Цæгат Ирыстон цæттæ кæны Дудараты Вероникæйы юбилеймæ

0
797

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав дзы сæрдариуæг кодта, афтæмæй уыд зындгонд дирижер, ССР Цæдисы адæмон артисткæ Дудараты Вероникæйы 100 азы юбилеймæ цæттæ кæныны организацион комитеты æмбырд.

Дирижеры кадæн цы мадзæлттæ арæзт æрцæудзæн, уый тыххæй бæстон радзырдта республикæйы культурæйы министр Сихъоты Тимур. Йæ ныхасмæ гæсгæ, номарæн мадзæлттæ уыцыиу рæстæг цæудзысты Мæскуы æмæ Дзæуджыхъæуы. 4 декабры Дудараты Вероникæйы кадæн Мæскуыйы П.И. Чайковскийы номыл паддзхадон консерваторийы стыр залы концерт ратдзæн симфонион оркестр «Новая Россия» Юрий Башметы разамындæй. 5 декабры та ирон диаспорæйы минæвæрттæ, Паддзахадон Думæйы депутаттæ æмæ Федерацийы Советы уæнгтæ Цæгат Ирыстонæй, УФ-йы Президенты цур РЦИ-Аланийы Иудадзыгон минæварады кусджытæ æмæ Вероникæйы хиуæттæ дидинджытæ сæвæрдзысты дирижеры ингæныл. Уыцы бон ма Мæскуыйы паддзахадон консерваторийы стыр залы цы «тымбыл стъол» уыдзæн, уый архайджытæ æрдзурдзысты дирижеры цард æмæ сфæлдыстадыл. Фембæлд амондзæн УФйы Президенты сæрмагонд минæвар дунеон культурон æмгуыстады фарстатыл фæдыл Михаил Швыдкой. Уый фæстæ номарæн концерт ратдзæн Паддзахадон симфонион оркестр (йæ разамонæг Павел Коган). 10 декабры Мæскуыйы Кинойы хæдзары уыдзæн Цориты Султаны ист документалон киноныв «Крещендо. Большие дирижеры из маленькой Осетии». Æмбырды куыд загъдæуыд, афтæмæй цæттæгонд æрцыдысты Дудараты Вероникæйы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй къамтæ æмæ æндæр æрмæджытæ. Уыдонимæ базонгæ уæвæн уыдзæн, 11 декабры Мæскуыйы паддзахадон консерваторийы стыр залы фойейы цы равдыст байгом уыдзæн, уым. Мæскуыйы юбилейон мадзæлтты кæронбæттæны уыдзæн, Санкт-Петербурджы Марияйы театры симфонион оркестр Гергиты Валерийы разамындæй кæм архайдзæн, ахæм кадджын изæр. Организацион комитет цымыдисаг программæ бацæттæ кодта нæ республикæйы цæрджытæн дæр. Уыдоны нымæцы: къамты равдыст (уый 5 декабры байгом уыдзæн Тугъанты Махарбеджы номыл Аивадон музейы), дирижеры сфæлдыстады тыххæй «тымбыл стъол»… Номарæн мадзæлтты фæлгæты арæзт æрцæудзæн концерт «Парад дирижеров». Юбилейы пъланыл бæлвырд æрныхас кæныны фæстæ республикæйы Сæргълæууæг культурæйы министр Сихъоты Тимурæн бахæс кодта, цæмæй фæбæстондæр кæной иуæйиу мадзæлттæ æмæ кæронмæ алыг кæной æппæт организацион фарстатæ дæр. Юбилейы мадзæлтты кæронбæттæн пълан фидаргонд куы ‘рцæуа, уæд мыхуыргонд æрцæудзæн дзыллон информацийы фæрæзты.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here