АИВАДЫ ДÆСНЫТÆ

0
523

“Валодя, дæу Ирыстон уарзы. Хæрзиуæг нæй зынаргъдæр уымæй!”

«Уæ изæр хорз, зынаргъ æмбæлттæ! Кусы Цæгат Ирыстоны телевизион студи!»
Ацы ныхæстимæ алы изæр телевизоры экранæй нæ уарзон диктор, Цæгат Ирыстоны адæмон æмæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист ДУДИАТЫ Владимир (Валодя) æмбæлд, йæ удæй фылдæр цы адæмы уарзы æмæ абоны онг лæггад кæнынæй кæмæн нæ бафæллад, уыцы æмбæстæгтимæ. Валодя, Цæгат Ирыстоны паддзахадон телеуынынады 56 азы кусгæйæ, йæ уды фарн æмæ къуыстхъомдзинадæй цы стыр æвæрæн бахаста, уымæн дзыхы ныхасæй аргъ скæнын зын у. Тынг хорз æмбары, цы стыр уаргъ æмæ хæстæ йыл æвæрд ис уый, æмæ иудадзыгдæр архайы дикторы кад бæрзон хæссыныл. «Валодя а дунемæ фæзынд телеуынынады кусыны нысанимæ», — дзырдтой арæх йе ‘мкусджытæ. Уымæн æмæ-иу «Уæ изæр хорз!» кæмæн загъта, уыдонæн зæгъын хъуыд «Ууыл абон Цæгат Ирыстоны телеуынынад йæ куыст фæцис. Хæрзизæр!» дæр. Афтæ йæ цард æнæхъæнæй дæр снывонд кодта Ирыстоны паддзахадон телеуынынады куыстæн, æмæ уый тых- хæй хорзæхджынгонд æрцыд дунейы æппæты стырдæр хæрзиуджытæй — адæмы ‘хсæн кад æмæ сæ уарзондзинадæй!
Валодя райгуырд Дзæуджыхъæуы 1937 азы 8 апрелы. Бинонтæн у дæсæм сывæллон. Йæ мад, дæргъæвсаг чызг Быдтаты Мария æмæ фыд Дзамболат, хъахъхъæдуйраг хуымæтæг лæппу, сæ кæстæрты схъомыл кодтой æгъдауылхæстæй. Иууылдæр удуæлдайæ балæг- гад кодтой Ирыстонæн. 1955 азы Валодя иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ каст фæцис Дзæуджыхъæуы 13-æм скъола. Уым куыста ногдзауты разамонæгæй. Аивад йæ зæрдæйы арфы уидæгтæ кæй уагъта, уымæ гæсгæ кусынмæ бацыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон Ирон тетрмæ сценæйы кусæгæй.
— Валодя, куыд рауад дæ фæндаг телеуынынадмæ? 
— Æфсадæй куы æрцыдтæн, уæд медицинон училищейы райстон фелсыры дæсныйад. Куыстон «Тагъд æххуыс»-ы станцæйы фелсырæй, уый фæстæ та мæ сæвæрдтой уазалгæнæн комбинаты медицинон пункты сæргълæууæгæй. Уыд 1962 аз. Куыстмæ мæ дард цæуын кæй хъуыд, уыцы уавæр мæ тыхсын кодта.
Нæ хæдзармæ хæстæг телеуынынады хъуыд кусджытæ, æмæ мæ фæндаг уырдæм акодтон. Цыфæнды куыстыл дæр разы уыдтæн. Мæн аккаг сæм ницы разынд, фæлæ мæм куы æркастысты, уæд ма мæ афарстой, иронау дзурын æви нæ. Ирон скъолайы кæй ахуыр кодтон, уымæ гæсгæ иронау дзырдтон иттæг хорз. Уæд фæндзæм къласы онг нæ предметтæ иууылдæр уыдысты ирон æвзагыл.
Хъуыддаг афтæ рауад, æмæ уыцы бонты уыд конкурс дикторы бынатмæ. Архайдтой дзы 250 адæймаджы бæрц, æмæ, уыдонæй къамисы уæнгтæ цы цыппар адæймаджы равзæрстой, уыдæнæй иу уыдтæн æз. Фæстаг æркасты мæм сæйраг режиссер бацыд æмæ загъта, Валодя, хорз сфидауис театры сценæйыл, фæлæ дæ роцъойы уыцы дзыхъхъ — цъондыр, телевизормæкæсæджы диктормæ лæмбынæг хъусын нæ уадздзæн, зæгъгæ. Уыйадыл æрхæндæгæй ацыдтæн.
Мæйы фæстæ сæйраг режиссеры бынаты кусын райдыдта Мерденты Юри, фæхуыдтой мæ ногæй телеуынынадмæ, æмæ уыцы бонæй мæ царды æрцыд цæхгæр ивддзинæдтæ.

— Цыбыр рæстæгмæ де ‘ддæг бакастæй, дæ хъæлæсы мырты æнæбафæзмгæ азæлдæй, дæ фæлмæн, æнæзынгæ мидбылбахудтæй балхæдтай адæмы зæрдæтæ, сдæ сын хиуонау уарзон, истай бирæ фыстæджытæ Ирыстоны алы хъæутæ æмæ горæтты цæрджытæй, æргом дзы кодтой сæ уарзондзинады æнкъарæнтæ, кодтой дын арфæтæ. Де ‘вæрæнты дзы исты баззад?
— Раст зæгъыс. Фыстæджытæн ныккæнæн дæр нæ уыдис. Сæ хъарм ахастдзинад мæн разæнгард кодта фылдæр æмæ хуыздæр кусынмæ, уæдæй фæстæмæ дардтон телевизормæкæсæгæй хæс. Хъыгагæн, мæ рæбыны уыцы фыстæджытæй иунæг дæр нæ бафснайдтон, уыцы хъуыддæгтæм мæ æвдæлгæ дæр нæ кодта. Стæй уæд æнхъæл уыдтæн, ахæм фыстæджытæ исдзынæн цæрæнбонты.

— Валодя, æхсæнадон бынæттæм-иу куы рацыдтæ, уæд-иу дæ адæм базыдтой, кодтой дыл цинтæ. Цавæр æнкъарæнтæ- иу дæм сæвзæрд уыцы рæстæг? 
— Буц уыдтæн сæ уарзондзинадæй, æнæмæнг. Фыццаг мæ зæрдæмæ тынг цыд, кæй- иу мæ базыдтой, уый. Фæлæ … Уыцы иу рæстæг мæ бон нæ уыд суанг рестораны дæр иннæ адæмау мæ фæллад суадзын. Уымæн æмæ мæм мæ алыварс адæм æппынæдзух дардтой сæ хъус æмæ мын уый нæ лæвæрдта бар суанг мæ иу къах иннæйыл сæвæрынæн дæр. Кæдфæнды дæр хъуыды кодтон, адæм мæ номæй æгас телеуынанадæн кæй кæнынц аргъ, æмæ мын уый нæ лæвæрдта бартæ.

— Хъуыды-ма кæныс дæ фыццыг рацыд телеуынынады?
— Тынг хорз. Мæн райстой уырыссаг эфирмæ Наталия Березовскаяйы бынатмæ. Ирон эфир та амыдта Мамсыраты Тасолтан. Тасолтаны размæ та ирон эфир амыдта Борæты Барис. Фыццаг амыдтон информацион рауагъд «Хабæрттæ». Фæстæдæр куыстон дыууæ æвзагыл дæр. Дæсгай азтæй фылдæр амыдтон телеравдыстытæ «Арвæрдын», «Алло, мы ищем таланты», «Субботний вечер», «Политвещание». Уыцы иу рæстæг сдæн концертон программæты амонæг. Суанг ма бæхты дугъ дæр амыдтон.

— Уæды телеуынынадæй абоны ног телеуынынадмæ цы баххæссис?
— Фыццаджыдæр, сæ зиууон куыст. Режиссертæ, автортæ, амонджытæ иууылдæр телеравдыстыл куыстам æмдых, æмзондæй. Æрбацыдыстæм-иу студимæ, æмæ, кæрæдзи æххæст кæнгæйæ, куыстам сценарийыл, дарддæр кодтам репетици, уый фæстæ та-иу æй систам. Æхсæвы æртæ сахатмæ дæр-ма иу хатт баззадыстæм. Уыцы рæстæг ахæм æгъдау уыд телеуынынады: «Уæ изæр хорз!» эфиры куы зæгъай, уæд телеуынынады, куысты кæрон зæгъын хъæуы «Хæрзæхсæв» дæр. Уыцы ахаст æнкъардта нæ телевизормæкæсæг дæр æмæ нæ уыд бузныг, кастис нæм æнхъæлмæ. Уый уыд телевизормæкæсæг æмæ дикторы ‘хсæн æнгом бастдзинады нысан.

— Валодя, ды амондджын адæймаг дæ?
— Æнæмæнг. Мæ размæ царды цы хæстæ сæвæрдтон, уыдон мæ къухы бафтыдысты. Мæ удæгасæй мыл чиныг рацыд. Радтой мын РЦИ-Аланийы адæмон æмæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт артисты, фæллойы ветераны нæмттæ. Хорзæхджынгонд дæн майдан «Ирыстоны намысæн»-æй. Æнкъарын мæхиуыл адæмы уарзондзинад, сты мын зынаргъ. УФ-йы хорзæхтæй мæм ницы ис, фæлæ уыцы хъыг нæ адæмы уарзондзад басаста.

— Валодя, уыцы æвидигæ ныхасы хъæд дын æрдзæй лæвæрд у? 
— Æрыгонæй архайдтон театралон студийы. Уым нæ ахуыр кодтой артисты ныхасы хæрзхъæддзинадыл. Æвæццæгæн, уый сахадыдта мæ дарддæры æнтыстытыл. Телеуынынады кусынæн хъуыд сæрмагонд ахуырад райсын, æмæ уæд каст фæдæн ЦИПУ-йы филологон факультет. Уый фæстæ мæ Мæскуымæ дикторты курсытæм куы арвыстой, уæд сæ нæ фæдæн каст. Рарвыстой мæ ахуыргæнджытæ, дæ дикци, ныхасыхъæды техникæ сæ бынаты сты, зæгъгæ.

— Куыд пофессионалон амонæг, афтæ, нæ кæстæртæй дæ чи баива, ахæм диктор бахъомыл кодтай?
— Ног кусæг куы æрбацæуы, уæд иумæ бакусæм, раст куыд кæсын хъæуы, уыцы телеæгъдауыл. Сæрмагонд курсытæ нæ амонын, фæлæ мæм куы бахатынц, уæд цæстуарзонæй бацархайын.

Дæ бæллиц цы у? Цы ракурис Хуыцауæй? 
— Цæмæй нæ кæстæртæ, мæ хæстæджытæ уой æнæниз æмæ æнтыстджын. Мæ мад фынддæс азы хуысгæ уыд, æмæ йæм мæхæдæг кастæн. Хуыцауæй курын, цæмæй мын фæцæрынæн цы рæстæг радта, уыдон æнæниз æмæ куысхъомæй арвитон.

— Мыхуыры фæрæзтæй цы кæсыс?
— Кæдфæнды дæр фыстон æмæ фысдзынæн газеттæ «Рæстдзинад» æмæ «Северная Осетия». Тынг зын мын вæййы, ирон лæджы хæдзары ирон газет «Рæстдзинад» куы нæ фенын, уый. Мæхæдæг æй тынг цымыдисæй кæсын райдайæнæй кæронмæ, æмæ мæ фæфæнды, иннæтæ дæр-иу æй куы бакæсиккой, сæхицæн дзы исты хорзæй куы райсиккой.

— Диктор куы нæ суыдаис, уæд цавæр æндæр дæсныйад равзæрстаис?
— Мæнмæ гæсгæ, дохтыры фæндагыл куы ацыдаин, уæд уыдаин æнтыстджын. Рауадаид мæ ахуыргæнæг дæр. Мæ удыхъæд ахæм у, æмæ, цы куысты сæр æрлæууон, уымæ бавналын, мæхиуыл нæ ауæрдгæйæ, æндæрхуызон мæ бон нæу. Адæймаг цы куысты сæр æрлæууа, уый хъуамæ æххæст кæна бæрзонд уагыл. Уæлæнгай цæстæй цæмæ кæсыс, уымæ фæлтау хæстæг ма бацу.

Валодя, «Хъусынгæнинæгтæ» систы ирон адæмы царды æнæмæнг хай. Зианджынтæн тæфæрфæстæ, кæндты хъусынгæнинæгтæ адæм базонынц сымахæй. Цавæр сты уæ афæлгæсты хатдзæгтæ? 
— Уалдзæджы райдайæны æмæ фæззæджы кæрон мæ бакæсинæгтæ фæфылдæр вæййынц. Мæхицæн фæнысан кодтон, иу бонмæ æппæты фылдæр кæй бакастæн 76 хъусынгæнинаджы.

Фæстæмæ акæсгæйæ, фæсмон цæуыл кæныс? 
— Мæ куысты зилдухæнты бахаугæйæ, мæн нæ равдæлд бинонты хъуыддаг бакæнынмæ. Телеуынынад мын ссис хи хæдзарау, фæлæ бинонты ад æндæр у. Иннæ хъуыддаг та — æрмæджытæ фыссын кæй нæ базыдтон. Мæ куыстæй мæ фыссынмæ нæ равдæлд. Рæстæг куыд атахт, уый абон дæр нæма бамбæрстон. «Куыстыл-иу куы фестæм, уæд-иу арæх æхормагæй дæр баззадыстæм, — мысы Валодя. — Иу хатт, изæры цы телеравдыст хъуамæ систаиккам, уый рагацау репетици кодтам, афтæмæй мæ иу рæстæг, уымæй фæхицæн уæвгæйæ, эфиры бакæсын хъуыд программæ. Лæппутæ мын дзулы хус карст авæрдтой, æмæ йæ хæлофæй мæ дзыхы куыд баппæрстон, афтæ мæм режиссер Цхуырбаты Азæ дзуры: «Выдаю». Цы ма фæуыдаин? Æрхæмц кæнгæйæ йæ дыууæ дихы фæкодтон æмæ йæ мæ комы къуымты æрæмбæхстон. Мæ дзыхы — къæбæртæ, афтæмæй ахæццæ кодтон комкоммæ эфир, бакастæн программæ, æмæ сæ уый фæстæ аныхъуырдтон». Диссаг у, æвæдза. Иу рæстæг, телеуыны- нады исæн фæзы равдыст амонгæйæ, Валодяйы фæстæ рухскæнæнтæй иумæ æртæ ныггуыпп кодтой, æмæ йæ фæсонтыл тæвдæй базгъæлæнтæ сты, фæлæ йе ‘рфыг дæр нæ базмæлыд. Комкоммæ эфир куыддæр фæцис, афтæ йæм йе ‘мкусджытæ рæвдз бауадысты æмæ федтой, тæвд æвгтæй йæ фæсонтыл йæ нейлон хæдон кæм батад, уы- мыты йæ буар дæр кæй басыгъд. Валодя йæ куысты тынг бæрнон кусæг уыд. Иу бинонтау цæстуарзонæй телеуынынады фæкуыстой Мамсыраты Тасолтанимæ, Хъулаты Земфирæимæ, Тедтойты Земфирæимæ, Абойты Риммæимæ, Дойаты Заремæимæ æмæ иннæтимæ. Уыдон уыдысты телеуынынады историйы фыццаг стъалытæ. Фæскадры та куыста æнæхъæн æфсад. Центрон телеуынынадæй-иу кадджын уазджытæ республикæйкæмæ куы ссыдысты, уæд сæ дисы æфтыдта, ахæм гыццыл республикæйы дикторы дæсныйады профессоналон скъола кæцæй фæзынд, зæгъгæ.
Æмбисондæн арæх радзурынц, иу сылгой- маг зианы хабары хъусынгæнинаг телеуыны- надмæ куы æрбахаста, уæд æй куы афарстой, иу бон æй бакæсын хъæуы æви дыууæ, уæд сæ фæстæмæ афарста:
— Æмæ йæ чи кæсдзæн?
— Дудиаты Валодя.
— Уæд — дыууæ боны.
Бафиппайын хъæуы, Валодя цы концерттæ, сфæлдыстадон изæртæ æмæ æндæр культурон мадзæлттæ амыдта, уыдон иууылдæр — лæвар. Ахæм у йæ удыхъæд, цы кæны, уый — зæрдиагæй. Телевизормæкæсæг абоны онг æууæнды йæ алы ныхасыл дæр, уымæн æмæ дардæй дæр æнкъары, цы зæрдæйы ахаст æм дары, уый.

============
ХЪУЛАТЫ Юри, ПТРК «Алани»-йы раздæры шеф-редактор:

Валодяйы къухмæ æрхауд адæмы зæрдæтæм дæгъæлты баст… Удты гуыдыртæй иу дæр уæдæй фæстæмæ æхгæдæй нæ баззад.
Мæнмæ гæсгæ, ацы æвæджиауы курдиатджын адæймагæн знæгтæ цæргæ-цæрæн- бонты дæр никуы уыд. Ахæм рæстуд æмæ æнæхин цардыбонтæй алчи не ‘сфидауын кæны йæ азтæ. Валодяйыл та уыдон дæр нæ тых кæнынц: иухуызон уарзон у куыд хистæр кары фæлтæртæн, афтæ кæстæртæн дæр. Цы ма уа уымæй стырдæр амонд!
Йæ хæстæм куыд бæрнонæй кæсы, уый хицæн ныхасы аккаг у. Цыфæнды рынчын куы уа, фæлæ йæ кусынмæ цæуын хъæуы, зæгъгæ, — йæхи никуы фæиуварс кодта! Адæм æй цæмæй зонынц, фæлæ-иу хаттæй-хатт йæ къæхтыл дæр тыххæй лæууыд йæ буары рыстытæй. Мах-иу æй æнæхъæн редакцийæ фæстæмæ хæдзармæ ‘рвитын рай- дыдтам, фæлæ, марадз зæгъай, кæд-иу бакуымдта! “Ирыстоны бинонтæй мæм искæй байхъусын куы фæнда, мыййаг, æмæ сæ куыд хъуамæ асайон”, — ацы ныхæстæ æндæр искæмæй куы фехъуыстаин ахæм уавæрты, уæд мæ сæ рæстдзинад нæ бауырныдтаид, адæймаг тыххæй йæхицæн кад кæнын домы, зæгъгæ. Фæлæ иунæг минут дæр нæ фæгуырысхо дæн, Валодя сæ æргомзæрдæйæ кæй дзуры.
Мæ цæстытæй абоны онг нæ хицæн кæны, Беслæны скъолайы трагикон цауты рæстæг йæхи куыд равдыста, уый. Нæ информацион программæтæй иу амыдта Вало- дя. Ахæм бæрнон рæстæджыты йын æмбал нæй: афтæ дæсны-иу равдыста йæхи, æмæ йæм иунæг аипп дæр не ‘рхастаис. Уыцы бон дæр не ‘рмæджытæ иууылдæр баст уыдысты скъолайы амынæтты темæимæ. Сюжет фæци, режиссерæн афон у амонæджы кадры равдисын, фæлæ Валодяйæн уыцы рæстæг йæ цæссыгтæ йæ уадултыл æруадысты. Тынг хорз æй бахъуыды кодтон, йæ бон иуцасдæр иунæг ныхас дæр скæнын кæй нæ уыд. Кæддæр-уæддæр адæмæн кæуын хъæлæсæй хæрзбон загъта, бафæдзæхста сæ фыдбылызтæй, æмæ программæ фæцис. Фæлæ Валодяйæн йæ бон йæ бынатæй сыстын нал уыд. Ууыл рацыд цалдæр боны, афтæ рынчындонмæ бахауд… Мæйæ фылдæр дзы фæцис. Афтæ мæм кæсы, цыма тынгдæр йæ зæрдæйы ностæ дзæбæх кодта.
Алы адæймаджы рыст дæр йæ зæрдæмæ хæстæг исы, уымæн афтæ уарзон у алкæмæн! Галуантæ нæ самадта, швейцариаг банкты йын милуантæ æвæрд нæй, уæдæ-иу йæ куыстмæ дæр «Лимузин»-ыл не ‘ссыди… Фистæгæй… Иуæй-иу хатт æй уынджы зонгæ дæр нæ бакæнынц. Уымæн æмæ йæхи никуы никæмæй уæлдæр æвæрдта. Раппæл дзы, уæд та сывæллонау фефсæрмы вæййы… Ахæм у Дудиаты Валодя — Иры номдзыддæр адæймæгтæй иу, фæлæ хуымæтæг, хæдæфсарм æмæ, æнæхъæн дуне кæм бацæуид, ахæм зæрдæйы хицау!

============
ДУДИАТЫ Джинæ, Паддзахадон телерадиокомпани «Алани»-йы хайады сæргълæууæг:

— Валодя мæнæн у мæ фыдыфсымæр. Хæрз сабийæ бамбæрстон, адæм Валодяйы куыд бирæ уарзынц æмæ йын цы стыр аргъ кæнынц, уый, æмæ мæм æвзæрын кодта цавæрдæр уæлмонц æнкъарæнтæ. Фæндыдис мæ царды йæ фæндагыл ацæуын. Хъуыды-ма кæнын, газетимæ-иу нæ зæронд шифанеры кæсæны комкоммæ куыд сбадтæн æмæ-иу «комкоммæ эфир» куыд «амыдтон». «Уæ изæр хорз, зынаргъ телевизор- мæкæсджытæ!» — фæзмыдтон-иу Валодяйы. Фæндидис мæ, цæмæй алцæмæй дæр уый хуызæн уон. Хæдзары арæх нæ уыд, уымæн æмæ артисттимæ алы рæттæм концерттæ ластой. Телестудийы дæр-иу æнафонмæ афæстиат сты. Архайæг уыд, зæгъæн ис, республикæйы алы ахсджиаг культурон мадзалы дæр. Мах иумæ цардыстæм, æмæ-иу искуы куы уыд, уæд-иу нын æрласта лæвæрттæ, рæсугъд къабатæ, хъазæнтæ. Æмæ ма-иу махæй хъалдæр кæм уыд.
Йæ алы ‘рбакъахдзæф дæр уыд бинонтæн бæрæгбонау. Абоны онг дæр йе стырдæр нысан у адæмæн циндзинад, удæнцой хæссын, лæггад сын кæнын. Раздæр нын нæхи буц дардта, ныр та ма нæ цоты дæр. Æз никæд фехъуыстон, цæмæй искæй фыдкой ракæна. Уый йын сæрмæхæссинаг хъуыддаг нæу. Ахæм уæнгрог æмæ рухсдзаст дæр, æвæццæгæн, уымæн у йæ кары. Иу хæдзары цæргæйæ, мæнæн Валодя у мæ ныфс. Уарзы цард æгæрон уарзтæй æмæ йын зоны аргъ кæнын дæр.
Гæздæнты Булат Валодяйы тыххæй афтæ загъта: “Дудиаты Валодяйы Хуыцау цы лæггад курдиатæй фæхайджын кодта, уый куы нæ уыдаид, уæддæр, йæ мадæн цы лæггад фæкодта, æрмæст уый тыххæй дæр йæ ном адæмы ‘хсæн æрцыдаид сыгъзæрин дамгъæтæй фыст.
Валодя нæ оркестримæ куыд концерт амонæг бирæ рæтты куыста. Сценæмæ-иу куыддæр рахызт, афтæ-иу залы къухæмдзæгъдæй срæмудзынмæ бирæ нал хъуыд. Валодяйы чи нæ уарзы, æз ахæм адæймаг нæ зонын. Йæхицæй зæрдæхæлардæр адæй- маг зын ссарæн у».

============

ХЪУЛАТЫ Земфирæ, ПТРК «Алани»-йы амонæг, РЦИ-Аланийы сгуыхт артисткæ:

— Дудиаты Валодя канд мыггаджы нæ, фæлæ æгас ирон адæмы фæрныг лæг у. Кæд ыл азтæ рацыд, уæддæр баззад сывæллонау сыгъдæг, æууæндаг, зæрдæхæлар адæймагæй. Уымæй, йæ фарсмæ чи ис, уыдоны миддунейыл дæр сахады. Йæ алы рацыд дæр йæ алыварс кусджытæн уыд мастер-класс. Адæмæй æфхæрд дæр куыд нæ баййæфта, фæлæ никæд никæмæ смæсты. Уæд мæхинымæр хъуыды кодтон, Валодя раст нæ кæны, зæгъгæ. Абон æз мæ хъуыды цæхгæр аивтон. Æвæццæгæн, йæ зæрдæйы маст кæй никæд хаста, адæмы æгæрон уарзтæй кæй уарзта æмæ уарзы, абон йе ‘нæниздзинад æмæ бакаст дæр уымæн сты уагыл. Уый дæр царды скъола у кæстæртæн, уæвгæ, æрмæст кæстæртæн нæ.
1992 азы Ирыстоныл уæззау бонтæ куы скодта, алырдыгæй гуыпп-гæрах куы хъуыстис, уæд нын Валодя афтæ зæгъы: «Чызджытæ, сыстут æмæ уæ хæдзæрттæм ацæут, æз иунæг дæн, цот мын нæй, æмæ уæ бæсты бакусдзынæн». Афтæмæй иунæгæй куыста. Адæм цымыдисæй телевизорты раз æнхъæлмæ кастысты, абон та сын цы хабæрттæ радзурдзæн, æмæ-иу йæ цæсгомыл гыццыл мидбылхудт куы фæзынд, уæд кæрæдзийæн дзырдтой, уæдæ уæд хабæрттæ бынтон æвзæр не сты, зæгъгæ.
Валодяимæ иумæ бирæ фæкуыстам диктортæй. Кæддæр мын мæ мад афтæ зæгъы: “Æз не ‘мбарын, Валодямæ куы фæкæсын телевизормæ, уæд, раст цыма мемæ фæныхæстæ кæны, ды куы рацæуыс, уæд та цыма гæххæттæй фæкæсыс, афтæ мæм цæмæн кæсы?”
Æнæ зæгъгæ мын нæй, мæ мад куы æррынчын, уæд ын Валодя цырагъдарау кæй фæлæггад кодта йæ фæстаг боны онг. Уколтæ дæр ма йын-иу Валодя кодта. Валодя у, цард кæмæй фидауы, ахæм рæстаг адæймаг, лæггадгæнæг.

============

ДАУЫРАТЫ Зоя — Дауырæ, адæмон поэт, Цæгат Ирыстоны аивæдты сгуыхт архайæг:

Бирæ азты дæргъы Цæгат Ирыстоны телеуынынады иумæ кусгæйæ, Дудиаты Вало- дя — дзырды дæсны, æз — режиссер, бацæттæ кодтам бирæ равдыстытæ.
Валодя уыдис æмæ у Ирыстоны зындгонддæр æмæ уарзондæр адæймæгтæй иу. Ирон аив дзырды дæсны Дудиаты Валодя у курдиатджын артист. Бирæ азты дæргъы уыдис республикæйы ахсджиагдæр концертты амонæг канд ам, Ирыстоны, нæ, фæлæ Мæскуыйы æмæ суанг фæсарæнты дæр. Сценæмæ йæ рахызт æдзухдæр расайы тых- джын къухæмдзæгъд, йæ алæмæты хъæлæс, йæ дикци — мырты азæлд — адæймагæн хæссынц æхсызгондзинад, суанг ма амонд дæр.
Кæддæр Ирыстоны телеуынынад æмæ уæды кинокомплексы куыста 600 адæй- маджы. Уыдоны ‘хсæн иунæг дæр нæ уыд, Валодяйы йæ хорз æрдхорд чи нæ хуыдта. Уый уымæн, æмæ Валодя аргъ кæнын зыдта йæ алы æмкусæгæн дæр. Цины дæр, зыны дæр уыдис нæ алкæй фарсмæ.
Мæнмæ æдзухдæр диссаг кастис йæ ахаст йæ бирæ хиуæттæм, уæлдайдæр та йæ уæздан мад Быдтонмæ æмæ йæ хо Любæмæ. Хорз чызг дæр Валодяйы хуызæн нæ балæггад кæндзæн мадæн, суанг лыстæг хъуыддæгты дæр.
Ирон аивады историйы Дудиаты Дзамболаты фырт Владимиры (Валодяйы) ном фыст уыдзæн сыгъзæрин дамгъæтæй. Чи йæ зоны, æрмæст иунæг хатт æй чи федта, уыдон та йæ рох никуы фæкæндзысты.

============

ТЫДЖЫТЫ Юрии

Ды ацы дунемæ фæзындтæ,
Цæмæй æрвон бæллицтæ уафай.
Ды ацы дунемæ фæзындтæ,
Цæмæй дæ артæй искæй тавай.

Дæ зæлгæ базырджын ныхæстæ
Æхсызгон комулæфт æрхæссынц.
Ды садзыс удварны бæлæстæ,
Æмæ нæм хур тынтæ ныккæсынц.

Куы бахудыс фæлмæн дæ цæстæй,
Уæд тауæг, ахуыргонд, бæлццонæй
Фæиппæрд вæййæм, зон, нæ мастæй,
Нæ зæрдæ сулæфы æнцонæй.

Уынæм дæ сурæты рæстдзинад,
Сыгъзæринтæ дæ дзыхæй хауы.
Уынæм дæ сурæты лæгдзинад,
Ныфсы уылæнтæ нын фæлгъауы.

Нæ мæнг уæззау рæстæджы карзы,
Бæгуы, нæ рацæуыс æрхуымæй.
Валодя, дæу Ирыстон уарзы.
Хæрзиуæг нæй зынаргъдæр уымæй!
============
Фарс бацæттæ кодта ХЕТÆГКАТЫ-УАНИТЫ Оксанæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here