Уæлахизы боны мадзæлттæ

0
374

 

Хицауады Хæдзары фойейы къултæй иуыл байгом ис Ирыстоны намысджын хъæбулты Кады фæйнæг. Сыгъзæрин доны тылд дамгъæтæй йыл фыст æрцыдысты Ирыстонæй Советон Цæдисы, Социалистон æмæ УФ-йы Фæллойы Хъæбатырты нæмттæ. Кады фæйнæг байгом кæныны бар лæвæрд æрцыд нæ республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславæн æмæ ветеранты республикон советы сæрдар, инæлар Къаболаты Солтанæн. Кадджын мадзалы рæстæг æмбырды архайджыты раз раныхас кодта нæ республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав.

— Лæууæм Уæлахизы цытджын бæрæгбоны къæсæрыл. Уæрæсейы историйы бирæ æхсызгон æмæ намысджын цаутæ баст сты нæ Иры номдзыд лæгты нæмттимæ. Уыдон царды алы къабæзты цы æнтыстдзинæдтæ æвдыстой, уыдонæй кад æмæ ном скодтой канд сæхицæн нæ, фæлæ Ирыстонæн. Уымæн æвдисæн — Кады фæйнæг. – Загъта Битарты Вячеслав. Уый фæстæ ма раныхас кодтой ветеранты республикон советы сæрдар Къаболаты Солтан æмæ номдзыд инæлар, Советон Цæдисы Хъæбатыр Дзусаты Ибрагимы хæрæфырт Алан Сикорский.

Уæлахизы боны кадæн мадзæлттæ дарддæр уыдысты Намысы мемориалы. Хицауады минæвæрттæ, Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы бæрнон кусджытæ, æхсæнад, ветерантæ дидинджытæ сæвæрдтой ам цы зæрдылдарæн цыртдзæвæнтæ ис, уыдоныл.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here