Аивады фарн кадджынæй хæссы

0
808

Аивады фарн æвидигæ у. Йæ хорзæхæй хайджын чи фæвæййы æмæ йæ дзыллæйæн стыр хæрзты чи бацæуы, уыдоны вæййы адæмы арфæйы хæрзиуæг. Æмæ йæ Иры зæххыл кадджынæй чи хæссы, уыдонæй иу у Цæгат Ирыстоны адæмон артист, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, режиссер, Оперæ æмæ балеты паддзахадон театры, стæй Дыгурон паддзахадон драмон театры директор, Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион театры артист ГÆЛÆУТЫ Анатоли. Ацы бонты йыл æххæст кæны 70 азы. Æрæджы йемæ фембæлд газет «Рæстдзинад»-ы уацхæссæг ГАСАНТЫ Валери. Æмæ се ‘хсæн рауад ахæм ныхас:

— Анатоли, дæ фæндаг аивадмæ куыд райдыдта?

— Æз астæуккаг скъолайы аст къласы каст фæдæн Мызуры. Мæ райгуырæн горæт Алагиры та кусæг фæсивæды скъолайы каст фæдæн фарæстæм æмæ дæсæм кълæстæ. Уыцы-иу рæстæг куыстон Алагиры хъæдгуыстгæнæг фабричы. Уым уыд хихъæппæрисадон къорд. Æвæрдтам дзы чысыл спектакльтæ. Æмæ уыдоны архайдтон. Нæ архайдимæ базонгæ уæвыны нысанимæ нæм-иу Ирон театрæй ныццыд Уæрæсейы Федерацийы адæмон артист Икъаты Мæирбег. Æмæ нын-иу амыдта сценикон аивады сусæгдзинæдтæ. Æз мæ мидзæрдæйы бæллыдтæн кинойы актер суæвынмæ. Уый та уæд Мызуры кинотеатры федтон киноныв «Песня первой любви». Рашид Бейбутов та дзы сæйраг ролы хъазыди.Мæ зæрдæмæ тынг фæцыди, æмæ Мызуры интернаты æмдзæрæнмæ куы æрбацыдтæн, мемæ ма дзы царди Михаил Суслов, æмæ уый раз афтæ зæгъын «Черт побери я буду актером». Афтæ арф мæ зæрдæйы бацыд йæ арæзт сурæт. Уæдæй фæстæмæ мæхицæн скарстон аивады фæндагыл цæуын кæй хъæуы, уый. Иу аз бакуыстон хъæдгуыстгæнæг фабричы. Æмæ уалынмæ Ирон театры æвзæрстой фæсивæд Мæскуымæ Щукины номыл театралон училищемæ ахуырмæ арвитыны тыххæй. Тынг бирæ фæсивæд æрбамбырд театры. Къамис та хъуамæ равзæрстаид фондз адæймаджы. Афтæ рауад æмæ уыцы фондзæй æз сæ иу уыдтæн. Хъуыды-ма йæ кæнын Брытъиаты Зариффæ уыдис къамисы сæрдар. Йемæ ма уыдысты Тæбæхсæуты Бало, Саламты Къола, Сланты Къоста, Хъалæгаты Федыр, Хуырымты Уырызмæг. Ирон театры стъалытæ. Мæскуымæ куы ныццыдыстæм æмæ æппæт æвзарæн туртæ куы ацыдыстæм, уæд нын загътой, уе ‘ппæтмæ дæр ис курдиат, фæлæ институты ахуырмæ нæ бон райсын у æрмæстдæр дыууæ адæймаджы. Уæд æз афтæ фæкодтон, цæй, зæгъын, мæнæ махæй хистæр чи у, уыдон баззайæнт ахуырмæ, мах та фæстæдæр нæхи бафæлвардзыстæм. Æмæ уæд немæ чи ацыд Мæскуымæ, уыдонæй тетралон училищейы баззадысты Баскаты Уырызмæг æмæ Цырыхаты Розæ. Уырдыгæй куы сыздæхтæн Дзæуджыхъæумæ, уæд кусынмæ бацыдтæн автотранспортон куыстуатмæ. Мæ куыст дзы тынг хорз цыд. Иуахæмы мæм фæдзырдта куыстуаты директор (йæ мыггаг ын нал хъуыды кæнын) æмæ мын афтæ: «Ис нын гæнæн Анатоли дæу Ростовмæ арвитынмæ, цæмæй дзы инженеры дæсныйадыл сахуыр кæнай». Æз дзы фæбузныг дæн, фæлæ йын загътон, мæнæн, зæгъын, мæ зæрдæ театралон аивадмæ æхсайы. Кæд мын уыцы дæсныйадыл сахуыр кæнын нæ бантыса, уæд дын дæ курдиат сæххæст кæндзынæн. Уæд дæр æмæ ныр дæр техникæ бирæ уарзын, мæ зæрдæмæ тынг цæуы рог автомашинæтимæ архайын, абон дæр æнæ хæдтулгæ нæ дæн. Æмæ та 1965 азы æвзæрстой Мæскуыйы Луначарскийы номыл театралон аивады институтмæ ирон студимæ фæсивæды. Ацы хатт мæ бæллиц сæххæст — сдæн институты студент. Каст æй фæдæн 1970 азы. æмæ кусын райдыдтон Цæгат Ирыстоны Ирон драмон театры.

— Дæ фыццаг роль ма хъуыды кæныс?

— Уый уыди Темыраты Дауыты пьесæмæ гæсгæ æвæрд спектакль «Фæндыры хъарæджы» Батыры фæлгонц.Дыууæйæ йæ хъазыдыстæм Бокоты Хъазыбегимæ. Тынг уæззау роль уыдис. Архайд цæуы Фыдыбæстæйы Стыр хæсты азты. Æвдыст дзы æрцыд, немыцмæ уацары чи бахауд æмæ фашистты фарс чи фæцис, ахæм æфсæддоны сурæт. Спектаклы кæрон æм фæсмон æрцыд, немыцы ныхмæ рацыд æмæ йæ амардтой. Мæ арæзт сурæт мын Хуыгаты Геор куы федта, уæд мæм йæ кусæн уатмæ фæдзырдта æмæ мын афтæ зæгъы Саламты Къолайы пьесæ «Сæрмæт æмæ йæ фырттæ» райс æмæ йæ бакæс, стæй аныхас кæндзыстæм. Уый та уыди зындгонд спектакль. Хъазыдысты дзы Ирон театры амæй ай курдиатджындæр артисттæ. Куы йæ бакастæн, уæд мæ Геор бафарста ногæй, куыд дæм фæкаст, зæгъгæ. Æз ын мæ хъуыдыйæ бамбарын кодтон, мæ зæрдæмæ кæй фæцыд, уый. Æмæ мын Геор афтæ: «Ныртæккæ Уататы Бибо ам нæй, кæмдæр кино исы, æмæ ацы спектаклы йæ бæсты ды Аслæнбеджы сурæт куы саразис, уæд хорз уаид». Æз мæхиуыл дызæрдыг кодтон, фæлæ мын уыцы дызæрдыгдзинад Геор айста. Ма тыхс, зæгъы, æз дæм лæмбынæг æркастæн, дæ фыццаг ролыл куыд бакуыстай, уымæ. Æрдзæй дæм курдиат ис æмæ йæ ацы спектаклы равдисынмæ ма бахæлæг кæн. Райдыдтон кусын мæ фæлгонцыл. Æнцон мын нæ уыд, фæлæ мын цæстуарзонæй æххуыс кодтой Тæбæхсæуты Бало, Саламты Къола, Хъалæгаты Федыр, Хуырымты Уырызмæг, Беккуызарты Орзетæ… Се ууæнк мыл ныфсы базыртæ сагъта. Мæхицæй не ‘ппæлын, фæлæ мæ роль хорз рауад. Уæдæй фæстæмæ мын спектакльты сæйраг рольтæ арæхдæр лæвæрдтой.

— Цæмæй дæ æцæг артист рауайа, уый тыххæй дæ удыхъæд цавæр миниуджытæй хъуамæ уа хайджын?

— Мах дæсныйад æууæнкимæ баст у. Роль куы райсай æмæ йыл куы кусай, уæд ды цавæрдæр бæлвырд уавæрты архайыс. Драматург цы уавæры бакæны йæ хъайтары, ууыл хъуамæ сывæллонау æууæндай. Хъуамæ зæгъай дæхицæн: «æз мæ хъайтары уавæры куы бахауон, уæд цымæ мæхи куыд дардзынæнæ». А мæхæдæг афтæ дардзынæн мæхи, фæлæ мæ хъайтар та йæхи куыд дардзæн? Æппæты сæйрагдæр та дæм хъуамæ уа æрдзон курдиат. Мæнæ иуæйиутæ артисты дæсныйадмæ уæлæнгай цæстæй кæсынц. Фæлæ театрдзауты размæ рацу, сæ зæрдæмæ сын сæрмагонд фæндаг ссар, уый æнцон нæу. Уый стыр бæрнондзинад у. Артисты царды курдиат æмæ куыстуарзондзинад æмцæдисон куы уой, уæд фæндаг размæ цæуы, уæлахизмæ.

— Ды сарæзтай Иры нæртон хъæбул Къостайы сурæт Мецъаты Хъазыбег æмæ Черчесты Барисы фыст пьесæ «Къостайы сагъæстæм» гæсгæ æвæрд спектаклы. Генион поэты фæлгонцыл куыд куыстай, стæй цавæр цæлхдуртыл сæмбæлдтæ?

— Уыцы фæлгонц саразыны размæ, æз куыд актер, бирæ кастæн Къостайы уацмыстæ сценæйæ. Йæ цардвæндаг ын зыдтон, кæм райгуырд, йæ сабибонтæ куыд арвыста. Суанг ма йæ мыггаджы равзæрд. Йæхи ирон лæг чи хоны, уый хъуамæ зона Къостайы цард æмæ сфæлдыстад. Бекъойты Розæ æвæрдта спектакль «Къостайы сагъæстæ». Пьесæйы авторты та фæндыд, цæмæй сæйраг ролы ахъазой Ирон театры æрыгон актертæ. Æз ыл кусдзынæн уый мæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд. Фæлæ Бекъойты Розæ загъта, мæн кæй уыны, уыцы ролы, уый. Йæ хъуыды бамбарын кодта Ирон театры уæды аивадон разамонæг, Уæрæсейы Федерацийы адæмон артист Уататы Бибойæн, æмæ уый дæр Розæйы ныхасыл дыууæ нал загъта. Æнцон кусæн нæ уыд ацы ролыл. Уымæн æмæ мæ размæ Ирон театры сценæйы Къостайы сурæт сарæзтой стыр артисттæ Темыраты Дауыт æмæ Икъаты Мæирбег (уый ма Къостайы ролы кинойы дæр хъазыд). Иттæг хорз рауад сæ куыст, адæмы зæрдæмæ ссардтой фæндаг ацы сурæттæ. Ацы пьесæ та мын зонгæ уыд. Æз афтæ хъуыды кодтон уæд дæр æмæ абон дæр афтæ хъуыды кæнын. Къоста генион поэт, дæсны нывгæнæг, адæмы сæрхъуызой кæй уыд, уый равдисын мæм фаг нæ каст. Мæн бахъуыд бацæуын арф уыцы сурæты æмæ уырдыгæй акæсын йæ цардмæ. Къоста царды æнамонд адæймаг уыд. Уарзондзинадæй йын хай нæ уыди, Ирыстонæй йæ цалдæр хатты фæтардтой, уæды рæстæджы хицауады ныхмæ мæгуыр адæмы сæрыл кæй дзырдта, уый тыххæй. Æз мæ райгуырæн Алагирмæ куы нæ ныццæуын къуырийы дæргъы, уæд мын цард ад нæ кæны. Къоста та Ирыстонæй хаст уыд. Ам та йæ хæстæгдæр хæлæрттæ чи уыдысты? Цæлыккаты Аннæ, Варварæ Шредерс… æрвылбон дæр кæимæ æмбæлди, уыцы адæм. Мæнæн мæ сæйрагдæр хæс уыди спектаклы Къостайы хъысмæты æнамонддзинад равдисын, ууыл театрдзауы баууæндын кæнын. Къостайы царды фæстаг бонтæ та уæлдай зын уыдысты. Уыцы уавæрмæ йæ цы æртардта, уый мæ равдысын бафæндыд. Мæнмæ гæсгæ, уый мæ къухы бафтыд. Спектакль куы æвдыстам æмæ нæ равдыст куы ахицæн, уæд дын мæ гримгæнæн уатмæ фæцæйцыдтæн æмæ дын сценæмæ бахизæны Темыраты Дауыт æмæ Икъаты Мæирбег лæууынц. Æгъдауыл мын арфæ ракодтой, стæй мын загътой Къостайы сурæт сценæйы равдисынмæ ног хуызы кæй бацыдтæн, уый тыххæй, зæгъы, дæм мах тæхуды кæнæм. Ды йæ куыд бæлвырдæй равдыстай, мах рæстæджы уыцы бар нæ уыд. Нæ курдиатджын адæмы кæй нæ хъахъхъæнæм, уыцы проблемæ дæр æвдыст æрцыд спектаклы.

— Дæхи цот дæр баст сты аивадимæ, театримæ. Уыцы фæндаг дæумæ гæсгæ равзæрстой?

— Йæ рæстæджы Ирон театры аивадон разамонæг куы сдæн, уæд Гергиты Валерийы номыл аивæдты училищейы байгом кодтам студи. Фæсивæды Мæскуымæ ахуырмæ æрвитынмæ республикæмæ æхца кæй нæ уыд, уæд уый тыххæй рахастам ахæм фæнд. Ахуыргæнджытæ дзы уыдысты Брытъиаты Зариффæ æмæ Беккуызарты Орзетæ. Афæдз куы акуыстам, уæд мæм иу бон Зариффæ æмæ Орзетæ æрхатыдысты æмæ мын загътой, дæ чызг Зæлинæйы, зæгъынц, фæнды мах студийы ахуыр кæнын. Æз сын загътон, зæгъгæ, уый тыххæй æз куы ницы зонын. Уый та куыд, кой дæр æй ма скæнут. Ома, зæгъынц, иронау афтæ рæсугъд дзуры. Уый та, зæгъын, мæ хъомылад у. Æз мæ лæппу æмæ чызджы нæ хæдзары уырыссагау дзурын нæ уагътон. Уырыссагау-иу куы сдзырдтой, уад сын-иу сæ былтæ бакъуырдтон. Хъуамæ алы ирон чызг йæ мадæлон æвзаг хорз зона. Нæ, загътой, дæ чызгмæ курдиат ис, æмæ кæд махæн аргъ кæныс, уæд махмæ байхъус. Кæд сарæхса, уæд ахуыр кæндзæн, кæд нæ, уæд та рæстæг йæхи амондзæн. Мæ чызг æнтыстджынæй каст фæци уыцы студи, уый фæстæ ма ахуырмæ бацыд ЦИПУ-йы филологион факультетмæ. Уым дæр йæ ахуыр кæронмæ æнтыстджынæй ахæццæ кодта. Ныртæккæ у Ирон театры артисткæ. Лæппуйæн та афтæ рауад йæ хъысмæт. Уататы Бибо Мæскуымæ Щукины номыл театралон институтмæ арвитынмæ æмбырд кодта фæсивæды. Нæ республикæйæн дзы бынæттæ лæвæрдтой актерты æмæ режиссерты хайадмæ. Конкурс кæм цыд, уырдæмиу нæ лæппу дæр бацыд. Ахуыр та уый размæ юристы дæсныйадыл кодта. Æмæ мын иу бон афтæ зæгъы, ныртæккæ дын цыдæр зæгъдзынæн, æрмæст ма смæсты у. Æз фæтарстæн, цы ‘рцыди, зæгъгæ. Уæд мын загъта, Мæскуымæ йæ Щукины номыл театралон институтмæ кæй фæнды ацæуын режиссеры дæсныйадыл ахуыр кæнынмæ. Мæ зæрдæйы, зæгъы, уыцы фæндон рагæй дардтон, фæлæ йæ, зæгъы, дæуæн схъæр кæнын æфсæрмы, стæй нæуæндæгау кодтон. Æз æрвдзæфау фæдæн. Загътон ын, Аслæнбег, уый æнцон нæу. Омæ, дам, æй зонын, фæлæ мæ, зæгъы, тынг фæнды. Хорз, зæгъын, уæдæ. Æрмæст зон, æз дын ам ницы æххуыс кæндзынæн. Дæ хъару æмæ дæхæдæг. Бацæттæ кодта фæлварæнтæм цы хъуыд, уыцы æрмæг æмæ йæ райстой. Бæргæ мæ нæ фæндыд, фæлæ афтæ рауад.

— Уыдтæ ирон академион театры аивадон разамонæг æмæ режиссер. Ныртæккæ та де сфæлдыстадон архайд ацы сфæлдыстадон артдзæстимæ цас æнгом баст у?

— Ирон театры æхсæз азы уыдтæн актер. Мæ хъуыддæгтæ дзы тынг хорз цыдысты, куыст мын дзы бирæ уыд. Фæлæ иу афон мæ зæрдæ режессурæмæ ахсайдта. 1976 азы кæд нырма артист уыдтæн, уæддæр сæвæрдтон Годжыцаты Исахъы пьесæмæ гæсгæ спектакль «О, ацы фæсивæд». Уыцы куыстмæ та мæ сразæнгард кодта Уæрæсейы Федерацийы адæмон артист Хуыгаты Геор. Ацы пьесæйыл кусын райдыдтам. Цыдæртæ дзы мæхæдæг аивтон, цыдæртæ та Исахъæн ногæй ныффыссын кодтон. Спектакль срæвдз, æмæ Ирон театры фæцыди æхсæрдæс азы. Æз режессерыл ахуыр кæнынмæ Мæскуымæ æвиппайды нæ ацыдтæн. Фæлæ мæхицæн загътон, уыцы куыстмæ сарæхсдзынæн æви нæ, уый хъуамæ театры базонон. Уымæн æмæ режиссеры куыст канд мизансценæтæ сæвæрынæй нæ хицæн кæны, уым артисттимæ кусын æмæ хъуыды кæнын хъæуы. Уымæн æмæ алы фæлгонц дæр у хицæн архайæджы хъысмæты ныв. Уый мын уыди стыр фæлварæн æмæ фæрæстмæ ис. Уый фæстæ ацыдтæн ахуырмæ Мæскуымæ, театралон институты уæлдæр режиссерон курсытæм. Куы ссыдтæн, уæд Ирон театры сæйраг режиссерæй Брытъиаты Зариффæ райдыдта кусын. Хъуамæ мæ дипломон спектакль сæвæрдтаин театры, фæлæ мын Зариффæ афтæ зæгъы, мæнæ нæм болгайраг режиссер æвæры Иордановы пьесæ «Æнахуыр уарзондзинад». Æмæ дзы ды, зæгъы, сæйраг сурæт куы саразис, уый мæ тынг фæнды. Æмæ уал, зæгъы, дæ дипломон спектакль фæстæдæрмæ фæуадзæм, фæлæ уал мæнæ ацы спектаклыл бакусæм. Уæд дысвæлдæхтæй бавнæлдтон ацы куыстмæ. Ацы спектаклимæ архайдтон сæрмагонд æппæтцæдисон конкурсы, æмæ дзы куыд сæйраг фæлгонц саразæг, райстон фыццаг преми. Уый фæстæ 1978 азы, сæвæрдтон мæ дипломон спектакль «Дæ зæрдæмæ ныккæс»(Мар Байджиевы пьесæмæ гæсгæ). Ирон театры спектакльтæ рагæй нал сæвæрдтон. Ныртæккæ та куыд актер, афтæ архайдзынæн Сабанты Тамерланы æвæрд спектакль «Фатимæ»-йы. Уым аразын Наибы фæлгонц. Мæ чызг Зæлинæ та дзы Фатимæйы ролы хъаздзæн.

— Анатоли, ды дæ Оперæ æмæ балеты паддзахадон театры, стæй Дыгурон паддзахадон драмон театры директор. Де сфæлдыстадон архайд дыууæ рухсадон артдзæсты цардыл куыд ахады, уый тыххæй ма нын радзур?

— 2008 азæй нырмæ Уæрæсейы Федерацийы адæмон артисткæ Гергиты Ларисæйы хуындмæ гæсгæ, Оперæ æмæ балеты театры кусын директорæй. Уыцы хæс мыл æвæрд ис 2011 азæй Дыгурон паддзахадон театры дæр. Оперæ æмæ балеты театры сæвæрдтон дæс азы размæ мæ фыццаг спектакль «Али-Баба æмæ цыппор абырæджы». Фæстæдæр та Петр Чайковскийы оперæ «Иоланта», Ж. Бизейы оперæ «Кармен», Махъоты Ацæмæзы оперæ «Алантæ», Хъаныхъуаты Ларисæйы оперæ «Нарты фæткъуы», Петр Чайковскийы оперæ «Евгений Онегин», Грайль Ханеданьяны оперæ «Тамарæ æмæ Дауыт-Сослан», Вердийы оперæ «Трубадур»… Дыгурон драмон театры та сæвæрдтон Гальдонийы пьесæ «Мерандолина», Эдуардо де Фелиппойы пьесæ «Танго нашей любви», Ж. Ануйы пьесæ «Медея». Хæрз æрæджы та æрыгон курдиатджын актер æмæ режиссер, Кæсæг-Балхъары æмæ РЦИ-Аланийы сгуыхт артист Уалыты Гиви сæвæрдта мæхи фыст публицистон драмæ-фантази «Нывгæнæг». Уым æвдыст цæуы номдзыд нывгæнæг Тугъанты Махарбеджы цард æмæ сфæлдыстадон фæндаг. Сæйраг сурæт дзы сарæзта æрыгон курдиатджын артист Тогъойты Антон. Драмæ æвæрд æрцыд Тугъанты Махарбеджы райгуырды 135 азы бонмæ.

— Дæ 70 азы юбилейы фæдыл дын бирæ адæм арфæ кæндзысты. Дæхи зæрдæ та Ирыстоны дзыллæйæн цы зæгъы? — Мæ Иры дзыллæ æнæмаст цард кæнæд, хатыр кæнын зонæд, Уæрæсейы адæмты ‘хсæн цæргæйæ, нæ кад, нæ намыс, не ‘взаг, нæ культурæ куыннæ фесафæм, Хуыцау нын уыцы арфæ ракæнæд. Нæ сабиты сæ ныййарджытæ ирон æвзаг æмæ æгъдауыл куы ахуыр кæной, уæд нæ сомбон æвæсмон кæй уыдзæн, ууыл æз дызæрдыг нæ кæнын. — Бузныг, Анатоли!

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here