Уæрæсейы богæлттæм — æхсæз сыгъзæрины

0
534

Дагестайнаг горæт Каспийскы 6 майы фесты Европæйы чемпионаты ерыстæ уæгъдибар хъæбысхæстæй.

Уæрæсейы командæ уый размæ грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй рамбылдта цыппар сыгъзæрин , дыууæ æвзист æмæ иу бронзæ майданы. Уый бæрц иу бæстæйæн дæр нæ бантыст рамбулын. Спортуарзджытæ æнхъæлмæ кастысты уыдоны фæстæ нæ уæгъдибар хъæбысхæцджытæн уый бæрц бантысдзæн æви нæ, зæгъгæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй сын бантыст ноджы фылдæр. Уæрæсейы уæгъдибар хъæбысхæцджытæ рамбылдтой æхсæз сыгъзæрин, дыууæ æвдист майданы.

Ирыстоны спортуарзджытæ сæ зæрдæ дардтой нæ богæлттæ Дагестанæй хорз хуынтимæ кæй ссæудзысты, ууыл, æмæ Уæрæсейы æхсæз сыгъзæрин хæрзиуæгæй дыууæ рамбылдтой нæ сахъ лæппутæ Найфонты Артур æмæ Байцаты Владислав.

Уæрæсейы сгуыхт тренер Æрчъегкаты Тотрадзы хъомылгæнинаг Найфонты Артур 86 кг онг уæзы хæцгæйæ равдыста хорз алывæрсыг цæттæдзинад. Фæд-фæдыл фæуæлахиз цыппар ныхмæлæууæгыл æмæ кæронбæттæны фембæлд, ныр цалдæр азы Азербайджаны номæй чи хæцы, уыцы ирон богал Гоститы Алыксандримæ.Сæ ныхмæлæуд рауад тынг хъазуатон. Афтæ зæгъæн ис æмæ дыууæйæ дæр уыдысты уæлахизы аккаг. Уыдон фыццаг хатт нæ фембæлдысты. Гостийы-фырт кæд азтæй хистæр у, уæддæр равдыста хорз физикон цæттæдзинад æмæ кæронмæ дæр сæ тох цæуыл ахицæн уыдзæн, уый зын зæгъæн уыд. Æппынфæстаг уæлахиздзауыл нымад æрцыд Найфонты Артур. Сæ фембæлд кæд 1:1-æй ахицæн, уæддæр фæстаг балл Артурæн лæвæрд кæй æрцыд, уый алыг кодта фембæлды хъысмæт.

Ацы уæзы ирон богæлттæ хæцыдысты цыппарæй æмæ дзы фыццаг æмæ дыккаг бынæттæ кæй бацахстой, уый хъуамæ æхсызгон куыд нæ уа нæ спортуарзджытæн!

Иннæ ахæм та Байцаты Владислав! Тыбылты Цезары хъомылгæнинаг Капийскы цы уæлахизмæ тырнындзинад равдыста, уый раппæлинаг у йæ райдайæнæй йæ кæронмæ. Владислав йе ’ппæт ныхмæлæуджытыл дæр фæуæлахиз æнæкъуылымпыйæ. Уый нæ, фæлæ ма дзы уыдонæн цалдæр баллы рамбулын дæр никæмæн бантыст. Байцайы-фырт йæ ныхмæлæуджытæй кæй йе уæнтыл сæвæрдта, кæй та рæстæгæй раздæр стыр хыгъдимæ рамбылдта. Суанг ма кæронбæттæны, йæ белорусаг тыхджын ныхмæлæууæг Александр Гуштыныл дæр фæуæлахиз 7:0 хыгъдæй!

Владислав йæ архайдæй тынг барухс кодта йæ фарсхæцджыты зæрдæтæ æмæ сын уымæй ныфс бауагъта, суанг дунеон чемпионатмæ дæр цæттæ кæй уыдзæн, уымæй!

Уæгъдибар хъæбысхæстæй Каспийскы Европæйы 2018 азы чемпионтæ систы: 57 – Георги Эдишерашвили (Гуырдзыстон), 61 кг – Гаджимурад Рашидов (Уæрæсе), 65 кг – Гаджи Алиев (Азербайджан), 70 кг – Магомед Курбаналиев (Уæрæсе), 74 кг – Сонер Демирташ (Турк), 86 кг – Найфонты Артур (Уæрæсе), 92 кг – Абдулрашид Садулаев (Уæрæсе), 97 кг – Байцаты Владислав (Уæрæсе), 125 кг – Таха Акгюль (Турк).

Уæрæсейы богæлттæ Европæйы чемпионаты æдæппæтæй рамбылдтой дыууадæс сыгъзæрин майданы. Нæлгоймаг богæлттæй уæлдай ма дыууæ сыгъзæрин хæрзиуæджы рамбылдтой чызджытæ.

Нæ богæлттæ уæгъдибар хъæбысхæстæй Каспийскы сæхи куыд равдыстой, уый тыххæй Уæрæсейы сгуыхт тренер Багаты Вячеслав зæгъы: «Дыууæ сыгъзæрин æмæ иу æвзист майдан Европæйы чемпионаты, æнæмæнг хорз бæрæггæнæн у. Тынг хорз рахæцыд Байцаты Владислав. Ацы аз цы цæттæдзинад равдыста, уый у раппæлинаг æмæ хорз уаид дунеолн чемпионатмæ уыцы цæттæдзинад куы бахъахъхъæнид, уæд. Уæдæ нæ æрыгон богал Найфонты Артурæй дæр зæрдæ барухс. Йæ æрдæгкæронбæттæны фембæлды Артур цы уæлахизмæ тырнындзинад равдыста, уый раппæлинаг куыд нæ у! Артур 0:6 хыгъдæй хæрд кодта Европæйы фароны чемпион, туркаг богал Фатих Эрдинæн, фæлæ йæ къамтæ не рывæрдта æмæ фæд-фæдыл рамбылдта 6 баллы. Афтæмæй рацыд кæронбæттæнмæ. Ам йæ ныхмæлæууæг уыди Гоститы Алыксандр. Уый дæр Каспийскы йæхи равдыста хъомысджынæй. Зынгæ тыхджындæр уыди йæ цыппар ныхмæлæууæгæй æмæ кæронбæттæнмæ рацыд æнæкъуылымпыйæ. Артур æмæ Алыксандры финалон фембæлд 1:1-æй кæй ахицæн Найфоны-фырты пайдайæн, уый дæр ууыл дзурæг у æмæ нæ дыууæ богалы дæр хорз цæттæ кæй уыдысты».

Хорзæн, дам,  кæрон нæй фæзæгъынц. Бæргæ Цæболты Хетæг ма Франк Чамизоимæ хæцгæйæ, рæдыд куы не ’руагътой, уæд нæ хæрзиуджытæ ноджы фылдæр уыдаиккой, фæлæ нæм цы ис, уый дæр хорз у!

Баскаты Уырызмæн

 

 

 

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here