Цард куыд цæуы, афтæ адæймагæй цыдæр хабæрттæ, цыдæр цаутæ айрох вæййынц, фæлæ дзы ис ахæмтæ, рæстæг тых кæмæн нæ кæны. Уыдонæй иу у Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Мæ нæуæдз азы сæрты ахызтæн, фæлæ мæ иунæг бон дæр нæ рох кæнынц, Уæлахизы сæраппонд йæ цард нывондæн чи æрхаста, уæнгцух, сахъатæй ма чи сыздæхт, йæ уæззау хъæдгæмттæ кæмæн нал байгас сты, уыдон.
Кæд мæ райуырæн хъæу Ставд-Дурты рагæй нал цæрын, уæддæр æдзухдæр мысын нæ сых. Куыд æнгом, куыд хæларæй цардыстæм.
Нæ сыхы уыцы-иу рæстæг хæдзæрттæ аразын райдыдтой иу фæлтæрыл Фæрниаты Тимофей, Хъырым, Бодзи, Хъазджери, Созырыхъо, Илушкæ æмæ Добыттæ. Иннæ фæлтæрыл — Фæрниаты Дзиу, Гаугаты Арысхан, Тменаты Мысост, Токаты Знауыр, Забе, мæ фыд Хъырым, Дзиба æмæ Дзиу. Иууылдæр уыдысты бирæсывæллонджын бинонтæ. Хъомыл сæ кодтой куыстуарзагæй. Иууылдæр тырныдтой ахуырмæ. Æмдых, æмзондæй архайдтой ног, амондджын цард аразыныл.
Мах нæ ныййарджытæн уыдыстæм дæс сывæллоны — æхсæз чызджы æмæ цыппар лæппуйы. Иунæг дæр нæ хæдзары хъуыддæгтæй иуварс нæ лæууыд. Алы хъуыддаджы дæр æххуыс кодтам, кармæ гæсгæ кæмæн йæ бон цы уыд, уымæй. Зæрдæрайгæйæ кодтам æхсæны куыстытæ дæр. Ахæм æгъдау æвæрд уыд алы хæдзары дæр. Хæсты агъоммæ нæ сыхы ахæм фæсивæд рахъомыл, цæст кæсынæй кæмæ не ‘фсæст, зæрдæ рухс кæмæй кодта. Фæлæ нын уалынмæ фыдуац нæ дуæрттæ ныххоста: райдыдта хæст. Цавддурау фæцис хъæубæстæ, фæлæ уыцы æндзыгдзинад бирæ нæ ахаста. Уайтагъд сæхи рæстаджы хæстмæ цæттæ кæнын райдыдтой нæлгоймæгтæ — æрыгонæй ацæргæйы онг. Ахæм хæдзар нæ уыд хъæуы, иу хæстон кæцæй нæ рацыд. Уыдис ахæмтæ дæр, цыппæргæйттæ кæмæй ацыд. Кæрæдзийы фæдыл тохы цæхæрмæ ацыдысты ме ‘фсымæртæ дæр. Мæ хистæр æфсымæр Барисмæ уыд хæстон фæлтæрддзинад. Архайдта ма финнаг хæсты дæр. Ныр хъæбатырæй хæцын райдыдта немыцаг фашистты ныхмæ. Йæ хæстон фæн- дæгтæ айтыгъдысты Сталинградæй суанг Заполярьемæ. Йæ риу хæрзиуджытæй дзаг, афтæмæй сыздæхт нæ хæдзармæ. Фæкуыста бæрнон бынæтты, архайдта хæлд адæмон хæдзарад йæ къæхтыл слæууын кæнынл.
Хæсты агъоммæ мæ дыккаг æфсымæр Тасолтан куыста Елхоты элеваторы хицауæй. Уыдис æм, «бронь», кæй хуыдтой, ахæм гæххæтт, фæлæ йæ сæрмæ не ‘рхаста хæсты цæхæрæй иуварс уæвын æмæ бархийæ ацыд хæцæг æфсадмæ. Цалдæр хатты фæцис уæззау цæфтæ, фæлæ та-иу госпитæлы фæстæ фронтмæ аздæхт. Хæсты фæстæ та ногæй кусын райдыдта йæ раздæры бынаты. Йæ хæрзиуджытæ- иу куы бакодта, уæд-иу æм кæсынæй дæр не ‘фсæстæн.
Ме ‘фсымæртæй Æхсарбегæй зæрдæргъæвддæр нæ уыдис техникæмæ. Уайтагъд тракторыл бадынмæ дæр фæцалх, фæлæ йæ бæллиц уыд тæхæг суæвын. Фæскуыст-иу фæлладæй кæрдæгыл куы ‘рхуыссыд, уæд-иу арвмæ кæсгæйæ йæ цæстытыл уад, хæдтæхæг куыд скъæрдзæн, уый. Æфсæддон суæвын фæндыд не ‘рвад Абийы (Алиханы) дæр. Æмæ цæмæй сæ бæллицтæ сæххæст кодтаиккой тагъддæр, уый тыххæй ма сæ азтыл бафтыдтой, афтæмæй курдиæттæ балæвæрдтой районы комиссарадмæ. Сæ хъус сæм куы нæ æрдардтой, уæд та дыууæ хатты ныффыстой уæды Совнаркомы хицау Климент Ворошиловмæ. Æрмæст уый бардзырдмæ гæсгæ Алиханы арвыстой Грознайы фистæгæфсæддон училищемæ, Æхсарбеджы та — Кировобады тæхджыты училищемæ.
Ахуыр кæнгæйæ сæ æрæййæфта хæсты райдайæн, æмæ та уæд дæр сæхи фæндонмæ гæсгæ æрвыст æрцыдысты хæстмæ. Алихан фæмард 1941 азы фæззæджы, Æхсарбег та кæрæй-кæронмæ фæхæцыдис. Уæлдæфон хæстыты хъæбатырдзинад æвдыста Цæгат-Ныгуылæйнаг æмæ Воронежаг фронтты. Иу æмæ дыууæ немыцаг хæдтæхæджы не ‘рыппæрста, иу æмæ дыууæ нæ ныппырх кодта знаджы скълæдтæй. Къорд хатты бахауд цæфтæй госпитæлтæм, фæлæ та-иу йæхиуыл куы куы фæхæцыд, уæд та-иу ногæй — хæцæг æфсадмæ. Хæст куы фæцис, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, баззад службæ кæнгæйæ.
1946 азы, 7 ноябры, Мæскуыйы Сырх фæзы цыдис Парад Октябры революцийы кадæн. Фæзы сæрмæ тахтысты æфсæддон хæдтæхджытæ дæр. Уыдонæн сæ разæй тахт Æхсарбег. Бадгæ хъуамæ æркодтаиккой Смоленскы аэродромы, фæлæ горæтмæ хæстæг ме ‘фсымæры хæдтæхæгыл цыдæр бæллæх æрцыд. Æхсарбег, куыд командир, афтæ сæ разæй тахти, йæ дыууæ æмбалимæ, фæлæ сæ хæдтæхæг ссыгъди æмæ цæмæй хъæуыл ма ‘рхауа, уый тыххæй ма йæ зæронд аэродроммæ сарæзта æмæ Брянскы хъæды æрхауд. Уым Æхсарбег фæмард йæ экипажы уæнгтимæ. Нæ сæр бæрзæндты кæмæй хастам, уыцы æфсымæр Æхсарбегæн куырдуаты баззад йæ уарзон чызг. Бирæ рæстæг нæ саутæ нæ систам, нæ мад Госкайы кæуынмæ махæн, хоты цæстытæ дæр хус нæ кодтой.
Ме ‘фсымæр кæд хæсты быдыры не ссардта йæ мæлæт, уæддæр æй мæ уарзон хъæуккæгтæ банымадтой, хæстæй сæм чи нал раздæхт, уыцы салдæтты номхыгъды 215-ыл. Йæ ингæн та нын ис Смоленскы Намысы аллейæйы. Цыдис ыл æрмæстдæр 23 азы.
Цалдæр азы размæ газет «Северная Осетия»-йы бакастыстæм ахæм уац: «Стъараполы цæрæг Виктор Степаны фырт Чукасов агуры йæ хæстон æмбал Токаты Хъырымы фырт Æхсарбеджы хиуæтты». Раст ын цыма йæхицæй хабар фехъуыстам, афтæ сцин кодтам. Уайтагъд Стъараполмæ фæраст мæ кæстæр хо Ленæ йæ дыууæ фырты æмæ мæ чызг Ритæимæ. Тынг сыл бацин кодтой Чукасовты бинонтæ. Виктор Степаны фырт скодта йе ‘фсæддон дарæс, афтæмæй стъолы уæлхъус бадгæйæ, зæрдæуынгæгæй мысыд, Æхсарбегимæ куыд хæцыдысты, уыцы хабæрттæ. Иунæг бон дæр, дам, мæ рох нæ кæны мæ уарзон хæстон æмбал. Уымæн, дам, йæхицæй уæздандæр, аивдæр, службæйыл æнувыддæр нæ уыдис не ‘хсæн. Стыр кад ын уыдис командæгæнынады ‘хсæн дæр. Уымæ гæсгæ йæм бынтон диссаг фæкаст, Намысы чиныджы, куыд «рядовой» амынд кæй у, уый. Ау, хæстæн йæ райдайæнæй йæ кæронмæ чи фæхæцыд, кадджын парады хæдтæхджыты звенойы разæй тæхын кæмæн бабар кодтой, уый хъуамæ хуымæтæг «рядовой» куыд уыдаид?! «Не ‘хсæнæй куы фæхъуыд, уæд нæхицæн бынат дæр нæ ардтам, нæ хъыгæн кæрон дæр нæ уыд, фæлæ нæ алкæй дæр фæндыд, кæд мæлгæ, уæд Æхсарбеджы хуызæн æцæг лæджы номимæ, кадимæ», — балхынцъ кодта йæ ныхас Виктор Степаны фырт.
Мæ кæстæр æфсымæр Иранбег ма хæсты заман чысыл уыд, фæлæ йæ кæддæриддæр фæндыд йе ‘фсымæрты фæзмын алы хъуыддаджы дæр. Фæндыд æй æфсæддон суæвын.
Æмæ æз дæр, цæмæй исты æххуыс уыдаин бинонтæн, уый тыххæй Мызуры шахтæйы фæкуыстон нæлгоймæгты æмрæнхъ цалдæр азы. Æртæ талоны-иу бакуыстон. Иу дзы-иу мæхицæн ныууагътон, дыууæйы ныхмæ-иу хойраг райстон æмæ йæ хæдзармæ хастон. Уæдæ мызд дæр истон.
Скъолайы фæстæ Иранбег бацыд Одессæйы Ленины орденхæссæг артиллерион училищемæ æмæ йæ æнтыстджынæй каст фæцис. Службæ кæнын райдыдта Приморьейы крайы. Фæстæдæр æрвыст æрцыд Байконуры арæзтадмæ. Ссæдз азы йæ куыст баст уыд космосмæ ракетæтæ æрвитынмæ цæттæ кæнынимæ. Зонгæ уыд Юрий Гагарин æмæ иннæ космонавттимæ. Уыцы рæстæг дзы службæ кодтой бирæ ирон лæппутæ дæр. Иранбег сыл йæ арм дардта, раст цыма йæхи хъæбултæ уыдысты, афтæ сыл аудыдта.
Булкъоны цинимæ рацыд пенсимæ. Йе ‘нæзæрдæхудт службæйы тыххæй хорзæхджынгонд æрцыд бирæ хæрзиуджытæй. Кæд æмæ йæ царды фылдæр æмбис Ирыстонæй дард рæтты арвыста, уæддæр ирон æгъдау нæ ферох кодта. Чындзæхсæв кæнæ-иу куывдты йæхицæй рæсугъддæр чи ракуывтаид, чи ракафыдаид, чи ныззарыдаид, ахæмтæ бирæ нæ уыд. Уыцы уагыл схъомыл кодта йæ иунæг фырт Вовæйы дæр. Мæскуыйы авиацион институт каст фæуыны фæстæ уый дæр фæкуыста бæрнон бынæтты. Ныртæккæ у пенсиисæг. Ме ‘фсымæр, хъыгагæн, абон не ‘хсæн нал ис, фæлæ ма мæ зæгъын фæнды йæ цардæмбал Мамсыраты Верæйы тыххæй. Верæ нын не ‘фсымæримæ дих кодта йе ‘фсæддон службæйы зындзинæдтæ. Кæм æй уазал домдта, кæм æй судзгæ хур сыгъта змисхæссæг дымгæтимæ. Уæддæр йæ ныхас кæддæриддæр уыд фæлмæн, йæ ракаст райдзаст. Отпускы-иу куы ссыдысты, уæд-иу канд йæ бинонтæн нæ уыд бæрæгбон, фæлæ æгас сыхæн дæр. Иунæг ацæргæ адæймаг, иунæг сывæллон дæр-иу æнæ барæвдаугæ нæ фæцис. Буцæй ма нын бирæ азты фæцæрæд.
Зæгъын-ма мæ фæнды мæ сыхæгты тыххæй. Фæрниаты Дусинка цалдæр сывæллонæн баззад сидзæргæсæй. Схъомыл сæ кодта мæгуыры бонтæй. Иууылдæр ын ахуыры фæндагыл ацыдысты. Йæ фырт Алыксандр абон у хъæууонхæдзарадон институты профессор. Фæрниаты Хъырым къуылых кæй уыд, уымæ гæсгæ йæ хæстмæ нæ акодтой, фæлæ скъолайы фæкуыста истори æмæ фæллойы урокты ахуыргæнæгæй, кодта хъомыладон куыст фæсивæды æхсæн, схаста хорз цот йæ бинойнаг Райæимæ. Фæрниаты Бодзи хæстæй куыддæр ссыд, афтæ кусын райдыдта колхозы. Фæрниаты æфсымæртæ Хъазджери æмæ Туту дыууæйæ архайдтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты. Хъазджери 1943 азы фæззæджы фæмард. Йæ цот сидзæртæй схъомыл сты. Туту райста уæлдæр ахуыргонддзинад. Фæкуыста бæрнон бынæтты. Абон не ‘хсæн нал ис. Фæрниаты Созырыхъойы фырттæ Виктор æмæ Жорæйы тыххæй ма фæстæдæр бæстондæр зæгъдзынæн. Созырыхъойы кæстæр æфсымæр Илушкæ цæстæй хорз кæй нæ уыдта, уымæ гæсгæ хæстон лæгæн не сбæззыд, уый хыгъд хъæуы мидæг кодта пайдайаг куыст. Немыц ма йæ ахсгæ дæр æркодтой, коммунист дæ, зæгъгæ. Цасдæр æй кæйдæр хæдзары æхгæдæй фæдардтой. Къубалты Уазджери йын-иу сусæгæй хæринаг балæвæрдта. Знаг нæ хъæуæй лидзæг куы фæцис, уæд æй суæгъд кодта.
Гаугаты æфсымæртæ Арысхан æмæ Дженалдыхъо дыууæйæ дæр ссардтой æгас хæдзар. Æнæзæрдæхудт фæллой фæкодтой колхозы. Дженалдыхъо уыдис дæсны тракторист. Тменаты Мысост хъæбатырæй фæмард 1945 азы январы. Токаты Знауыры фырт Георги хæстæй сыздæхт. Райста уæлдæр ахуыргонддзинад. Бирæ азты фæкуыста бæрнон бынæтты, уыдис нæ районы газет «Размæ»-йы редактор.
Токаты Забе ацæргæ лæг уыд, хæсты нæ уыд, фæлæ куыста колхозы. Фæрниаты Добыттæимæ ма колхозы куыстытæй уæлдай зылдысты хидтæм. Забейы фырт Дзандар финнаг хæстæй сыздæхт сахъатæй. Йæ рахиз цонг нæ куыста. Уымæ гæсгæ хæсты нæ уыд, фæлæ цы бирæ зындзинæдтæ бавзæрста, уый коймæ хъусгæйæ-иу адæймаджы хъуын арц сбадт. Токаты Дзандар уыд дзырддзæугæ лæг. Иу ахæм хъуыддаг нæ уыд нæ хъæубæсты, æгъдауы фæдыл агуырд кæдæм нæ уыд. Æгъдау æмæ фæтк уыд йæ бинонты æхсæн дæр, цы куыст кодта, уым дæр. Уæдæ цы дыргъдæттæ скодта, уыдон ма абон дæр диссагæн хæссынц, чи сæ зыдта, уыдон. Нæ дæллаг фарс цардысты Токаты Дзиба æмæ Гогки. Дзибайы фырт Хамби дæр хъæбатырæй фæхæцыд знаджы ныхмæ, йæ риу хæрзиуджытæй дзаг, афтæмæй ссыдис.
Ныр та раздæхдзынæн Фæрниаты Созырыхъойы бинонтæм. Йæ бинойнаг Залихан уыд Токаты Знауыры чызг. Созырыхъо 1936 азы куы амард, уæд Залихан фондз сывæллонимæ баззад сидзæргæсæй. Виктор æмæ Жорæ уыдысты æртæ хойы хистæр. Чызджытæй дæр иу æрбарынчын æмæ йын хосгæнæг хос нал ссардта. Зæрдæрыст сылгоймаг йæ дыстæ бафæлдæхта, æмæ æхсæв-бон нæ хынцгæйæ куыста быдыры. Хæсты агъоммæ лæппутæ ралæгтæ сты. Залиханы цинæн ма кæрон кæм уыд, ныр æз дæр схæдзар уыдзынæн, зæгъгæ. Фæлæ йæ цин бирæ нæ ахаста. Уайтагъд йæ кæстæр, Жорæ, бархийæ фæраст хæстмæ, йæ азтыл ма бафтыдта, афтæмæй. Уæнгджын лæппу уыдис, раст саджы фисынтыл амад кæмæй фæзæгъынц, ахæм. Сæрæн, алцæмæ арæхстджын. «Мæхиуыл нæ ауæрдын. Мæ командиртæ мæ разы сты, худинаг мæ сæрмæ не ‘рхæсдзынæн», — фыста йæ писмотæй иуы. 1942 азы ме ‘фсымæр Æхсарбегимæ иу станцæйы куыд амбæлдысты, уый тыххæй дæр цингæнгæ фыста. Сæ эшелонтæ фæрсæй- фæрстæм лæууыдысты, афтæмæй кæрæдзийы ауыдтой. Иумæ чи схъомыл, уыцы лæппутæ кæрæдзиуыл куыд цин кодтаиккой, уый зын бамбарæн нæу. 1943 азы госпитæлы фæстæ къуырийы æмгъуыдмæ ссыдис, фæлæ æртыккаг бон фæстæмæ ацыд, улæфыны рæстæг нæу, зæгъгæ.
Уыцы аз декабры мæйы фæмард украинаг горæт Житомирмæ хæстæг. Хистæр æфсымæр Виктор кæд хъусæй хорз нæ хъуыста, уæддæр йæ сæрмæ не ‘рхаста хæстмæ нæ ацæуын. Мæ хъустыл ма ныр дæр уайы, Залихан ын куыд лæгъстæ кодта, ныууадз дæ фæнд, зæгъгæ, уый. «Хъусгæ куы нæ кæныс, уæд куыд уыдзынæ?» — дзынæзта мад, фæлæ йæм ацы хатт йæ коммæгæс лæппу нал байхъуыста. Мады хъæбысæй йæхи тыхтынд акодта, æмæ фæстæмæ дæр нал фæкаст, афтæмæй араст. Æвæццæгæн, тарст, йæ тæ- ригъæдмæ кæсын йæ бон куы нæ бауа, уымæй. Йæ писмоты-иу зæрдæтæ æвæрдта, тагъд хæст фæуыдзæн, æмæ дæм дыууæйæ дæр сæрæгасæй зындзыстæм, зæгъгæ. Фæлæ Виктор йæ кæстæр æфсымæртæй цалдæр мæйы размæ фæмард.
Æмæ кæд сау гæххæттытæ райста кæрæдзи фæдыл Залихан, уæддæр сæм йæ амæлæты боны онг дæр æнхъæлмæ каст. Зонд цы æмбæрста, ууыл зæрдæ не ‘ууæндыд. Хæринаг адджынæн никуыуал бахордта, дзаумайы дзæбæх нал скодта, кæд æмæ йæ йæ чызджытæ ницы хъуаг уагътой, уæддæр. Хатгай-иу арт дæр нæ бакодта йæхицæн. Адæймаг ын-иу куы бауайдзæф кодта, цæмæн афтæ кæныс, зæгъгæ, уæд-иу йæ дзуапп уыдис: «Мæ хъæбултæ уазал зæххы куы фæразынц, уæд мæнæн уазал хæдзары цы уыдзæн?» Хæсты размæ лæппутæ уынджы ‘рдыгæй кау сбыдтой. Залихан-иу алы бон дæр уыцы кауы михтæ иу кæронæй иннæмæ йæ армæй сæрфгæ куы рацыд, адоныл мæ хъæбулты къухты фæдтæ баззад, зæгъгæ, уæд-иу фæкуыдтам.
Æз Ставд-Дуртæй Беслæнмæ куы лыгъдтæн, уæд мæ фæдыл куыд куыдта, уый дæр мæ нæ рох кæны. «Хо дæр мын куы дæ, хъæбулы ад дæр мын куы кæныс, уæд æнæ дæу куыд уыдзынæн? Дæ хуызæн ма мæ чи рæвдаудзæн?» — дзырдта мын уынгæг хъæлæсæй.
Нæ хъæуы зынгхуыст хæстонтæн цыртдзæвæн куы гом кодтой, уæд митинджы раныхас кодта Залихан дæр. «Хæст зæххыл фыдох тауы, зынг ыл æфтауы. Хæст хъæбулхор у. Сидзæртæ æмæ сидзæргæстæ уадзы йæ фæдыл. Дунейы фарн уый зæгъæд, йæ кой æнустæм сæфт куыд уа», — загъта хæстæфхæрд ныййарæг. Хуыцаумæ фехъуысæд йæ курдиат. Ацы æрмæг ныффыста 90 азæй фылдæр кæуыл цæуы, уый, Токаты-Дауыраты Винерæ, фæллойы ветеран.
Мыхуырмæ йæ бацæттæ кодта ЧЕРЧЕСТЫ Хъасбола