Республикæйы Президент Бибылты Анатоли Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады сæргълæууæгæй снысан кодта Тадтаты Аланы. Ацы хабар фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны разамонæджы пресс-службæ. Тадтайы-фырт ацы бынаты раивта Санахъоты Сергейы.
Тадтаты Сергейы фырт Алан райгуырд 1969 азы Хуссар Ирыстоны Знауыры районы Уæллаг Дваны хъæуы. 1986 азы каст фæци Цхинвалы 5-æм астæуккаг скъола. 1988-1990 азты службæ кодта Советон Цæдисы Гæрзифтонг тыхты рæнхъыты. 1992 аз службæ кæнын райдыдта гуырдзиаг-ирон быцæуы тæлмы фидауынгæнæг тыхты. 1998 азæй фæстæмæ службæ кодта Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады, фæстæдæр та ногæй бацыд фидауынгæнджыты рæнхъытæм æмæ дзы 2008 азы онг баслужбæ кодта. 2008 аз службæ кæнынмæ бацыд Хуссар Ирыстоны Æнæнхъæлæджы уавæрты министрадмæ, 2014 аз æй сæвæрдтой амынд ведомствойы разамонæджы фыццаг хæдивæгæй. Ис ын бинонтæ, хъомыл кæны æртæ сывæллоны.













