Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæджы цур æхсæнадон горæтаразæг советы æмбырды архайджытæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй Пашковскийы уынгæй Инæлар Плийы-фырты уынджы онг Терчы былгæрон сцалцæг кæндзысты.
Сæйраг æхсæнадон тыгъдадты нывылкæнынады фæдыл парти «Иугонд Уæрæсе»-йы стыр проект кæм æххæст кæнынц, бæстæйы уыцы цыппор горæты æхсæн ис Дзæуджыхъæу дæр. Ацы проект хауы Уæрæсейы Арæзтады министрады, конструкторон бюро «Стрелкæ» æмæ цæрæнуæтты къабазы рæзты иугонд институты фонды иумæйаг программæйы къабæзтæй иумæ.
Æхсæнадон тыгъдад бафснайынæн Дзæуджыхъæу райсдзæн 25 милуан сомы. Кæй равзæрстой, уыцы авд архитектурон проектæй дыууæ нымад æрцыдысты хуыздæртыл.
— Мæскуыйы кæй равзæрстой, уыцы проекттæ зæххы хайы рельеф раст не ’вдисынц, стæй æвдыст уынаффæтæй цалдæр Дзæуджыхъæуæн нæ бæззынц. Зæгъæм, проектты автортæ бæлæсты æмæ къутæрты бæсты æвдисынц асфальт, кæнæ гранит къæйтæ, бетонæй арæзт быру та баивтой гом згъæр æмбондæй. Згъæр æмбонд аразæн та æппындæр нæй, уымæн æмæ цалдæр азмæ ныссæстытæ уыдзæн. Проект кæронмæ арæзт нæу, ис дзы хицæн фæндæттæ. Ацы фарстайы фæдыл нæ хъуыды фехъусын кодтам. Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Æлбегаты Барис нæ фарс рахæцыд. Бынæттон специалисттæ горæтаг тыгъдад хуыздæр зонынц. Проект хъуамæ баххæст кæнæм ацы аз, уымæ гæсгæ æмбæлы рæвдз архайын, — зæгъы Хъараты Аслан.














