Ирон адæммæ фыссынад кæд XVIII æнусы кæрон фæзынд, уæддæр дзы дзæвгар рæстæг пайда кодтой æрмæстдæр дины кусджытæ — мыхуыр ыл кодтой дины чингуытæ æмæ хицæн тексттæ. Уыдоны хæдфæстæ мыхуыры фæзындысты В. Миллеры наукон-дзыллон куыстытæ «Осетинские этюды». Уыдоны рацыд стыр æнтыст уыд уырыссаг наукæйы, историон цау та ирон адæмы культурæйы. Ирон интеллигенцийæн уæрæх фæндаг байгом кодтой сæхи базонынмæ. Уæды рæстæг мыхуыры фыстой: «От берегов бурного Терека до ущелий священного Рекома, в стране бурной Лиахви и Гуджеретского нагорья раздался великий вздох облегчения, — началось просветление древнего исторического народа под говор родного печатного слова». Дунейыл хъуыстгонд ахуыргонд-иранист Абайты Васойы дæр, йæхæдæг куыд фыста, афтæмæй уыцы фæндагыл, иранист суæвын- мæ йæ сразæнгард кодтой Всеволод Миллер, йæ наукон куыстытæ «Осетинские этюды» йын куы бакаст, уæд уыдон. Æрфæндыд æй йæ куыст ын адарддæр кæнын æмæ фæцыд дард Бетъырбухмæ, В. Миллер цы университеты куыста, уым ирайнаг факультеты сахуыр кæнынмæ.
Æвæццæгæн, стæм, хæрз стæм адæймаг разындзæн, ирон адæмæн æндæр адæмæй Всеволод Федоры фырт Миллеры бæрц хæрзты чи бацыд, ахæм. Уый цард нудæсæм æнусы кæрон æмæ ссæдзæм æнусы райдайæны. Уыд уырыссаг наукæ æмæ культурæйы зындгонд архайæг. Стыр кад ын кодтой Уæрæсейы æмæ Европæйы наукон æхсæнæдты, уыд Уæрæсейы 10 наукон æхсæнады æмæ 12 фæсарæйнаг наукон кусæндоны уæнг. Куыста Мæскуыйы университеты, стæй та — Бетъырбухы.
Всеволод Миллер Ирыстонмæ ссыд фондз хатты æмæ, дыккаг хатт куы ссыд, уæд æй тæлмацгæнæджы сæр нал хъуыд. Кадджытæ, таурæгътæ, аргъæуттæ æмæ æмбисæндтæ йын цы зæронд лæгтæ кодтой, уыдонмæ хъусгæйæ сæ гæххæттыл фыста йæхæдæг. Уыимæ Ирыстоныл æрзылд Цæгатæй Хуссармæ, Хурыскæсæнæй Хурныгуылæнмæ. Банкъардта ирон æвзагæн, стæй йæ диалекты æмæ ныхасыздæхтыты хицæндзинæдтæ дæр. Уый тыххæй мæнæ куыд фыссы йæхæдæг Стыр-Дыгуры цæрджытимæ фембæлды фæстæ: «Стал я прислушиваться к их говору и в первое время ничего не понимал: как-будто по-осетински, но с целым рядом таких звуков, которых нет в тагаурском говоре. Произношение гласных полнее, шире, отчетливее, новые звуки придают языку известную музыкальность и старые формы, занесенные в грамматику еще Шегреном в конце тридцатых годов, держатся весьма крепко. Эта стойкость диалекта, сохранившего свои особенности, несмотря на близость к преобладающему языку, от которого дигорцев отделяют лишь два десятка верст, поразительно для филолога».
Стыр ахуыргонд дис кодта æрмæст ирон æвзагыл нæ, фæлæ нæ адæмон сфæлдыстады хъæздыгдзинадыл, нæ рæсугъд æгъдæуттæ æмæ суанг нæ адæмы æддаг бакастыл дæр. «Вы видите на каждом шагу чисто индоевропейские типы, действительно, как еще заметил Гакстгаузен, напоминающие немецкие,— фыссы уый, — когда утром наша комната по обыкновению наполнилась народом, я подумал, что сижу где-нибудь в южной Германии в сельской Kneipe. Блондины преобладают. Встречаются даже рыжие. В своих серых войлочных широкополых шляпах (худнем. Hut), с трубочками в зубах с несколько прощуренными глазами, с крупными, правильными, довольно толстыми носами — особенно два старика до обмана воображения походили на немецких крестьян. Они вошли, опираясь на посохи, и после обычного приветствия с достоинством подсели к столу и начали свои повествования».
В. Миллермæ хорз касти, ирæттæм хистæр æмæ кæстæры, сылгоймаг æмæ нæлгоймаджы æхсæн цы рæсугъд ахастдзинæдтæ ис, уыдон, сæ æрдзон уарзондзинад. Кæстæр хистæрмæ бирæон нымæцæй, стæй фыды номæй кæй нæ дзырдта, уый дæр, æмæ сæ домдта, йæхимæ дæр ын æрмæст йæ ном Всеволодæй куыд дзурой. Йæхи зæрдæйы уаг, зонд æмæ удыхъæд фæцыд ирæтты зæрдæмæ дæр, æмæ сæм алы ран дæр уыдис цыты уазæг, æххуыс ын кодтой, рæвдыдтой йæ, сæ зын æмæ уæззау царды сæ бон цæмæй уыд, сæ фадат куыд амыдта, афтæ. Нæ йын хæлæг кодтой, сæ рагфыдæлтæй ма сæм цы адæмон сфæлдыстады бынтæ æрхæццæ, уыдон. Æдзухдæр цæттæ уыдысты, цæмæй сæ фарста, уый радзурынмæ. Уымæн ын стыр ахъаз фесты уæды ирон интеллигенцийы хуыздæр минæвæрттæ, уæлдайдæр та хъæууон ахуыргæнджытæ. Цæттæ фыстæй йæм æрвыстой, сæ хъæуты сæ хъомылгæнинæгтæ хистæртæй цы кадджытæ, таурæгътæ, аргъæуттæ, æмбисæндтæ хъуыстой, уыдон.
Зындгонд ахуыргонд Ирыстонæй Бетъырбухмæ цы бирæ æрмæджытæ аласта, уыдонæй ирон, уырыссаг æмæ немыцаг æвзæгтыл рауагъта ахæм æмбырдгæндтæ: «Осетинские тексты», «Осетинские сказки», «Пять дигорских сказок», «Дигорские сказания». Йе стырдæр æнтыст уыдысты «Осетинские этюды»-йы цыппар чиныджы. Уыдон цæуын райдыдтой 1881 азы æмæ бирæ ирон ахуырдзау фæлтæрты зæрдæты æмæ зонды цæхæр скалдтой. Бирæ бузныгад федта В. Миллер уый тыххæй ирæттæй. «Осетинские этюды»-йы рацыд стыр цау уыд наукæйы. Уæрæсейы географион æхсæнад сæ авторæн саккаг кодта стыр сыгъзæрин майдан, бахъахъхъæдта дзы докторы диссертаци. Ирон культурæйæн та сси хиуылхæцыны хъомыс, ирон адæмы ныфс бауагъта царды зындзинæдты раз, йæ интеллигенцийæн радтой тых æмæ кусынæн, архайынæн разæнгарддзинад.
Этюдтæн стыр ахадындзинад уыд ирон адæмы историйы, хи æрæмбарынæн, фæлæ цæмæдæр гæсгæ советон дуджы ногæй уагъд нал æрцыдысты, цы иугай экземпляртæ ма дзы баззад, уыдон та арф æвæрд уыдысты егъау библиотекæты æмæ уæрæх дзыллæтæм нæ хæццæ кодтой. Уыцы аипп раджы бафиппайдта Ирыстоны æхсæнадон царды хъазуатон архайæг, философон наукæты кандидат, дзæнæты бадинаг Таболты Солтанбег, æмæ йын куыддæр фадат фæци, афтæ сæ хицæн чиныгæй джиппы рауагъта 1992 азы. Уыцы чиныг абон ирон адæмы алы фæлтæртæн сси стъолыл даргæ. Йæ сæйрагдæр темæтæ сты, ирон адæймагæн йæ зæрдæ цæуыл лæууы, ирон, зæгъгæ, дзы цæй тыххæй фæзæгъынц, уыдон: нæ адæмон сфæлдыстад, не ‘взаг, нæ истори, нæ рæсугъд æмæ мидисджын æгъдæуттæ.
В. Миллер бацæттæ кодта фыццаг ирон-уырыссаг- немыцаг дзырдуат. Ацы хъуыддаджы дæр йæ æн- цæйттæ уыдысты ирон интеллигенцийы хуыздæр минæвæрттæ. Йæхæдæг уый тыххæй газет «Терек»-ы редактормæ афтæ фыста:… «Осетинский словарь», составленный главным образом самими осетинами, будет содействовать, по крайней мере специалистам в России и в Западной Европе, в деле изучения их богатого и важного для языкознания языка». Дзырдуат джиппы рацыд ахуыргондæн йæ амарды фæстæ ивгъуыд æнусы ссæдзæм азты æртæ томæй. Йæ редактор — А.Фрейман. Уый куыд фыссы, уымæ гæсгæ йын йæ куысты стыр æххуыс бакодтой Абайты Васо, Дзагуырты Гуыбади, Æмбалты Цоцко, Гарданты Михал æмæ иннæтæ. Ацы æвæджиау дзырдуат рухс куы федта, ууыл дзæвгар азтæ рацыд, æмæ тынг сыстæм ис. Æвæццæгæн дзы Цæгат Ирыстоны нымад экземпляртæй фылдæр нал ис. Хорз уаид Таболы-фырты хуызæн, йæ адæмы истори æмæ фидæныл зæрдæйæ чи риссы, ахæм хъæппæрисджын æмæ фадатджын адæймаг та куы фæзынид æмæ дзырдуат ногæй мыхуыры куы рауадзид. Уырыссаг æвзагæн В. Даль цы дзырдуат сарæзта, уый цалдæр азæй цалдæрмæ куы уадзынц.
Дзырдуат æвзаджы къæбиц у æмæ алкæйдæр хъæуы. Бæрцæй йæ цалдæр экземплярæй рауагътой Хуссар Ирыстоны, бахастой йæ Интернетмæ, фæлæ уый фаг нæу. Уымæй дзы цæмæдæр гæсгæ дамгъæ «хъ»-йы дзырдтæ нæй.
Ирон адæмимæ Всеволод Миллер афтæ схæлар æмæ сæм хионы цæстæй кæсын райдыдта, уарзын сæ кодта иннæ ахуыргæндтæн дæр, æххуыс сын кодта бирæ хъуыддæгты. Уый фæрцы дыккаг хатт рухс федта Хъаныхъуаты Алмæхсиды «Абеты чиныг». Уæлдай тынгдæр йе ‘ргом здæхта ахуырдзау фæсивæдмæ, æххуыс сын кодта Бетъырбухы уæлдæр скъолатæм бацæуыны хъуыддаджы. Уыцы æппæт хорз ракæндтæ рох нæ кæнынц ирон адæмы фæлтæртæй, йæ ном ын мысынц æхсызгонæй, пайда кæнынц йæ диссаджы куыстытæй. В.Миллеры ном абон хæссы раздæры Советты уынг, Сабырдзинады проспектæн йæ галиуварс æмгæрз æвæрд уынг.
Всеволод Миллер ирон адæмæн бирæ хæрзты бацыд. Ирон ахуыргæндтæй бирæтæ уымæй сты стыр бузныг. Йæ наукон куыстытæ диссертацитæ фыссынæн бирæтæн феххуыс сты. Фæлæ ма-иу ын йæ куыстуарзондзинад фæзмгæ дæр куы бакæ- никкой. Уый 1879 азы сæрды фыццаг хатт ссыд Ирыстонмæ, ирон адæмы æвзаг, цард æмæ æгъдæуттæ афтæ сахуыр кодта, æмæ дыккаг хатт куы ссыд, уæд æй тæлмацгæнæг нал хъуыд. Ныр та махмæ ахæм ирон ахуыргæндтæ ис, Ирыстоны райгуырд, схъомыл æмæ ирон æвзагыл фыссын, кæсын нæ, фæлæ дзурын дæр нæ зоны. Ирон æгъдæуттæ рæстмæ нæ кæны. Гъе уый ирон, стæй ахуыргонд у, хорз адæм?
ЦГЪОЙТЫ Хазби