Нæ ирон аив ныхас адæммæ чи хæссы, уыдон сты республикон газеттææмæ журналтæ: «Рæстдзинад», «Дигорæ», «Мах дуг», «Ирæф»æмæ «Ногдзау». Ивгъуыдæнусы йæхи ирон чидæриддæр хуыдта, уыдон,æнæмæнг, фыстойæмææхсызгонæй кастысты куыд газеттæ, афтæ журналтæ дæр. Уæлдайдæр та — газеттæ. Ирон газеткæсæджы бæрц хæццæ кодта 50-60 мин адæймагмæ.
Уыцы газеттæ ма абон дæр сты. Кæд сын цыфæнды зын у, уæддæр сæ къæхтыл фидар лæууынц. Нæ кæнынц стырзæрдæ сæ уарзон газеттыл. Уыдонæй иу у иронæвзаджы дыгурон диалектыл цæуæг газет «Дигорæ». Ацы газет хуымæтæджы нæ сæвзæрд. Бирæ азты дæргъы йæ чи кæсы, уыдон зонынц, газеты бындурæвæрджытæй иу, йæ фыццаг редактор Малиты Батрадз газетæн бындур цы уæззау уавæрты сæвæрдта, уый. Куы равзæрд, уæдæй абоны онг йæ кæсджытæн сæ зæрдæтæ рухс кæны хорзæрмæджытæй. 2005 азы Сакъиты Эльбрус «Дигорæ»-йы сæйраг редакторæй нысангонд куы ‘рцыд, уæд газет рафæлдæхта йæ историйы ног сыф. Сакъийы-фыртыæрбацыдимæ газетæн хорзæрдæм аивта йæ ныхасыхъæд, йæ фæлгонц. Уæдæ кусджыты ‘хсæн дæр Эльбрус ныффидар кодта ног традицитæ, ногæгъдæуттæ, уыдонимæ — газеткæсджытимæ фембæлдтытæ.æмæ таæртыццæджы, Эльбрусæмæ йе ‘мкусджытæ республикон Национ наукон чиныгдоны залы фембæлдысты сæ газеткæсджытимæ, цæмæй иумææрдзурой газеты фидæныл. Уазджыты ‘хсæн уыдысты нæ республикæйы Парламенты Сæрдары фыццаг хæдивæг Къесаты Станислав, нæ республикæйы Журналистты цæдисы сæрдар Хъуысаты Тимур, поэт Колыты Витали, скульптор, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат Дзбойты Михал, поэт, журналист Къадзаты Станислав, нæ республикæйы мыхуырыæмæ дзыллон-хабархæссæг коммуникациты комитеты сæрдар Дзгойты Ольгæ, пысылмон дины минæвæрттæ, газет «Рæстдзинад»-ы уацхæсджытæ — поэт Абайты Эдуард, Касаты Аслæнбег, нæ республикæйы адæмон артист Дауыраты Эдуард, зарæггæнæг Секъинаты Альбинæ, паддзахадон филармонийы адæмон инструментты оркестр, йæ разамонæг Ходы Олегæмææндæр хорз адæмтæ.æмбырд амыдта Секъинаты Альбинæ, уый йæ фæлмæнæмæ уæздан хъæлæсæйæгасцуай загъта уазджытæн. Чысыл кинонывы хуызы скодта афæлгæст газеты историйыæмæ музыкалон саламæн ныхасы бар радта Ходыфырты оркестрæн. Уæзданæмæ зæрдæмæхъаргæ музыкалон зæлтæй ныхас йæхимæ айста газет «Дигорæ»-йы сæйраг редактор Сакъиты Эльбрус. Уый раарфæ кодта уазджытæн, кæй ссардтой рæстæгæмæ сæ фарсмæ кæйæрбалæууыдысты. Историон зонæдты доктор, профессор, публицист, фыссæг, Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон премийы лауреат, Ирыстоны намысы ордены кавалер Мæхæмæтты Ахуырбегæн ныхасы бар куы радтой, уæд куыд иннæ хæттыты, афтæ ныр дæр уæздан хъæлæсæйæппæт уазджытæн дæр салам радтаæмæ сын раарфæ кодта ивгъуыд бæрæгбоны фæдыл: «Уе ‘ппæты дæр Уастырджийы хорзæх уæд. Хъахъхъæнæд уææмæ йæ фæдзæхст ут!æз газет «Дигорæ» кæсын йæ фыццаг бонтæй абоны онг. Зонын ын йæ алы фæзилæн дæр. Йææрмæджытæ йын фæкæсынæхсызгонæй. Мæ хæдзарвæндагæй чидæриддæр у, уыдон иууылдæр рафыссынц ацы газет». Газеты тыххæй ма хъарм ныхæстæ загъта Къесаты Станислав дæр. Уый хыгъд баххæст кодта уый,æмæ айдагъ газет «Дигорæ» нæ, фæлæ кæцыфæнды газет уа, гъе, журнал, фыссын хъæуы тыхæй нæ, фæлæ зæрдиагæй. Уымæнæмæ газет кæсгæ куы нæ кæнай, афтæмæй йæ куы исай, уæд дзы пайда нæй.
КАСАТЫ Аламир