Уæрæсейы æмæ дунейы адæмты æвзæгтыл

0
520

 

 

«Чингуытæн дæр ис сæхи хъысмæттæ», — зæгъы латинаг æмбисонд. Чиныджы хъысмæт адæймаджы хъысмæтæй хатт вæййы цымыдисагдæр. 2009 азы РЦИ-Аланийы Национ наукон библиотекæ Культурæйы министрады архайдæй бацæттæ кодта лæваргæнæн чингуыты — миниатюрæты рауагъд. Уырдæм Къостайæ бацыд иу æмдзæвгæ Уæрæсейы æмæ дунейы адæмты æвзæгтыл, йæ райгуырды 150 азы юбилеймæ.

2014 азы рацыд ног тæлмацтæй баххæстгонд дыккаг рауагъд (ис дзы тæлмацтæ 35 æвзагыл) 3 мин экземплярæй. «Ацы чысыл полиграфион шедевр ма нын иу хатт равдыста Къостайы стырдзинад. Ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг йæ удæгасæй йæхимæ æркæсын кодта йæ цæхæркалгæ курдиатæй Кавказы адæмты, æнус æмæ æрдæджы фæстæ та мах уынæм, йе сфæлдыстад æнæхъæн Зæххы къорийыл кæй æнхъæвзы, уый. «Ирон фæндыр» цы æмдзæвгæ «Ныстуан»-æй радыдта, уый анхъæвзта æнæхъæн дунейыл», — фыссы филологон наукæты кандидат Тъехты Тамерлан. Чиныг рацыд рауагъдад «Пероникисть», зæгъгæ, уым, йæ директор — Дзыныхты Аленæ. Чиныджы æддаг цъар у тынг рæсугъд конд, æцæг аивадон уацмыс-национ сувенир. Йæ фæлгонцгæнгæйæ бахъуыдысты Къостайы нывтæ æмæ культурæ æмæ аивады архайджыты загъд хъуыдытæ.

Иу æмдзæвгæйы рухс æмæ зонд атахтысты æнæхъæн дунейыл. Уый тыххæй нæм бирæ арфæтæ æрбарвыстой. Ацы фæлварæн куыстæн хорз аргъ скодтой литературон критиктæ дæр. Чиныджы презентаци уыдис Мæскуыйы, Уæрæсейы паддзахадон библиотекæйы. Чиныгæн рецензи ныффыстой филологон наукæты кандидаттæ Хозиты Барис æмæ Тъехты Тамерлан, Чувашийы адæмон поэт Юхма Мишшы, историон наукæты кандидат Алексей Раздорский, поэт Наталья Куличенко…

Æрæджы Абхазæй райстам видеофыстæг «Къоста æрмæст сымах поэт нæу. Уый уарзынц æмæ йын аргъ кæнынц Абхазы дæр. 2004 азы Геннадий Аламиайы тæлмацæй рухс федта Къостайы «Ирон фæндыр», — зæгъы Абхазы национ библиотекæйы директор Борис Чолария.

Хъыг уыдис индиаг профессор Поруби Ройæн (мах йемæ фембæлдыстæм Дунеон конференцийы, бенгайлаг æвзагмæ тæлмац дзы куы нæ ссардта, уæд æнæнхъæлæджы чиныг «Ныстуан» бахауд нæ азербайджайнаг хæлæрттæм дæр. Уыдон дæр маст кодтой, афоныл проекты тыххæй кæй нæ базыдтой æмæ йæм Дюнямалы Керем оглы Алиевайы азербайджайнаг тæлмац кæй нæ бахастой, уый тыххæй. Æмæ та уæд ног тæлмацтæ агурын байдыдтон. Фæдзырдтон Таджикистаны, Киргизийы, Узбекистаны, Карелийы, Чукоткæйы, Комийы, Марий Эл æмæ æндæр республикæты, крайты, облæстты Фысджыты цæдистæм. Фæндаг ссардтон фæсарæйнаг библиотекæтæм, национ диаспорæтæм.

Алы адæмыхæттыты минæвæрттæ ацы проекты куыд зæрдиагæй архайынц, уый тыххæй зын зæгъæн у. Зæгъæн ис, сси æппæтадæмон «Адæмы цы хицæн кæны, уый у фыдæх æмæ æнахъи- нондзинад, цы сæ иу кæны, уый та — хорздзинад æмæ рæсугъддзинад», — ныффыста чиныджы разныхасы РЦИ-Аланийы раздæры Сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз.

Цыбыр рæстæгмæ алы адæмыхæттыты минæвæрттæ æрбарвыстой æмæ æрвитынц тæлмæцтæ. Чиныджы дыккаг рауагъдмæ цы 35 тæлмацы бахауд, уыдонмæ ма бафтыд 27. Алтайаг æвзагмæ ратæлмац кодта Николай (Качкынак) Багыров, Алтайы республикæйы культурæйы сгуыхт кусæг. Литератор, сценарист, Башкортостаны æмæ Уæрæсейы Фысджыты æмæ Кинематографистты цæдисы уæнг Зухра Буракаева æмдзæвгæ раивта башкираг æвзагмæ. Бурятаг тæлмац бацæттæ кодта поэт, журналист, УФ-йы культурæйы сгуыхт кусæг Николай Шабаев, Герман Пирогов у зындгонд поэт, тæлмацгæнæг æмæ журналист республикæ Марий Элæй. Уый æмдзæвгæ раивта мариаг æвзагмæ. Карелаг æвзагмæ йæ ратæлмац кодта Галинæ Федулова. Литературæ æмæ журналистикæйы къабазы Комийы республикæйы Хицауады премийы дыууæ хатты лауреат Евгений Козлов æй раивта комиаг æвзагмæ. Поэт, прозаик, тæлмацгæнæг Велиев Аблязизмæ мах ссардтам æмдзæвгæйы тæлмац хъырымаг-тæтæйраг æвзагмæ. Надеждæ Талеева нын балæвар кодта Къостайы æнæмæлгæ рæнхъытæ ненецаг æвзагыл. Æмдзæвгæ румынаг æвзагмæ раивта поэт, драматург, прозаик, нывгæнæг, филологон наукæты доктор Юлиан Филипп. Удмуртаг æвзагмæ йæ ратæлмац кодта Вячеслав Ар-Серги, Удмуртийы адæмон фыссæг. Рустам Мусурмон æрбарвыста йæ узбекаг тæлмац.

Поэт, тæлмацгæнæг Ольгæ Маркелова Къостайы «Ныстуан» æрбарвыста исландиаг æвзагыл. Таджикистаны адæмон поэт, Рудакийы паддзахадон премийы лауреат Низом Косим æмдзæвгæ раивта таджикаг æвзагмæ. Хъыргъызаг æвзагмæ æмдзæвгæ ратæлмац кодта Кубанычбек Басылбеков. Уый куыд ныффыста, афтæмæй хорз зонгæ у Къостайы сфæлдыстадимæ. Бузныг стæм япойнаг æвзаджы ахуыргæнæг Козаты Азæмæ- тæй. Уый архайдæй чиныджы ис япойнаг æвзагмæ тæлмац. «Стыр Ныхас»-ы координацион советы сæрдар Кучиты Руслан нын баххуыс кодта Стамбулы ирон æхсæнад «Алантæ»-йы сæргълæууæг Хъуысаты Садреттины ссарынмæ. Уыдон нын «Ныстуан» æрбарвыстой туркаг æвзагыл. Гетейы æвзагмæ æмдзæвгæ раивта профессионалон тæлмацгæнæг Германæй Марко Элерта. Æрæджы базыдтон, Уæрæсейы эскимосаг æвзагыл кæй дзурынц 500 адæймаджы. 1920 азы Чукоткæйы Хъараты Алыксандр сарæзта эскимосаг фыссынад ирон æвзаджы бындурыл. Мах фæндыдис, цæмæй Къостайы æмдзæвгæ зæлланг кæна уыцы æвзагыл дæр. Уый тыххæй нын баххуыс кодта тæлмацгæнæг, поэт, эскимосаг æвзаг æмæ культурæ зонæг Галинæ Схак.

Гуыриаты Тамерлан, Рашид Кулиев, Юхма Мишши, Варьям Сингх,Г. Панченко, Б.Кагермазов, А.Додуев, Л.Шебзухова, П.Тычина, Л. Абашидзе… Адоны тæлмацтæ бацыдысты чиныджы фыццаг æмæ дыккаг рауагъдмæ. Уыдон, стæй, уæлдæр кæй кой ракодтон, уыдон сæ нæмттæ сыгъзæрин дамгъæтæй ныффыстой ирон культурæйы, литературæйы историйы. Алы адæмты æмæ æвзæгты баиу кодта æмæ æнустæм Ирыстонимæ бахæстæг кодта Хетæгкаты Къоста. Зæрдæдарæн ис, Къостайы 160 азы юбилеймæ йæ иу æмдзæвгæ «Ныстуан»-ы чиныг Уæрæсейы æмæ дунейы адæмты 62 æвзагыл кæй рацæудзæн, ууыл.

 

БИБУАТЫ Иринæ, РЦИ-Аланийы Национ наукон библиотекæйы директоры хæдивæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here