Ивгъуыд цыппæрæмы горæт Дзæуджыхъæуы паддзахадон ахуыргæнæндон прогимнази «Эрудит»-ы хъомылгæнинæгтæн уыд фембæлд Регионалон æхсæнадон экологион змæлд «Подари Земле Сад»-ы минæвæрттимæ. Ацы æхсæнадон змæлды уæнгтæ ныридæгæн къорд азы дæргъы зилынц сывæллæтты хъомылгæнæндæттыл æмæ сын бакæсынц лекцитæ, цы у æрдз, цы пайда хæссы адæймагæн æмæ йæ куыд хъæуы хъахъхъæнын, уый тыххæй.
Лекцитæ вæййынц тынг цымыдисаг. Кинонывы хуызы сын равдисынц æрдз куыд улæфы, бæлас куыд рæзы. Цыбыр дзырдæй сывæллæтты æмбарынад уæрæхдæр кæны цæстуынгæ æрмæджы фæрцы. Ацы хатт дæр та æхсæнадон змæлды минæвар Максим Грицук сывæллæттæн ахæм цымыдисаг лекци бакаст, æмæ йæм ахуыргæнджытæ дæр тынг лæмбынæг ныхъхъуыстой. Скъолайы директоры хæдивæг Икъаты Еленæ куыд загъта, афтæмæй ахæм фембæлдтытæн ис стыр ахадындзинад. Уымæн æмæ сывæллон иу исты цымыдисаг хабар куы базоны, йæ зæрдæмæ йæ арф куы айсы, уæд æй фæфæнды ноджы тынгдæр раргом кæнын уыцы фарста. Райдайы фæрсын ныййарджыты, ахуыргæнджыты. Фæрсын æмæ цымыдисдзинад та стыр æххуыс сты сывæллоны сæры магъз кусын кæнынæн. Лекцийы кæронбæттæны сывæллæттæм æнхъæлмæ каст диссаджы лæвар. Сæ уазджытæ сын семæ æрбахастой тулдз бæлæсты мыггæгтæ. Сывæллæттæ сæ ныссагътой, развæлгъау сын цы сæрмагонд бынæттæ скодтой, ахæм мигæнæнты. Уырдæм сыл дон кæндзысты, зилдзысты сæм æмæ уалдзæгмæ талатæ куы суадзой, уæд сæ ныссадздзысты скъолайы кæрты.
КАСАТЫ Аламир