“Иудзинад”-ы балц Лабæмæ

0
857

Кад æмæ радимæ сбæрæг кодтой ирон æвзаджы бæрæгбон канд Ирыстоны цæрджытæ нæ, фæлæ Турчы, нæ бæстæйы алы горæтты æмæ суанг фæсарæнты ирон диаспорæты минæвæрттæ дæр. Цæгат Ирыстоны æхсæнадон змæлд «Иудзинад»-ы уæнгтæ республикæйы скъолаты хистæр кълæсты ахуырдзауты ‘хсæн цы ахсджиаг æркаст-конкурс «Ирон дæн æз» сарæзтой, уый уæлахиздзаутæ сæ ахуыргæнджытимæ, дзыллон хабархæссæг фæрæзтæ æмæ культурæйы минæвæрттимæ абалц кодтой Лабæмæ.

1870 азты æнæзæхх ирæттæ, Хетæгкаты Леуан сæ разæй, афтæмæй Нарæй Хъæрæсемæ рараст сты хуыздæр цардагур, æмæ сын бар радтой Суанæйы хохы бын æрбынат кæнынæн. Сæ цæрæнбынат схуыдтой Георгиевское-Осетинское. Фæлæ Къостайы райгуырдыл æстай азы куы сæххæст, уæд хъæу схуыдтой йæ номæй. Махæн та зонгæ у куыд Лабæйæ. Кæддæры хъомысджын æмæ гуыпгæнгæ Лабæйæ ма абон баззад армыдзаг цæрæг ирæттæ. Кæд дзы раджы аст мин ирон адæймаджы цард (цæргæ та дзы кодтой æрмæст ирæттæ), уæд абон цæрджыты нымæц у 2 800 адæймаджы, æмæ уыдонæн æрмæст сæ 30 проценты сты ирæттæ. Уыцы уавæр ссис «Иудзинад»-ы уæнгты мæт æмæ сагъæс. Сæ хæсыл банымадтой, абон дзы чи цæры, уыцы ирæтты фарсмæ æрбалæууын ныхасæй нæ, фæлæ хъуыддагæй. Бафæндыд сæ Хъæрæсейы зæххыл сæ хотæ æмæ æфсымæртæн фидар ныфсы мæсыгæй ныллæууын, цæмæй Ирыстонæй Лабæмæ саразой культурон бастдзинæдты хид. Ирыстонæй Лабæмæ дыууæ бонмæ цы минæвæрттæ ацыд, уыдонæн, хъæумæ бацæуæны цы кувæндон ис, уый бын, ирон æгъдау куыд амоны, афтæ æртæ уæливых, ирон бæгæны æмæ сын сæ æрцыдмæ хъæуы цæрæг Барахъты Хъазыбег цы кусарт акодта, уымæй æртæ фæрскимæ æгасцуай загътой Лабæйы хъæуы администрацийы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Хетæгкаты Иринæ, Хъæрæсейы ирон диаспорæйы сæрдар Хетæгкаты Олег, хъæуы хистæртæ, разагъды лæгтæ, ирон фæсивæд. Уыцы фембæлд хъæубæсты цæрджытæн æрхаста цины бæрæгбон. Фысымтæн уазджыты æрцыд афтæ æхсызгон уыд, æмæ сæ суазæг кодтой се ‘нкъарæнтæй, нæ ауæрстой ирон æвзаджы рæсугъддæр æмæ уæзджындæр ныхæстыл. Сæ цæсгæмттæй нæ цух кодтой мидбылхудт æмæ зæрдæйы арф æнкъарæнтæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй сæм, хъыгагæн, Ирыстонæй уазджытæ арæх нæ вæййы. Ирыстонæй уазджытæ бабæрæг кодтой, Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ Лабæйæ цы 805 сахъгуырды фæцыд, уыдоны номыл хъæуы астæу цы номарæн комплекс ис, уый, æмæ йыл сæвæрдтой дидинджытæ сæ рухс ном, сæ кад æмæ намысæн. Уыцы æхсарджын фæсивæдæй 35 уыдысты чызджытæ. 424 дзы фыдыуæзæгыл нал сæмбæлдысты. 19 бинонтæй фæхъуыд æртыгай хъæбултæ, фондзæй — цыппæргæйттæ. Ордентæ æмæ майдантæй хорзæхджынгонд æрцыдысты 790 хæстоны. Ис сæм Советон Цæдисы Хъæбатыртæ æртæ: Калоты Алыксандр, лейтенант Бутаты Георги æмæ гвардийы майор Козаты Алыксандр. Фæлтæрæй-фæлтæрмæ хистæртæ кæстæртæн дзурынц сæ хъæбатырдзинады тыххæй. Алкæмæндæр сæ зындгонд у, 1943 азы Хъырымы зæххыл Армянскы бынмæ 32-æм кавалерион полчъы гвардионтæ знаджы ныхмæ куы стох кодтой, уæд Калоты Алыксандр йæхи знаджы дзотмæ фехсгæйæ йæ риуæй амбразурæ куыд бамбæрзта, уый. Бутаты Георги Днепры рахиз фарс хæцгæйæ батальоны йæ фæдыл фондз хатты атакæйы куыд акодта. Уæлахизхæссæг хæстонты номхыгъды ис 112 лейтенанты, 9 булкъоны, 11 дæлбулкъоны,12 майоры, 45 капитаны, 57 хистæр лейтенанты, 95 лейтенанты, афицертæ — 229. Абон дæр сæ нæмттæ не сты рох. Хъæубæстæ сты сæрыстыр, се ‘мхъæуккæгтæм уыйбæрц æхсардзинад, хъæбатырдзинад, лæгдзинад æмæ намыс кæй разынд, уымæй. Уыцы ран ис, 2004 азы Беслæны 1-æм скъолайы фыдбæллæхы чи фæмард, уыдоны номыл цыртдзæвæн дæр. Се ‘ппæтæн дæр иу минут æдзæмæй алæугæйæ ссардтой сæ ном. Уазджытæ бабæрæг кодтой Хетæгкаты Леуан æмæ йæ чызг Олгъæйы ингæнтæ. Ныгæд сты, кæм цардысты, уыцы хæдзары кæрты. Олгъæ, куыд æцæг патриот, афтæ, мæлыны къахыл куы ныллæуыд, уæд фæдзæхста, цæмæй йæ бынтæ фыст æрцæуой гимназы исбоныл. Фæстæдæр сæ хæдзары кæрты амад æрцыд ног бæстыхай, æрæджыйы онг та дзы уыд рæвдауæндон. Ныр та сын федералон программæмæ гæсгæ сарæзтой нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм алцæмæй ифтонг ног рæвдауæндон. Ирыстонæй ирон адæймаджы къухты хъарм андзæвыд хъæуæн бындур чи бавæрдта, уый — Леуан æмæ фыццаг ахуыргæнæг Олгъæйы ингæныл æмæ уый зæрдæйæн хаста æнустимæ бастдзинады цавæрдæр æнахуыр æнкъарæн. Къостайы цалынмæ 1906 азы Ирыхъæуы Мады-Майрæмы аргъуаны кæрты нæ баныгæдтой, уæдмæ Лабæйы цы ран ныгæд уыд, уым ын абон ис цырт (скъолайы кæрты). Йæ акомкоммæ та бæрзонд цыртдзæвæн. Уыцы бынæттæ се ‘ппæт дæр бабæрæг кодтой Ирыстонæй уазджытæ æмæ сыл сæвæрдтой дидинджытæ. Хъæуы цард æмæ уагыл цæлхæмбырдæй æрдзургæйæ дыккаг бон скъолайы бæстыхайы уазджытæн æгасцуай загътой Хетæгкаты Иринæ, Хетæгкаты Олег, ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ Барахъты Людмилæ æмæ Нартыхъты-Хуыгаты Юлия, скъолайы директор Хъуылаты Барис æмæ хъæуы цæрджытæ. Зæрдылдарынæн сын балæвар кодтой кæттагыл конд ныв, загътой сын бузныджы æмæ арфæйы ныхæстæ.

Ирыстонæй цы ахуыргæнджытæ ацыдис, уыдон Къостайыхъæуы скъолайы хистæр кълæсты ахуырдзаутæн скодтой мастер-класстæ. Хъазты хуызы Æрыдоны 1-æм скъолайы ирон æвзаг æмæ литералурæйы фæлтæрдджын ахуыргæнæг Лохты Ритæ цы ирондзинады ахуырадон ерыстæ скодта, уым ахуырдзаутæ æмæ ахуыргæнджытæ архайдтой тынг зæрдиагæй. Æмæ куыд нæ, загъта скъолайы директор Хъуылаты Барис, кæд æмæ ахæм хуызы ерысты архайынц фыццаг хатт. Ирон таурæгътæ, уыци-уыцитæ, рагон уырнинæгтæ æмæ кæронбæттæны «Зондабиты зарæг» æрбангом кодта кæстæрты æмæ сын сæ зæрдæты ныууагъта арф æнкъарæнтæ, фæхъæздыгдæр сæ дзырдуат ирон ныхæстæй, арфдæр банкъардтой æвзаджы тавс. Раст зæгъын хъæуы, Лабæйы кæстæртæ зæрдæйы фæндиаг нæ арæхсынц иронау дзурынмæ, нæ сын фаг кæны æвзаджы ахуыргæнджытæ, чингуытæ. Тæссаг у, цыбыр рæстæджы фæстæ се ‘хсæн куы бамынæг уа йæ цæхæр, уымæй. Уый Ирыстоныл æвæры ноджы стырдæр уаргъ, фæкæсын сæм хъæуы уавæртæ саразынæн. «Иудзинад»-ы уæнгтæ зыдтой, чингуытæй цух кæй æййафынц, æмæ сæ къух цас амыдта, уыйбæрц сын самал кодтой ахуыргæнæн чингуытæ ирон æвзаг æмæ литературæйæ. Балæвар сын кодтой Нафийы уацмысты дæстомон æмбырдгонд. Тынг сыл бацин кодтой. «Иудзинад»-ы уæнг Мæрзойты Тамерлан æхсæнадæй æрвыст бæлццæттæ Къостайыхъæу — Лабæмæ куы фæндараст кодта, уæд сын фæндагмæ афтæ фæдзæхста: — Хъусут, не ‘фсымæртæ æмæ хотæн ныфс раттут, сæ фарсмæ цы фæнды хъуыддаджы балæууынмæ дæр цæттæ кæй стæм, уымæй. Уыдон сты ирон адæмы фыдæлты зæххытæ, æмæ сыл барджынæй цæрæнт, не ‘взаг, нæ культурæ, не ‘гъдау хъахъхъæнгæйæ, фæлтæртæм сæ æнæрцæфæй хæсгæйæ. Ирон аивадæн зæрдиагæй лæггадгæнæг, фыдæлтыккон дыууадæстæнон фæндыр сæндидзынгæнæг Илаты Тимур сывæллæттимæ фембæлды рæстæг цы лекци бакаст ирон уадынгæрзты тыххæй, уый, æнæмæнг, сæ зæрдыл бадардзысты. Йемæ аласта йæ фæндыр, æмæ хъæуы сæрмæ азæлыд рагон ирон цагъд. Тæхуды-тæхуды абон иу чызг Лабæйы хъæуы йæ къухмæ фæндыр куы райсид æмæ йæ куы аивазид. Фæлæ, хъыгагæн, иунæг дæр дзы цæгъдын нæ зоны. Илаты Тимур сын ныфс бавæрдта, иннæ фембæлдмæ сын ирон уадынгæрзтæ кæй балæвар кæндзæн, уымæй. Кæй фембæлдзысты ирон этнографион къордтимæ Ирыстонæй æмæ сын кæй равдисдзысты æцæг ирон аивад. «Иудзинад»-ы уæнгтæй рохуаты нæ баззадысты сабитæ дæр. Бабæрæг кодтой сывæллæтты рæвдауæндон «Теремок» æмæ сын балæвар кодтой алы хуызы цымыдисаг хъазæнтæ. Сбуц сæ кодтой адджинæгтæ æмæ æндæр дзаджджын хуынтæй. Хъуыддаг афтæ рауад, æмæ сын цы ног рæвдауæндоны бæстыхай сарæзтой, уый дæр официалон æгъдауæй, уыцы бон гом кодтой. Рæвдауæндоны сæргълæууæг Хуыбиаты Светланæ йæ кусджытимæ тынг фæбузныг «Иудзинад»-ы хъæппæрисæй. Ракодтой сын зæрдиаг арфæ. Сæ фæндон та уыд, цæмæй сын Ирыстонимæ уа ноджы æнгомдæр бастдзинæдтæ. «Иудзинад»-ы проект æркаст-конкурс «Ирон дæн æз»-ы уæлахиздзаутæ-скъоладзаутæ: Æрыдонæй Джыккайты Фатимæ, Хъæдгæронæй Саматы Томæ, Кæрдзынæй Хотаты Зæлинæ, Дæллаг Санибайæ Цырыхаты Мæдинæ, Дзæуджыхъæуæй Дзгойты Зæринæ æмæ Моурауты Иренæ, Цыколайæ Цæрикъаты Дзерассæ, Лабæйы скъолайы ахуырдзаутимæ хъæуы клубы бынæттон цæрджытæн цы иумæйаг концерт равдыстой, уый афтæ зæрдæмæдзæугæ рауад, æмæ бирæтæ нæ чызджыты ирон аив ныхас, ирондзинадмæ кæсгæйæ сæ цæссыг бауромын нæ фæрæзтой. Сæ бæллиц уыд, цæмæй ахæм фембæлдтытæ уой арæхдæр. Цæмæй сæм Ирыстонæй хæссой ирондзинады дзаджджын монон хуынтæ æмæ сæ иумæ тауой кæстæртыл. Фидæнæн кæной рæсугъд фæндæгтæ, аразой хæлардзинады хидтæ. Уыцы фембæлды «Иудзинад»-ы æвзæрст лæг Байсогъуырты Мухтар æмæ æхсæнады бæрнон уæнг Токты Валодя арфæ ракодтой хъæуы цæрджытæн. Къостайыхъæумæ æхсæз сахаты фæндагыл фæцу æмæ рагъыл бæрзонд XX æнусы нæ фыдæлтæ Алайнæгтæ Суаны цъуппыл цы моладзандон сарæзтой, уый аргъуаны къæсæрæй ма бахиз. Уый та куыд!? Илаты Тимур дзы хистæры ракуывды фæстæ «Уастырджийы зарæг» бæрзонд куы систа, уæд зарæг азæлыд комыл. Гыццыл фалдæр та хъæуы сæрмæ къуыппыл фæйлауæнтæ кодта Ирыстоны тырыса. Ацы ран 6 майы хъæуы цæрджытæ кадджын уавæры сбæрæг кæнынц Суаны Уасджеорджийы бæрæгбон. Цæуынц æм фенынмæ алы рæттæй туристтæ. Аргъуан рæстæджы тымыгъы бахаугæйæ фæцудыдта, фæлæ йæм рæвдз фæлæууыдысты æмæ йæ ногæй сарæзтой. Цæгат Ирыстонæй хæрзгæнджытæ Хуыбылты Æхсарбег йæ фырттæ Сослан æмæ Аслан Воронежы самал кодтой аргъуанæн дзæнгæрджытæ. Фæрсæрдыгæй дзæнгæрæгдон æмæ сарагонд Барахъты Хъазыбеджы разамындæй сарæзтой хъæуы цæрджытæ Зæнджиаты Аслæнбег, Черкасты Олег, Цъæхилты Элдар, Балиты Алан, Датиты Георги, Хъæрджынты Леуан, Цогойты дыууæ æфсымæры Игорь æмæ Олег. Æххуыс сын кодтой хистæр скъоладзаутæ дæр. — Уый диссаг уыд, æвæдза! Аразæн æрмæджытæ бон-сауизæрмæ фæхастам, дыууæ къæдзæхы астæу цы ауыгъд мæнгхид уыд, уый сæрты, — загъта Барахъты Хъазыбег. — Куыддæр арæзтадон куыстытæ фестæм, афтæ къæвда ныккалдта, æмæ аргъуанмæ нæхи æрбайстам. Нæ дзаумæттæй иннæ фарс цыдæртæ аззад æмæ сæ рахæссæм, зæгъгæ, куыддæр лæппутæй чидæр иннæ фарсмæ ахизынвæнд скодта, афтæ фæкомкоммæ, æмæ ма хид йæхиуыл тыххæй хæцы. Къахæй йæ бакъуырдта æмæ далæ кæмдæр арфы къæдзæхы къултыл бынмæ нызгъæлæнтæ. Уый та уын табуйаг бынат! Уазджыты сæ къах нал хаста. Нал фысымты фæндыд сæ ацыд. Акодтой сын дыккаг кусарт фæндаджы размæ. Кæронбæттæны бацыдысты «Симд»-ы æмæ дзы стырæй-чысылæй æнгом кæрæдзи фарсмæ уæхски-уæхск æрбалæууыдысты. «Ног фембæлдмæ», — хъуыстис дыууæрдыгæй.

ХЕТÆГКАТЫ-УАНИТЫ Оксанæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here