Битарты Вячеславы балц Цæцæны республикæмæ

0
695

Знон Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав Цæцæны республикæйы Сæргълæууæг Рамзан КАДЫРОВЫ хуындмæ гæсгæ кусæг балцы уыд Грознайы.

Битары-фырт архайдта цалдæр официалон мадзалы. Уыдоны нымæцы — Цæцæны республикæйы Сæргълæууæджы инаугураци. Уыцы цауы фæдыл кадджын æмбырд уыд Паддзахадон концертон залы. Зындгонд куыд у, афтæмæй 18 сентябры, хъæлæс кæныны иумæйаг бон, Цæцæны республикæйы цæрджытæ комкоммæ æвзæрстыты рæстæг регионы разамонæгæй равзæрстой Рамзан Кадыровы — йæ фарс рахæцыдысты æвзарджыты 97,94 проценты. Инаугураци баиу Рамзан Кадыровы райгуырæн бонимæ дæр — сæххæст ыл 40 азы. Уымæй уæлдай, знон Цæцæны сæйраг горæт Грозна дæр сбæрæг кодта йæ 198-æм гуырæнбон.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here