Цæгат Ирыстоны, Дайраны комы ацы бонты цæуынц Уæрæсейы фыццаг бынат бацахсыныл ерыстæ къæдзæхтыл хæрдмæ бырынæй.
Альпинизмы ацы хуызы ерыстæй Уæрæсейы чемпионат Ирыстоны цæуы дыккаг хатт. Амæй размæ ма нæ бæстæйы тыхджындæр спортсментæ нæ республикæйы ерыс кодтой 1988 азы.
Ирыстонмæ Уæрæсейы алы рæттæй ссыдысты амæй-ай зындгонддæр æмæ сгуыхтдæр альпинисттæ нæлгоймагæй, сылгоймагæй. 6 майы, чемпионат бæрæгбоны уавæры гом кæнгæйæ, спортсментæ, тренертæ, тæрхонгæнджытæ æмæ ерысты уазджытæн зæрдиаг арфæ ракодтой РЦИ-Аланийы физикон культурæ æмæ спорты министры хæстæ æххæстгæнæг Бæройты Хасан æмæ нæ республикæйы Альпинизмы федерацийы президент, зындгонд альпинист Хæмыцаты Хъазыбег.
«Мæнæн уæлдай æхсызгондæр у, абон ам æгас дунейы дæр хъуыстгонд чи у, уыцы таурæгъон альпинисттæ кæй сты. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ нæ кæддæры Советон альпинизмы скъолайы традицитæ абон дæр кæй цæрынц», — загъта Хæмыцаты Хъазыбег. Мæхъæлы республикæйы Альпинизмы федерацийы президент Висан Юсупов йæ раныхасы бахахх кодта: «Ирыстоны альпинизмы скъола бирæтæн фæзминаг кæй у, уый та мæнæ ацы чемпионат куыд арæзт æрцыд, уый дæр равдыста. Куыд зонут, афтæмæй къæдзæхтыл хæрдмæ бырыны спорт хаст æрцыд Олимпаг хъæзтыты программæмæ æмæ мæ зæрдæ зæгъы, Ирыстоны Олимпаг уæлахиздзаутыл ма ацы спортæй фесгуыхæг олимпаг чемпион дæр куыд бафта».
Уæрæсейы Альпинизмы федерацийы вице-президент Адександр Пятницын зæрдиаг арфæ ракодта РЦИ-Аланийы Хицауад, Физикон культурæ æмæ спорты министрадæн, республикæйы Альпинизмы федерацийæн, чемпионат саразынæн цы уавæртæ сарæз- той, уый тыххæй. Александр Пятницын нымайын куы райдыдта, ерысты цы зындгонд спортсментæ архайы, уыдоны нæмттæ, уæд Дайраны комы къухæмдзæгъд цалдæр минуты дæргъы нал банцад.
Ацы бонты ерыстæ сты сæ тæккæ тæмæны. Альпинисттæ фыццаг ерыс кæнынц «марафон»-æй, уый фæстæ та тæрхонгæнджытæ алы командæйæн дæр «связка» кæй хонынц, уыцы ерыстæн равзардзысты сæрмагонд маршрут. Æдæппæт маршруттæ сты 23, æмæ кæд сæ дæргъ алыхуызон у, уæддæр спортсменты архайдмæ кæсын у иттæг цымыдисаг. Ерыстæ цæудзысты 12 маймæ. Уыцы бон сбæрæг уыдзысты уæлахиздзаутæ æмæ призертæ.