдзæг, амондджын бонтæ æрвыста, уыдон. Уыцы амондджын бонтæ рох не сты мæнæй дæр. Кæд мæ уарзон скъолайыл ныртæккæ 90 азы æххæст кæны, уæддæр мæнмæ афтæ кæсы, цыма не скъола нырма у æппæтæй æрыгондæр.

Нæй, никæддæр мæ ферох уыдзæн, æз, æвзонг чызг уæвгæйæ, фыццаг хатт Црауы скъолайы фæрныг къæсæрæй куы бахызтæн, уыцы амондджын бон. Уыимæ ахуыры бæрзæндтæм нæ цы диссаджы зондджын, алцызонæг, фæлмæнзæрдæ ахуыргæнджытæ хуыдтой, уыдонæн та уæдæ куыд ис ферохгæнæн! Хи ныййарджытау сæ уарзтам æмæ сæ уарзæм абон дæр. Мæ уарзон Црауы скъолайы ахуыргæнджытæн се ‘ппæтæн дæр зæрдиаг арфæ кæнын нæ кадджын иумæйаг юбилейы фæдыл! Ахæм рæсугъд, кадджын юбилейтæ ма бирæ азты дæргъы нæ уарзон Црауы скъолайæн куыд фæбæрæг кæнæм, Хуыцау нын ахæм амонд раттæд!

БИТАРТЫ Маринæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here