Ацы аз Цæгат Кавказы дзыллон хабархæссæг фæрæзты фæндзæм форумы архайджытæ Мæхъæлы республикæйы Сæргълæууæг Юнус-Бек Евкуровы курдиатмæ гæсгæ, æрæмбырд сты республикæйы сæйраг горæт Магасы. Йæ хъæппæрис баст у, сæ республикæйыл 25 азы кæй сæххæст, уыимæ. Форумы архайдтой авдсæдæ адæймагæй фылдæр. Уыдон уыдысты Цæгат Кавказы газетты, телеуынынады, медион студиты æмæ æндæр хабархæссæг фæрæзты разамонджытæ, журналисттæ, Цæгат Кавказы регионты хицауады минæвæрттæ, эксперттæ. Афæдзæйафæдзмæ форумы арæнтæ кæнынц парахатдæр. Ацы аз дзы иннæ хæттытæй уæлдай архайдтой Хуссар Ирыстон, Абхаз æмæ Казахстаны минæвæрттæ дæр. Дарддæр форум хæсдзæн дунеон форумы статус æмæ, куыд сбæлвырд, афтæмæй 2018 азы арæзт æрцæудзæн Цæцæны республикæйы.
Форумы архайдтой Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министр Лев Кузнецов, УФ-йы Президенты æххæстбарджын минæвары хæдивæг Цæгат Кавказы зылды Валентин Попков, Нациты хъуыддæгты фæдыл федералон агентады разамонæг Игорь Баринов, Цæгат Кавказы федералон зылды Управленийы Президенты æххæстбарджын минæвары хæдивæг Максим Владимиров, РЦИАланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав, Мæхъæлы республикæйы Сæргълæууæг Юнус-Бек Евкуров, Кæсæг-Балхъары республикæйы Сæргълæууæг Юрий Коков, Псковы облæсты губернаторы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Михаил Ведерников, Паддзахадон Думæйы, УФ-йы Советы Федерацийы æмæ федералон ведомствоты минæвæрттæ. Дыууæ боны дæргъы архайджытæ ныхас кодтой, абон сæ размæ цы ахсджиаг фарстатæ лæууы, уыдоныл æмæ иумæ агуырдтой ног мадзæлттæ дарддæры куыстæн. Ныхас кодтой медиа-къабæзты абоны уавæр æмæ сæ дарддæры рæзтыл, ивддзинæдтæ æмæ ногдзинæдтыл. Æнæбафиппайгæ нæ фесты, журналистикæйы факультетты кæй нæ цæттæ кæнынц операторты, монтажгæнджыты æмæ журналистикæйы æндæр ахсджиаг техникон дæсныйæдтыл кусджыты æмæ уымæй алы регионы профилон фæрæзтæ дæр кæй цудынц.
Форумы архайджытæ дыууæ боны архайдтой алы хуызы мадзæлтты: иумæйаг æмбырд «Перспективы информационного сотрудничества России и зарубежных стран», экспертон сесситæ «Региональная пресса: тренды, проблемы и решения», «Специфика освещения этноконфессиональной тематики в СМИ», цæлхæмбырдтæ журналисттæ æмæ барадхъахъхъæнæг оргæнты æмгуыстады тыххæй, мастеркласстæ зындгонд уæрæсейаг журналисттимæ, презентациты. Архайджытæ федтой республикæйы нывгæнджыты сфæлдыстадон куыстыты равдыст. Форумы мадзæлттæ иууылдæр арæзт уыдысты республикæйы паддзахадон университеты наукон библиотекæйы бæстыхайы. Форумы архайæг алы регионæн дæр цы сæрмагонд фæз радих кодтой, уым алы республикæйы минæвæрттæ дæр сæ экспозицитæн cкодтой равдыст-презентацитæ. Аргъ та сын кодтой къамисы уæнгтæ æмæ регионты Сæргълæуджытæ. Сæ хатдзæгтæм гæсгæ, Цæгат Ирыстоны экспозици уыд æппæтæй цымыдисагдæр, æххæстдæр æмæ размæдзыддæр. Уыцы ран сæрмагондæй æвдыст æрцыдысты «Северная Осетия»йы газеты 100 азы юбилейы кадæн стендтæ дæр. Кадджын уавæры скодтой презентаци, Ирыстоны æмæ æгас дунейы цæрæг ирон адæмыл цы хорздзинад æрцыд — национ телеуынынад «Осетия-Ирыстон» йæ куыст уыцы бон кæй райдыдта, уымæн. Форумы архайджытæ лæварæн æхсызгонæй айстой, æрæджы Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртасæнты институт æмæ газет «Северная Осетия»-йы иумæйаг проекты æрмæджыты бындурыл цы ног чиныг рауагътой газеты юбилеймæ «Алания от А до Я», уый. Экспозицийы æвдыст æрцыдысты, республикæйы мыхуыры фæрæзтæ цы газеттæ æмæ журналтæ уадзынц, уыдон иууылдæр. Уæрæх экрантыл æвдыстой Ирыстоны æрдзы рæсугъддзинад, ирондзинад, зæлыдысты зæрдæмæхъаргæ зæлтæ. Экспозици уыцы хуызы чи бацæттæ кодта, ахæм арф хъуыды дзы чи бавæрдта, уыдон, æнæмæнг, сты арфæйы ныхæсты аккаг. Экспозицийы мидис у «Дзыллон хабархæссæг фæрæзты æгæрондзинад — фидæны хæлардзинад». Ног телеуынынады директор Дзабиты Эльбрус форумы архайджытæн фехъусын кодта, «Осетия-Ирыстон» йæ фыццаг къахдзæфтæ æнтыстджынæй кæй акодта, уый тыххæй. — Ирон адæмы номæй мæ стыр бузныг зæгъын фæнды нæ республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславæн, — загъта Дзабиты Эльбрус. — Йæ хъæппæрис æмæ хъарутæй национ телеуынынад бацæттæ иуæндæс мæймæ. Уыцы цыбыр рæстæгмæ арæзт æрцыд телеуынынады бæстыхай æмæ ифтонггонд æрцыд хъæугæ техникон кусæнгæрзтæй. Мах ныфсджынæй акодтам фыццаг къахдзæфтæ. Уый у стыр æнтыст, историон цау, æнæмæнгхъæугæ мадзал æмæ нæ къухы бафтыд! Ног телеуынынад нæ бауагъта стыр ныфс. Æнæмæнг, хъуамæ стыр ахъаз фæуа нæ культурæйы райрæзтæн, хуыздæрæрдæм фæзына æвзагзонынадыл, адæмы ‘хсæн бастдзинæдтæ æмæ хæлардзинадæн. Æнæфæзынгæ нæ фæуыдзæн экономикон рæзтыл дæр, уымæн æмæ дунейы цæрджытæ нæ республикæйы алæмæтаг рæсугъддзинад куы феной, уæд сæ бафæнддзæн Ирыстонмæ ссæуын дæр æмæ афтæмæй рæздзæн туризм. Битарты Вячеслав иннæ архайджыты стендтæ фенгæйæ бахыгъта: — Иннæ регионты стендтæ фенын мæнмæ цымыдисаг хъуыддаг фæкæсы. Бæрæг сæ фæдары, регионы дзыллон хабархæссæг фæрæзтæ цы æмвæзадмæ схызтысты, сæ къухы цы æнтыстытæ бафтыд, куыд размæдзыд сты, уый. Ирыстоны фæз бæрæг дары иннæты ‘хсæн, æвдыст дзы æрцыдысты нæ историон цаутæ. Национ телеуынынады фыццаг къахдзæф форумимæ кæй баиу, уый дæр хорз хъуыддаг у, уымæн æмæ ацы медиа-цау æрмæст мах зæрдæты нæ баззайдзæн, фæлæ ма йын ацы форумы æвдисæн чи уыд, уыдонæн дæр. Нырыккон технологитæ, спутник, Интернет регионалон дзыллон хабархæссæг фæрæзты кæнынц æнгомдæр, халынц, се ‘хсæн цы арæнтæ ис, уыдон æмæ афтæмæй æххæссынц дунейыл. Æхсызгонæй зæгъын, нæ регионы хабархæссæг фæрæзтæ кæй рæзынц, рæстæгимæ æмдзу кæй кæнынц, сæ размæ цы фæлтæрдджын хистæртæ куыста ацы къабазы, уыдоны фарныл фарн æфтаугæйæ. Цæгат Кавказы дзыллон хабархæссæг фæрæзтыл се ‘ппæтыл дæр стыр хæс æвæрд ис, уымæн æмæ сæ арæхстдзинадæй аразгæ у адæмы абон æмæ фидæн, сæ кæрæдзи ‘хсæн хæлардзинад. Сымах хъуамæ канд республикæйы цæсгом æмæ кад хъахъхъæныныл ма архайат, фæлæ тауат хæлардзинад адæмы ‘хсæн, кæнат сæ æнгомдæр, кæрæдзийæн уарзондæр. Сымах хъуамæ дзурат рæстдзинады æвзагыл. Лев Кузнецов æмæ форумы кадджын уазджытæ зæрдиаг арфæтæ ракодтой Битарты Вячеславæн, национ телеуынынады кусджытæ æмæ Ирыстоны цæрджытæн се ‘ппæтæн дæр ног телеуынынады фыццаг къахдзæфы тыххæй. Хуссар Ирыстонæй форумы архайдтой Паддзахады мыхуыр æмæ информацион комитеты сæрдар Хъотайты Мария, информацион агентад «Рес»-ы директор Уазæгты Юри, Хуссар Ирыстоны Президенты администрацийы мидхъуыддæгты политикæйы управленийы сæргълæууæджы хæдивæг Джусойты Алан. Пленарон æмбырды УФ-йы Президенты Æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы Олег Белавенцев видеобастдзинады фæрцы арфæ ракодта форумы архайджытæн. Форумы фæсарæйнаг уазджытæ кæй архайдта, уый нысан кодта, кæй сæ фæнды Уæрæсейы дзыллон хафбархæссæг фæрæзтимæ æмгуыст кæнын, кæй сæ цымыдис кæны сæ архайд æмæ афтæмæй форум дарддæр дунеон кæй суыдзæн, уый. Лев Кузнецов куыд загъта, афтæмæй Кавказы цæрджыты ‘хсæн информацион политикæйы сæрæй хъуамæ æрмæст позитивон хъусынгæнинæгтæ парахат кæныны хъуыддаг ма лæууа. Алы журналисты æрмæджы сæйраг нысан хъуамæ уа, адæмæн дзы знаггад ма ‘рхæссын, кæрæдзиуыл сæ ма амидин кæнын, фыдбылызæй сæ бахизын, удæнцой хæссын. Ууыл уыд пленарон æмбырды иннæ архайджыты ныхас дæр: адæмты ‘хсæн хæлардзинад — сæйрагдæр. Æрæджы зындгонд журналист Алексей Чадаевæн цы ног чиныг рацыд «Путин. Наши ценности», уымæн форумы фæлгæты уыд презентаци. Чиныджы автор архайджыты базонгæ кодта йæ хъуыдытимæ æмæ иумæ æрдзырдтой чиныгыл. Форум фæцис кадджын мадзалæй. Республикæйы Сæргълæууæг Юнус-Бек Евкуров конкурс «Медиа Кавказ»-ы уæлахиздзауты схорзæхджын кодта Кады гæххæттытæ æмæ лæвæрттæй. Номинаци «Лучшая просветительская/документальная программа»йы лауреат ссис Цæгат Ирыстоны паддзахадон телерадиокомпани «Алани»йы директор, РЦИ-Аланийы Журналистты цæдисы сæргълæууæг Хъуысаты Тимур. Конкурсы къамисы уæнгтæ стыр аргъ скодтой йæ ист документалон кинонывæн — «Беслан. Бесконечность». — Раст куы зæгъон, уæд уый уыд мæ куыстытæн се ‘ппæты уæззаудæр æмæ зындæр, — загъта Тимур. — Хуыцау зæгъæд, цæмæй ахæм фыдбæллæх дунейыл мачиуал бавзара. Форум арæзт æрцыд Кавказы нырыккон политикæйы центр, УФ-йы Æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы федералон зылды аппарат æмæ Форумы генералон партнер — компани «Курорты Северного Кавказа»-йы æххуысæй.
ХЕТÆГКАТЫ-УАНИТЫ Оксанæ
Дзæуджыхъæу-Магас-Дзæуджыхъæу