Дзæуджыхъæуы Ихын галуаны цыппар боны спортуарзджытæ æвдисæн уыдысты æвзонг хоккеистты цымыдисаг ерыстæн. Нæ командæ «Алани-2005»-ы уазæг уыди Донецкы æрыгон хоккеистты командæ «Донецк».
Дыууæ командæйы 5—8 февралы фæд-фæдыл акодтой цыппар хъазты Уæрæсейы Хуссайраг зонæйы фыццаг бынат бацахсыныл ерысты фæлгæты. Цыппар фембæлды дæр æрыгон (11-аздзыд) хоккеисттæ равдыстой æцæг лæгдзинад. Ихыл уыцы бонты цы цырд архайд кодтой дыууæ командæйы дæр, уый уыди спортивон рæсугъд ерыс. Фыццаг фембæлды дзæуджыхъæуккаг хоккеисттæ фæуæлахиз сты 4:2 хыгъдæй. Дыккаг æмæ æртыккаг фембæлдтыты дæр уæлахиздзау уыдысты «Алани2005»-ы хъазджытæ. Тынг хъазуатон рауад æртыккаг фембæлд. Донецкаг хоккеисттæн хъазты фыццаг хайы бантыст размæ рацæуын. Суанг хъазты дыккаг хайы кæронмæ ‘ввахс дæр ма хыгъд уыди 0:2 «Донецк»-ы пайдайæн. Уыцы уавæры нæ лæппутæ равдыстой стыр лæгдзинад, æмæ сæ къухы бафтыд хыгъд сраст кæнын. Ерысты уагæвæрдмæ гæсгæ сын лæвæрд æрцыд уæлæмхасæн рæстæг, фæлæ уый фæстæ дæр хыгъд 2:2-йæ баззад. Æппынфæстаг, уæлахизуæвæг командæ бæрæггонд æрцыд, хоккейон «пенальти» кæй хонынц, ахæм иварон цæфтæй («буллит»-æй). Ацы æвзарæнты сæрæндæр разындысты дзæуджыхъæуккæгтæ. Нæ дуаргæс Хъодзаты Георги йæхи сайын нæ бауагъта æмæ фæд-фæдыл йæ кулдуар бахъахъхъæдта æртæ «буллит»æй. Уый хыгъд нæ размæбырсæг Вячеслав Радченкойæн бантыст донецкæгты хызы иу шайбæ бакъуырын. Афтæмæй «Алани2005» фæуæлахиз æртыккаг хатт. Бынтон хъазуатон рауад дыууæ командæйы фæстаг фембæлд. «Донецк»-ы хоккеисттæ хъазты райдайæны атындзыдтой размæ æмæ сæ къухы бафтыд хъазты фыццаг хайы размæ рацæуын 1:0 хыгъдæй. Нæ хоккеисттæ хыгъд сраст кæныныл архайдтой, цалдæр хатты сын уыд хорз гæнæнтæ, фæлæ фидар фæлæууыд уазджыты дуаргæс Ярослав Сисюк æмæ бахъахъхъæдта йæ кулдуар. Хъазты дыккаг хайы та уазджытæ ногæй фæцырд сты æмæ бакъуырдтой дыккаг шайбæ «Алани-2005″-ы кулдуары. Уый фæстæ хъазт ноджыдæр фæхъазуатондæр ис. Дзæуджыхъæуккæгтæн бантыст хъазты æртыккаг хайы хыгъд 2:2 скæнын, фæлæ уæддæр уыцы бон спортивон амонд донецкаг лæппуты фарс уыди, æмæ уыдон фæуæлахиз сты 3:2 хыгъдæй. Нæ уазджыты цинæн ма кæрон кæм уыд! Æмæ сын бамбарæн ис. Ацы æрыгон лæппутæн, ныртæккæ сæ райгуырæн зæххыл цы бæллæхтæ цæуы хæсты азарæй, уый аххосæй фадат нæй сæхимæ хъазынæн. Уый тыххæй сæ къæлиндарон хъæзтытæ иууылдæр кæнынц уазæгуаты. Хъазт куы ахицæн, уæд æвзонг хоккеисттæн æмæ, сæ ныййарджытæй семæ чи æрбацыд, уыдонæн арфæйы ныхæстæ загъта нæ республикæйы музейты сæргълæууæг Сохиты Ларисæ. Уый фæстæ уазджытæм хуынтимæ рацыдысты фысымтæ. Хуынтæ аразджытæ та уыдысты зындгонд хæрзаудæг, æхсæнадон архайæг Дзебойты Станислав æмæ Сохиты Ларисæ. Нæ уазджытæ бузныгæй баззадысты ирыстойнæгтæй. Донецк»-ы тренер Дмитрий Сиренко загъта: «Мах Ирыстоны уыдыстæм фыццаг хатт æмæ уæ цæуæм тынг бузныгæй. Нæ сывæллæтты зæрдæмæ дæр фæцыди уæ горæт. Хъыгагæн нын фадат нæ уыди уæ республикæйы фылдæр фæуынæн, фæлæ, ам цы фестæм, уый нæ зæрдæты баззайдзæн, куыд уарзон адæмимæ фембæлд. Уырны мæ, ногæй та кæй фембæлдзыстæм, уый».
БАСКАТЫ Уырызмæг














