Фæлмæн ныхас — æвдадзы хос

0
614

Газеты редакцимæ нæ республикæйы цæрджытæй чи йæ рис фæхæссы, чи йæ циндзинад. Нæ иузæрдион газеткæсджытæй иу, Донгæроны цæрæг ДЗИГОЙТЫ Гуля редакцимæ цы арфæйы фыстæг æрбарвыста, уым йæ циндзинады æнкъарæнтæ уæрста æгас Ирыстоныл дæр. Æрæджы йæ æнæниздзинад æнæнхъæлæджы куы фæцудыдта, уæд æрхуыссыд Республикæйы клиникон рынчындоны неврологийы хайады. Рынчын йæ тыхстæй дохтырæн суанг йæ цæстæнгасмæ дæр царды хосау фенхъæлмæ кæсы. Дохтыртæ иууылдæр иухуызæн кæцæй сты, фæлæ се ‘хсæн, арфæйы аккаг чи у, Гиппократы номыл ардбахæрд кадимæ чи æххæст кæны, уыдон нын сæрмагонд ныхасы аккаг сты, хъæуы сын раст аргъ кæнын.

— Неврологийы хайады сæргълæууæг, фæлтæрдджын дохтыр Мæхъиты Аслан æмæ мæ дзæбæхгæнæг æрыгон дохтыр Биганаты Беллæйæ цы цæстдард æмæ зæрдæйы хъармдзинад райстон, уыдон цыфæнды хостæй дæр ахсджиагдæр æмæ ахадгæдæр уыдысты ме ‘нæниздзинадæн. Уайтагъд мын сбæрæг кодтой мæ низыхъæд, скодтой мын раст хостæ æмæ цыбыр рæстæгмæ мæхиуыл фæхæцыдтæн. Беллæ мæнæн æмæ мæн хуызæн хистæртæн дохтыры лæггæдтæй уæлдай æнæзивæгæй кодта кæстæриуæг дæр. Уый дзурæг у, æгъдауджын бинонты ‘хсæнæй кæй рацæуы алы райсом, ууыл æмæ сын бузныг, ахæм кæстæр Ирыстонæн, кæй бахъомыл кодтой. Хайады дохтыртæ кæд иууылдæр æрыгæттæ сты, уæддæр сæм цыма стыр фæлтæрддзинад ис, афтæ арæхсынц сæ куыстмæ. Уым та сæрмагонд арфæйы ныхасы аккаг сты рынчындоны сæйраг дохтыр Моргуаты Аслан æмæ ацы хайады сæргълæууæг Мæхъиты Аслан, — зæгъы Гуля.

Неврологийы хайад адæмæн лæггад кæны, рынчындон куы байгом, уæдæй. Неврологийы низтæй рынчынты нымæц республикæйы кæй рæзы, уымæн æвдисæн стæм нæхæдæг дæр. Кæд уæды рæстæг хайады 40 бынаты йеддæмæ нæ уыд, уæд дзы абон та ис 82 бынаты æмæ уыдон дæр нал фаг кæнынц.

— Ныртæккæ дæр 82 рынчынæй уæлдай иннæ хайадты нæ рынчынтæй сæвæрдтам 10 адæймаджы, уымæн æмæ æндæр гæнæн нæй. Сæ фылдæр сты, инсультимæ нæм кæй æрбаластой, уыдон. Кæд раздæр нæ рынчынтæ æрмæст хистæр кары адæм уыдысты, уæд ныртæккæ куы акæсæм, уæд дзы æрыгæттæ дæр дзæвгар фæзынд, — загъта Мæхъиты Аслан.

Мæхъиты Аслан райгуырд æмæ схъомыл Дзæуджыхъæуы. У 5-æм скъолайы рауагъдон. 1986 азы каст фæцис Цæгат Ирыстоны медицинон институт. Дарддæр дохтырæй куыста Пензæйы облæсты клиникон рынчындоны, Архонкæйы районы центрон рынчындоны, Мæскуыйы Н. А. Семашкойы номыл рынчындоны поликлиникæйы, Мæскуыйы С.П. Боткины номыл рынчындоны ординатурæйы. Республикæйы клиникон рынчындоны Аслан кусы 26 азы, уыд сæйраг дохтыр дæр. Хайадæн разамынд дæтты дæс азы. — Аслан хайджын у адæймаджы хуыздæр миниуджытæй. У бæрзонд къæпхæны дохтыр. Бахъуыды сахат фæстæ никæд фæлæууыд. Куысты мидæг — хъазуатон. Рынчыны рафыссæм, уæд дæр ма нæ дзæвгар рæстæджы фæстæ афæрсы, нæ йæм дзырдтат хæдзармæ, цымæ йæ æнæниздзинад куыд у, зæгъгæ, — зæгъы Биганаты Беллæ. 2016 азы декабры Республикон клиникон рынчындоны бындурыл байгом Дадзинты регионалон центр. Уымæн йæ къабæзтæй иу у ацы неврологийы хайад. Асланы зæрдæ цæуыл риссы, уыцы фарстатæй иу у, республикæйы рынчындæтты паллиативон бынæттæ кæй фылдæр кæнынц, уый.

Аслан куыд зæгъы, афтæмæй ахсджиаг у кæцыдæр районты тагъд æххуысы центртæ байгом кæнын.

— Дзæуджыхъæуæй дард цы районтæ ис, зæгъæм, Дыгургомы, уыдонæн тынг зын у рынчыны тыхст уавæры афойнадыл махмæ сласын. Уымæй размæ-иу цалынмæ Махческæй рынчыны Дзæуджыхъæумæ ластой, уæдмæ-иу амард, — зæгъы тыхстхуызæй Аслан.

— Нæ куыст æнцон нæу, уымæн æмæ нæ рынчынты нымæц æппындæр къаддæр нæ кæны. Инсульттимæ нæм æрбаласынц, сæкæрниз æмæ дадзинты æлхъывдады низтæ афойнадыл чи нæ дзæбæх кæны, уæлæнгай цæстæй сæм чи кæсы, уыдоны. Мæлын никæй фæнды, фæлæ, диссагæн, нæ цæрджытæ сæхиуыл дæр нæ ауæрдынц. Махæн нæ размæ вæййы æвæрд хæс, тагъд медицинон æххуыс бакæнынæй уæлдай, рынчыны уавæр æмбаргæйæ нæ хъарм узæлд æмæ дзыхы фæлмæн ныхасæй сæ æнæниздзинад сын фæхуыздæр кæнын, — зæгъы Беллæ. Неврологийы хайады дохтыртæ сты: Хетæгкаты Мæдинæ, Гуыбиаты Зæлинæ, Бекмæрзты Дианæ, Къæлхидты Сослан, Ходы Мæдинæ, Хайты Иринæ, Гулуты Светланæ, Хъоцыты Екатеринæ, Тедеты Виктория, Уалыты Дианæ, Хадыхъаты Мæдинæ, Диакъонты Олеся, Хуыбецты Кристинæ, Коцойты Эллинæ, Тыджыты Зæринæ, хистæр медицинон хо Дзуццаты Фатимæ æмæ иннæтæ.

Адæймагмæ цалынмæ хъарутæ вæййы, уæдмæ йæм афтæ фæкæсы, цыма уыцы иунæг адæймаг уый у, низтæ кæмæ нæ бахъуыздзысты. Уыцы уавæры нæ фарсмæ нæ уарзон хиуæттæ, хорз дохтыртæ куы балæууынц, куы нын балæггад кæнынц, уæд зын вæййы дзыхы ныхасæй сæ аккаг ныхæстæ ссарæн.

ХЕТÆГКАТЫ Оксанæ

Авторы ист къам

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here