Æрæджы Цæгат Ирыстоны республикон æхсæнадон змæлд «Иудзинад»-ы хъæппæрисæй фæхъæздыгдæр ирон чиныгдон. Иудзинады уæнг МÆРЗОЙТЫ Тамерланы руаджы мыхуыры рацыд ЕДЗИТЫ Аксойы фырт Андрейы чиныг «Уæллаг Ходы таурæгътæ». Автор чиныгмæ бахаста, йæхæдæг цы æгъдау æрæййæфта æмæ æвдисæн цы фæткæн уыд, йæ фыдæлтæй цы таурæгътæ æмæ æмбисæндтæ фехъуыста, уыдон. Цымыдисаг сæм у æркæсын, уымæн æмæ дзы алчидæр йæхицæн ссардзæн цавæрдæр нæмгуытæ. Чиныг схонæн ис ирон адæмон фольклоры нырыккон стъæлфæн æмæ уымæй йæ ахадындзинад кæны ноджы бæрзонддæр. Джиппы дзы рацыд 500 чиныджы. Йæ æддаг бакастыл ын бакуыста нывгæнæг А. БОКЕР.
Чиныгæн Косты Лизæ ныффыста мидисджын разныхас: «Зæххы цъары диссæгтæй, æвæццæгæн, дзыхы ныхасæй диссагдæр нæй. Ацы чиныг ныффыссæджы хъæлæс цалдæр азы размæ фыццаг хатт райхъуысти республикæйы радиойæ. Фæрнджын хохаг лæг куывта, æмæ, уылæн уылæны куыд сура, афтæ тындзыдтой кæрæдзи фæдыл нуарджын дзырдтæ, хуры тынтæм тæмæнтæ калдта сæ уæздан фæлыст. Дзырдтæ æмбæлдысты зæрдæйыл æмæ йын змæлын кодтой йæ уидæгтæ: «Стыр Хуыцау, табу Дæхицæн! Цал хатты дын дæ ном арæм, уал хорзæхы нын ракæн, бирæ хорздзинæдтæ дæм ис, æмæ дзы абон ацы куывды адæмы дæр фæхайджын кæн». Уæлдæфы зæлыди кæстæрты «аммен!» æмæ æнахуыр ныфс лæвæрдта удæн. Мадæлон æвзагыл фæрнджын кувæг куы уа, фæрнджын кувæгæн зæрдæргъæвд амменгæнæг куы уа, уæд уый царды хос у, уæдæ циу?! Раст нæ уаид, адæмы зæрдæйæ чи рантысти, Едзиты Андрейы уыцы сфæлдыстад чиныджы фæлгæттæй бахизын. Йæ таурæгътæй иутæ хæдхуыз сты — сæрмагондæй сын ходаг рахонæн ис, æвæццæгæн, иннæтæ — зындгонд сюжетты варианттæ, фæлæ сыл цыфæндыйæ дæр хуымæтæг чиныгкæсджытæ дæр адæмы дзургæ сфæлдыстад иртасæг ахуыргæндтæ дæр æхсызгонæй сæмбæлдзысты. Цымыдисаг сты Андрейы мысинæгтæ бæрæгбæттæ æмæ æгъдæутты тыххæй дæр. Мæнгæй нæ фæзæгъынц, хъæуæй хъæумæ дæр хицæн æгъдау ис, зæгъгæ. Йæ райгуырæн Ходы цы æрæййæфта æмæ йæхи цæстытæй цы федта, æрмæстдæр уый у йæ ныхасы сæр. Йæ ныхас зæрдæбын æмæ æнæхин кæй у, зæрдæмæ та, æвæццæгæн, уымæн хъары. Джиппы уагъд-иу уæд нæ ныхас, æмæ дæсны дзурæгæй макуы сафтид уæд Иры зæхх!». Уæ размæ хæссæм чиныгæй ист цалдæр таурæгъы.
Сечъынаты хæйрæг
Сечъынатæ хæйрæг куы æрцахстой, уæд дзыхæй нæ дзырдта æмæ-иу донмæ куы ацыдис, уæд-иу æм бирæ фæкастис, стæй-иу æваст дон фелвæста. Иу хатт æй хæдзары хицау горæтмæ йемæ акодта. Дзабырхуыйæгмæ иу лæг хыл кæны: — Дзабыртæ мын бахуыйыс, æмæ дыууæ боны фаг нæ кæнынц. Адоныл мын афтæ бацархай, иу афæдз мын уæддæр куыд фæлæууой!.. Ныр сæм хæйрæг кæсы æмæ худы. Сечъынаты хæдзар схъæздыг ис, фæлæ тыхстысты, хæйрæг дзыхæй кæй нæ дзырдта, уый тыххæй. Иу бон сæм сыхаг ус æрбауади æмæ сæм дзуры: — Æз уын æй сдзурын кæндзынæн! Дзырд дардыл у, фæлæ сæм иу уалдзыгон бон бацыдис æмæ сæм дзуры: — Уалдзыгон давон мын фæззыгон давонæй баивут. Уæд хæйрæг бахудтис æмæ загъта: — Ничи йæм кæсы, низтæ махæн дæтты, хос та сæхицæн куры. Уалдзыгон давон, дам, авд низы æфтауы, фæззыгон давон та авд низы сафы. Афтæ хæйрæг дзурын райдыдта, æмæ йæ фæрсынц: — Доны был уый бæрц цæмæн фæлæууыс? — Уымæн æмæ дон бирæ фыдбылызтæ фæласы. Иу хатт та амæндтæ раласы, æмæ сæм уæд фæлæбурын. Уæд æй хæдзары хицау фæрсы: — Дзабырхуыйæгмæ куы уыдыстæм горæты, уæд та цæуыл худтæ? Хæйрæг загъта: — Афæдзваг дзабыртæ чи хуыйын кодта, уый дыккаг бон мæлгæ кодта, дзабыртæ та ма афæдзваг домдта.
Фыдæлтыккон ссад
Нæ фыд нын бирæ цыдæртæ фæдзæхста. Афтæ-иу загъта: «Уазæгуаты куы уай æмæ сыдæй куы мæлай, уæддæр дæхи дзыхæй хæринаг макуы ракур. Искæй фынгмæ макуы бавнал, дæ цуры дын цы æрæвæрой, уымæй дарддæр». Иу бон цуаны ацыдис æмæ йæ къухы ницы бафтыдис. Цалдæр боны хъæды баззад. Хæринаг дæр æм ницыуал уыдис. Изæрыгон бафтыдис иу хæдзармæ. Бахоста, хæдзары хицау æм ракастис, æмæ йæм дзуры: «Ахсæв мын фысым фæлæуу». Лæг æй мидæмæ бахуыдта æмæ æфсинмæ дзуры: «Исты хæринаг фен». Ус къæбæр кæнынмæ бавнæлдта. Уазæг кæсы, æмæ ус æртæ чысыл гуыборы ракодта. Дзурын ницы суæндыди, фæлæ йæхинымæр хъуыды кæны: «Ацы æххормагæй адон мæхи цалдæр комдзагæн куы ахæрдзынæн, уæд ма бинонтæ та цы хæрдзысты?». Ус кæрдзынтæ стъолыл авæрдта, лæг сæ скуывта, ус бацыди æмæ иу кæрдзын æмæ æрдæг сывæллæтты раз авæрдта. Лæг хъуыды кæны, æз та ма дзы цы бахæрон, зæгъгæ. Фынгмæ æрæвнæлдта, кæрдзын æххæстæй дæр нæ фæци, афтæмæй бафсæстис, ницы уал æй хъуыдис. Йæхимидæг хъуыдытыл бафтыд. Уæд æм хæдзары хицау дзуры: «Ацы ссад у фыдæлтыккон, сылгоймаджы хъæр уæлæрвтæм куы нæма хъуыстис, уæдæй нырмæ лæууы, æмæ йæ бæркад йæ мидæг ис». Ныр хæдзарæй сылгоймаджы хъæр йеддæмæ ницы уал хъуысы, æмæ дзы бæркад дæр нал ис.
Мысты ныгæнд
Зджыды абырджытимæ баст чи уыди, ахæм лæппу царди. Иуахæмы æрбацæйцыдис фæззыгон хъæды. Кæсы æмæ дын мæнæ дыууæ галы. Сæ хицау суг кæны æмæ лæппуйы нæ уыны. Абырæг галтæ феуæгъд кодта æмæ сæ раскъæрдта. Хъæды цас фæцыди, чи йын цы зоны, фæлæ иу ран æрбадтис. Кæсы, æмæ мыст йæ мæрамæ æхсæртæ скъæфы. Мыст та ногæй куы ауадис, уæд ын лæппу йæ ныгæнæн ракъахта æмæ дзы нымæтхуды дзаг æхсæртæ систа. Мыст фæстæмæ куы æрбауадис æмæ йæ ныгæнæн афтидæй куы федта, уæд рагæпп кодта, йæ къæхтæ фæхæрдмæ сты, цалдæр хатты ма сæ батылдта æмæ уыйадыл амард. Лæппу дисы бафтыд, уæдæ ауыл цы æрбамбæлди, зæгъгæ. Æркъæртт æй кодта, æмæ мыстæн йæ зæрдæ атыдта. Абырæг хъуыдытæ кæны: «Уæдæ ацы галтæ кæй сты, уый афонмæ цы ми кæны? Сыстади æмæ галтæ фæстæмæ аскъæрдта. Сæхимæ куы æрбацыди, уæд йæ мадæн æртæ кæрдзыны скæнын кодта. Кувæндоны бынмæ ацыди æмæ уым ард бахордта, куыд никуыуал никæй бахъыгдардзæн, уый тыххæй.
Бабæт
Æвæццæгæн, хатгай лæг рохуаты дæр аззайы. Ходы Дзугкойтæй иу лæг, куыд загътой, афтæмæй фæцардис сæдæ æхсай фондз азы. Куы-иу æй фарстой, цас цæрыс, Бабæт, уæд-иу сын загъта: «Цæуылнæ цæрон, дыууиссæдз бинойнаджы стæм, æмæ мæм дзы фæстæмæ ничи дзуры, мæ хистæры бартæ мын ничима исы». Бабæт уый бæрц фæцардис æмæ бахус ис, адæм ын тæригъæд кæнын райдыдтой. Иу бон ын дæснымæ фæцыдысты, æмæ сын уый загъта: «Ферох æй кодтой. Хурныгуылды ацæут хурмæсыгтæм. Ис дзы дыууæ тигъы — дæллаг æмæ уæллаг хурмæсыгтæ. Уæ иутæ уæллаг хурмæсыгыл слæууæнт, иннæтæ — дæллаг хурмæсыгыл æмæ хъæр кæнут: «Мæнæ Бабæты ферох кодтат». Уый фæстæ бирæ нал ацардис. Абон дæр ма искæмæн арфæ куы фæкæнынц, уæд афтæ фæзæгъынц: «Бабæты карæнмæ æнæнизæй фæцæр».
Чи цы кæны — йæхицæн
Иу лæг æдзухдæр афтæ дзураг уыдис: «Чи цы кæны, уый — йæхицæн». Сыхаг хъæумæ бафтыдис. Уым æй иу ус бахуыдта сæхимæ. Æхсæвы дæр уым баззади. Райсомæй куы цыдис, уæд ын ус фæндаггаг нывæрдта, йæ арахъхъыл ын марг акодта æмæ йæхицæн дзуры: «Ныр æй фендзыстæм, кæддæра чи цы кæны, уый йæхицæн кæны». Уыйадыл лæджы рафæндараст кодта. Лæг хъæуæй куы рахызти, уæд суадоны былыл æрбадтис, иу къæбæр бахæрон, зæгъгæ. Йæ фæндаггаг æрæвæрдта, æмæ иу лæппу йæ цурты æрбацæуы, лæг æм дзуры: «Рацу æмæ иу къæбæр иумæ бахæрæм». Лæг ракуывта æмæ кувæггаг лæппумæ авæрдта. Лæппу йæ ануæзта æмæ ахаудис. Лæг ма йыл бæргæ фæцархайдта, фæлæ амарди. Хъæумæ фæфæдис кодта, адæм æм куы æркастысты, уæд уыцы усы лæппу разынд. Лæг сыстадис æмæ адæммæ дзуры: «Ацы фæндаггаг мын мæнæ ацы ус нывæрдта, æмæ чи цы кæны, уый йæхицæн кæны. Раджы уа, æрæджы уа, лæгæн йæ сау фæндтæ йæхиуыл æртыхсынц».
Æрмæг бацæттæ кодта ХЕТÆГКАТЫ-УАНИТЫ Оксанæ
















