Цытджын Уæлахизы бон — 9 Майы кадджын мадзæлттæ цыдысты нæ бæстæйы алы рæтты. Сæйрагдæр уыд Æфсæддон парад. Дзæуджыхъæуы, куыд алы хатт, афтæ ныр дæр Сæрибары фæзы Æфсæддон парады цыдысты Цæгат Кавказы Хуссайраг федералон зылды 58-æм æфсады салдæттæ æмæ афицертæ мин адæймагæй фылдæр. 30 иуæджы та — æфсæддон техникæ. Парады уыдысты РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав, 58-æм æфсады командæгæнæг, инæлар-майор Евгений НИКИФОРОВ, нæ республикæйы Парламенты разамынд, æхсæнадон организациты æмæ Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы минæвæрттæ.
Æфсæддон парад райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеранты рацыдæй. Æмæ кæд сæ тых, сæ хъару нал амоны хъæддых санчъехтæ кæнын, уæддæр ацы хæстон фæлтæр уыдысты кадджын боны сæйраг архайджытæ. Азæй-азмæ, стыр хъыгагæн, къаддæр кæны сæ нымæц. Битарты Вячеслав Цытджын Уæлахизы боны кадæн зæрдиаг арфæтæ ракодта хæсты ветерантæн, стæй загъта, æнустæм, цалынмæ зæххыл Уæрæсе цæра, уæдмæ ацы бонæн ферохгæнæн кæй нæй, уый. — Æгъатыр хæсты амæттаг фесты 20 милуан адæймагæй фылдæр. Уыцы сау номхыгъды сты Ирыстоны хъæбултæ дæр. Фæлæ советон адæм фæуæлахиз сты цыфыддæр знагыл æмæ бындзарæй сыскъуыдтой нацизмы уидаг. 9 Май мыггагмæ баззайдзæн ХХ æнусы сæйрагдæр цауæй, ферохгæнæн кæмæн нæй, ахæм бонæй. Нырыккон мæнг ахуыргæндтæй чидæртæ хъавынц истори зыгъуыммæ кæныныл, фæлæ мах ахæм мæнгард хъуыддæгтимæ никуы сразы уыдзыстæм. Уый уыдис нæ фыдæлты, не ‘фсымæрты, нæ дадаты, нæ бæстæйы Уæлахиз, æмæ дзы цæйбæрц туг ныккалд, уымæн ферохгæнæн нæй. Сæрибар дунейы кæй фæрцы цæрæм, хур ныл абон цæлхыдзагæй кæй фæрцы кæсы, уыцы хъæбатыр хæстонты фæлтæры сгуыхтдзинæдтæ нæ зæрдыл дардзыстæм æмæ сæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ дзурдзыстæм нæ кæстæртæн, — загъта Битарты Вячеслав. Парады архайджытæн арфæ ракодта инæлармайор Евгений Никифоров дæр. Уый фæстæ æфсæддон оркестры маршы зæлтæм Сæрибары фæзы рацыдысты 58-æм æфсады дæлхайæдтæ, æфсæддон техникæ, нырыккон бронетранспортертæ — нæмыг кæм нæ хизы, ахæм автомашинæтæ «Тигр», сармадзантæ, радиобастдзинад дарæн техникæ. Фыццаг хатт ацы аз Æфсæддон парады райдайæны райхъуыст сармадзанты æмæхсты уынæр — Уæлахизы кадæн салют. Æфсæддон техникæйы фæстæ фæзмæ рацыд хæстон азты трамвай. Æрыгон чызджытæ æмæ лæппутæ дзы рагæппытæ кодтой æмæ дидинджыты бæстытæ балæвар кодтой хæсты ветерантæн. Уый фæстæ райдыдта акци «Æнæмæлгæ полкъ». Ирыстоны ацы акци арæзт æрцыд æртыккаг хатт. Иннæ азтимæ абаргæйæ дзы ацы аз архайдта 40 мин адæймаджы. Се ‘хсæн уыдис завод «Победит»-ы кусæг, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран, 91аздзыд Николай Фирсов. Бирæ мыггæгтæ цыдысты, цалдæргай хæстоны къамтæ ныхæст кæуыл уыдис, ахæм плакаттимæ. Мæнæ Сæрибары фæзмæ æрхæццæ Багаты мыггаджы колоннæ. 421 адæймаджы фæмард тохы быдыры ацы мыггагæй. Патриотон акцийы архайдтой нæ республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав йæ бинонтимæ, Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз, Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев æмæ Дзæуджыхъæуы мэр Æлбегаты Барис. Тынг бирæ дзы уыдис гыццыл сывæллæттæ дæр. Тохтиаты Арсалан æмæ Зауыр сæ мад Викторияимæ «Æнæмæлгæ полчъы» сæрыстырæй хастой сæ мады фыдыфыд, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Черчесты Хъайтыхъойы портрет. Саби саби у кæмфæнды дæр. Чысыл Арсаланы куы бафарстой, кæимæ æрбацыдтæ “Æнæмæлгæ полкъ”-мæ, уæд йæ дзуапп уыдис: «Дадаимæ. Дадайы рахуыдтон мемæ». Сывæллæтты сæрызонд кæд нырма уыйбæрц нæ ахсы акцийы нысан, уæддæр сæ патриотизмыл кæй ахуыр кæнæм, уый фидæны хорз бæрæггæнæнтæ ратдзæн æхсæнадæн.
САУТÆТЫ Тамилæ
Къамтæ систой КЪÆБЫСТЫ Харитон æмæ ЦÆГÆРАТЫ Дауыт













