Куыдзы зæрдæ

0
549

 

 

Бирæ диссæгтæ æмæ тæмæстæ ис фехъусæн куыдзы иузæрдиондзинад, æнувыддзинады тыххæй. Фæлæ дзы мæнмæ иууыл диссагдæр кæсы, куыдз йæ хицауы амарды фæстæ йæхи куыд рауæлдай кодта, уæлмæрдтæй-иу, кæуæгау, йæ ниуын куыд хъуыст, æмæ йæ иуафон йæ хицауы ингæныл мардæй куыд ссардтой, уый. Æмæ мæнæ æвзæрæрдæм афтæ куы фæзæгъынц, мæ куыдз дыл амæлæд, уæд уый мæнмæ æппындæр раст нæ кæсы. Растдæр уаид, мæ куыдз дыл амæлæд нæ, фæлæ мæ куыдзыл амæлæд. Уый тыххæй мæ бындæр бамбардзыстут.

Цæвиттон, махмæ дæр кæддæр уыдис иу ахæм хорз куыдз Бугъули. Афтæ йæ цæмæн хуыдтам, нæ зонын, фæлæ уый сæйрагдæр нæу. Зæрдæйы айдæн, дам, цæстытæ сты, æмæ уый дæр, адæймагау, æдзух цæстытæм каст, бинонты цæстытæм, раст сын цыма сæ зæрдæйы уаг, сæ зæрдæйы ахаст бамбарынмæ хъавыд, уыйау.

Мах нæ куыдзы фылдæр хатт бастæй дардтам, кæрты иу цæджындзæй иннæмæ цы ставд тел тыгъд уыд, уый ласт уыд йæ рæхысы кæройнаг цæджы, æмæ куыдз телы бынты разгъор-базгъор кодта. Куы- иу æй суæгъд кодтам, уæддæр-иу уынджы цæуæгыл дзæгъæл рæйд никуы скодтаид. Дæ цæстытæм дын скастаид æмæ дæ цæстæнгасæй æмæ былты змæлдæй дæр бамбæрстаид, рæйын кæй нæ хъæуы, уый. Йæ къæдзил-иу цины тылд бакодтаид, дæ фарсмæ æрбадтаид, цыма уый дæр æнхъæлмæ каст цæуæгæн «дæ бон хорз» зæгъынмæ.

Рæстæг цыдис. Уæд ма зæронд æлыгбын хæдзары цардыстæм, уыдис нын дзы нæ хъæуккаг хорз дурын пецтæ амайæджы амад пец. Сугтæй йын йæ æртгæнæны бандзар, æмæ-иу артæн уайтагъд йæ гуыр-гуыр ссыди. Ахæм артыл-иу цы хæринаг фыхтам, уый цыбæлгæнæн хæрздæф-иу калд суанг иннæ сыхмæ дæр.

Иуæхсæв Бугъули бастæй цыдæр æнахуыр хъуырдухæн кодта, сниуæгау-иу кодта, афæлвæрдта-иу, йæ хъуырыл цы гæрзбæттæн баст уыд рæхысмæ, уый йæ сæрæй раппарыныл, раззаг къæхтæй дæр-иу ацархайдта. Æз уый куы бафиппайдтон, уæд куыдзæн фæтæригъæд кодтон æмæ йæ суæгъд кодтон. Бинонтæ æхсæвæр хæрыныл куыд æрбадтысты, афтæ дуары хыртт-хыртт ссыди — куыдз йæ раззаг къæхтæй дуар хафта, хойæгау æй кодта. Мах æй æххормагæй никуы ныууагътам, нæ комы комдзæгтæ дæр ма йын лæвæрдтам, фæлæ, зæгъын, кæд нæ бафсæст æмæ хæринаджы тæфмæ цыбæл кæны. Фæтæгены цырагъ мæ къухы рахастон, йæ ала фæздæг калгæ, æмæ йын иу къуыдырфых дзидзайы къуылдых аппæрстон. Куыдз мын мæ цæстытæм цыдæр æнахуыр каст кодта, фæлæ ацы хатт кæрæдзийы нæ бамбæрстам. Куы схуыссыдыстæм, уæддæр ма мæ тыхсын кодтой уыцы цæстытæ, фæлæ уæддæр сæ бамбарынхъом не сдæн.

Дыккаг бон райсомæй куы сыстадтæн, уæд хæринæгтæ дæр æнæвнæлдæй лæууыдысты, куыдз дæр, раздæрау, мæ размæ цингæнгæ нæ разгъордта. Бугъули, Бугъули, зæгъгæ, йæм бирæ бæргæ фæсидтæн, фæлæ — никуы æмæ ницы, йæ кой, йæ хъæр дæр никуыцæй райхъуыст.

Дыууæ боны йæ фæцагуырдтон, стæй йын уæд æртыккаг бон Терчы дæлбыл, иу пыхсбыны йæ мард ссардтон. Дзæгъæлы нæ фæзæгъынц, хорз куыдз, дам, йæ мард фæсвæдмæ хæссы.

Мæ куыдзыл бирæ фæхъынцъым кодтон, фæуынæргъыдтон, стæй дзыхъ скъахтон æмæ йæ уым баныгæдтон. Афтæ йæм цалдæр боны сæргуыбыр æмæ уæнтæхъилæй фæцыдтæн, фæлæ, уæлдæр цы куыдзы кой ракодтон, уыйау мæнмæ йæ ингæныл амæлыны хъуыды нæ уыд, ахæм уды тых дæр мæм нæ разындаид.

Уæдæй абонмæ Терчы донвæдыл бирæ дон ацыд, фæлæ ма ныр дæр мæ цæстытыл уайы, мæ куыдз Бугъули, йæхи суæгъд кæныныл архайгæйæ, куыд хъизæмар кодта. Уый, мæгуырæг, йæ мæлæт зыдта, фæлæ йæ нæ фæндыдис æрдзы фæтк фехалын — хорз куыдз йæ мард фæсвæдмæ хæссы, — æмæ æддæмæ уымæн тыдта. Куы йæ суæгъд кодтон, уæд нæ хæдзары дуар та уымæн хыртт-хыртт кодта, æмæ ма бинонты фæстаг хатт куы федтаид, уый йæ фæндыд. Гъе уый та уын, гъе, куыдзы зæрдæ!..

 

АБАЙТЫ Эдуард

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here