Ногазон лæвар — культурæйы артдзæст

0
642

Михайловскы хъæу Дзæуджыхъæуæн йæ цæгатаг къæсæр хонынц. Цæры дзы фæллойуарзаг адæм, хъомыл дзы кæны бирæ курдиатджын чызджытæ æмæ лæппутæ. Цæрынæн дзы ис æппæт фадæттæ, фæлæ цæрджытæ рагæй тыхстысты, хъæууон клуб заууатмæ кæй æрцыд, ног бæстыхай саразыны фадат та сын нæ уыдис. Сæ хъаст алы рæттæм хастой, фæлæ уавæр нæ ивта. Афæдзы размæ Горæтгæрон районы хицауады куырдиатмæ гæсгæ, нæ республикæйы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеславы уынаффæйæ Михайловскы бындур æвæрд æрцыд культурæйы артдзæсты ног бæстыхайæн. Аразджытæ сæхиуыл нæ бацауæрстой æмæ галуан сырæзт.

Знон кадджын уавæры йæ дуæрттæ байгом кодта ног, райдзаст, абоны домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм бæстыхай. Ис дзы, 300 бынаты кæм ис, ахæм æмбырдтæгæнæн, концертон зал, библиотекæ, æндæр административон кусæнуæттæ. Культурæйы артдзæст арæзт æрцыд, «Развитие культуры и туризма на 2013-2020 годы», зæгъгæ, федералон программæмæ гæсгæ. Федералон æмæ республикон бюджетæй радих кодтой 29 милуан сомы. — Ног азы къæсæрыл ахæм æхсызгон цаутæ бирæ рæтты уыд. Æмæ уый та къухы æфты æрмæст иумæйаг хъарутæй. Ныфс мæ ис, ацы хæдзары сценæйыл арæх кæй цæудзæн бæрæгбæттæ, кæй дзы хъуысдзæн зард, фæндырдзагъд, ирон спектакльтæ æмæ кафт ам кæй æрфысым кæндзысты. Уæлдай æхсызгон у, нæ сывæллæттæ дзы сæ рæстæг хъæлдзæгæй, пайдаджынæй кæй æрвитдзысты. Сымахæн æмæ сымах æххуысæй арæзт æрцыд ацы культурæйы хæдзар — загъта Битары-фырт хъæуы цæрджытæн Ног азы арфæтимæ.

— Æмæ, дам, аргъæуттæ нæй, зæгъынц. 25 азы кæмæ бæллыдыстæм, уыцы культурæйы хæдзар махæн стыр лæвар у Ног азы бонмæ. Бузныг, фыццаджыдæр, республикæйы разамындæн, бузныг аразджытæн дæр. Æрвылбон, сæрдæй, зымæгæй куыстой æмæ сæ къухты фæллой арфæйаг уæд — загъта хъæуы хистæр Дзуццаты Валери.

— Æгайтма нæ фæсивæдæн ахæм хорз гæнæнтæ фæзынд сæ курдиат райхалынæн. Михайловскы бирæ фæлтæртæн лæггад кæндзæн ацы бæстыхай. Сырх лент алыг кодтой Битарты Вячеслав, Горæтгæрон районы сæргълæууæг Гаглойты Алан æмæ фæндзæмкъласон Киситы Камилæ. Республикæйы Сæргълæууæг æмæ иннæ бæрнон кусджытæ æрзылдысты бæстыхайыл. Аразджыты куыстæй разыйæ баззадысты. Залы къухбакæнæн нал уыд. Культурæйы артдзæстæн куыд æмбæлы, афтæ дзы фыццагдæр райхъуыст ирон зарæг. Хорз фæтк æвæрд æрцыд, республикæйы районты алы къабæзты фæллойгæнджытæн, куысты раззагдæртæн Ног азы агъоммæ хæрзиуджытæ дæттын. Ныр дæр, республикæйы Сæргълæууæг, Горæтгæрон районы цæрджытæй афæдзы дæргъы хъазуатонæй чи куыста, уыдоны схорзæхджын кодта Кадджын нæмттæ æмæ Арфæйы гæххæттытæй. «РЦИ-Аланийы сгуыхт дохтыры» ном радтой Тедеты Аллæйæн, «РЦИАланийы хъæууон хæдзарады сгуыхт кусæг» сси Хæбæлаты Нугзар, «Ахуырады сгуыхт кусæг» — Тедеты Рутен, республикæйы Кады гæххæттытæ райстой медицинон хо Гусаты Зæлинæ, рæвдауæндоны сæргълæууæг Хава Евлоева, тренер Сланты Юри. Санитаркæ Уарзиаты Замирхан, ахуыргæнæг Оксанæ Еременко æмæ хъугдуцæг Кодзаты Зæлинæйæн та радтой Арфæйы фыстæджытæ.

ГУГКАТЫ Жаннæ

Къамтæ систа КЪÆБЫСТЫ Харитон

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here