«Æппæт адæмимæ стæм стыр бæрæгбоны къæсæрыл. Не ’ппæтæн дæр Уæлахизы Бон у, Советон адæм Фыдыбæстæйы Стыр хæсты цы хъæбатырдзинад, иузæрдиондзинад, сæ бæстæмæ цы уарзондзинад равдыстой, уый æвдисæг. Хæсты фæлтæры адæмæн стыр бузныг, уыдон бахъахъхъæдтой Советон Цæдисы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад. Ахæм бинонтæ нæй, æмæ хæст кæй хъысмæтыл нæ фæзынд, 27 милуан царды нывондæн æрхастæуыд. Уыдон уарзтой сæ Фыдыбæстæ, фæстæмæ дæр нæ фæкастысты, афтæмæм фæраст сты знагимæ тох кæнынмæ. Хæсты рæстæг фехæлдтой, басыгътой 70 мин хъæуы æмæ горæты, 32 мин промышленнон куыстуаты, 98 мин колхозы, 84 мин скъолайы. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг нæ бæстæйы национ хъæздыгдзинæдтæй фесæфт 30 проценты. Фæлæ 1941 азы, мартъийы, промышленнон куыстад рæзын байдыдта», — знон Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз ахæм разныхасæй байгом кодта æмбырд.
Уый фæсидт Хицауады æмбырды архайджытæм, цæмæй, минут æдзæмæй алæугæйæ æрымысой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фесæфт, йæ цард адæмы сæраппонд чи радта, уыцы хæстонты. Тускъай-фырт куыд бафиппйдта, афтæмæй кæд уыцы уæззау, æвирхъау уавæрты бæстæйы разамынды къухы бафтыд промышленнон куыстады рæзт, уæд уыцы хъуыддаг хъуамæ уа дæнцæгæн ныры разамонджытæн, хъуамæ бафæзмой уыцы ахаст.
Æмбырды архайджытæ байхъуыстой финансты министры фыццаг хæдивæг Зæгъойты Аланмæ. Уый æрныхас кодта, 2018 азы фыццаг кварталы бюджет æххæстгонд куыд æрцыд, уый тыххæй. Куыд бамбарын кодта, афтæмæй æфтиæгтæ рауадысты 5305582,3 мин сомы, хæрдзтæ та – 5781335,2 мин сомы. Бюджеты кадавардзинад – 475752,9 мин сомы. Хъалонты æмæ æнæхъалонты æфтиæгтæ уыдысты 2500 392,8 мин сомы, уый та фаронимæ абаргæйæ у 1,9 проценты фылдæр. Ныхасгæнæг фæбæлвырд кодта, æфтиæгтæ фылдæр цавæр хъалонтæй æрбафтыдысты, уыдæттæ. Фæстæмæ здахын кæй нæ хъæуы, ахæм æхца республикæмæ æрбафтыд 2805189,5 мин сомы.
Хæрдзтæн сæ фылдæр хай лæвæрд æрцыд социалон къабазæн, ахуырадæн, национ экономикæйæн, æнæниздзинад хъахъхъæнынадæн æмæ æндæр къабæзтæн. Зæгъойы-фырт ранымадта, алыхуызон паддзахадон программæтæн æхца цас лæвæрд цыдис, уыдон. Йæ ныхасмæ гæсгæ сæйрагдæр у, 2018 азы, фыццаг квартæлы, æппæт социалон зæрдæдарæнтæ, мызд афойнадыл фыст кæй цыдис, уый. Æрхаста ма æндæр ахсджиаг нымæцтæ æмæ бæрæггæнæнтæ.
Хицауады Сæрдар куыд бафиппайдта, афтæмæй рæзынц хъалонтæй æфтиæгтæ, ис æндæр хорз бæрæггæнæнтæ дæр, фæлæ нырма бацархайын хъæуы, цы гæнæнтæ æмæ фæрæзты хицау стæм, уыдонæй аккаг хуызы спайда кæныныл. «Алы ведомство дæр хъуамæ æркæса уыцы фæрæзтæм, хатдзæгтæ кæна, куыд хуыздæр у, афтæ сæ пайда кæна. Хорз бакуыстой иумæ Финансты министрад æмæ Къазнайады управлени. Нырма ис бирæ фарстатæ, аипдзинæдтæ æрхæссæн ис, финанстæ банывыл кæныны программæ æххæстгонд куыд цæуы, уымæ. Кæд архайæм, цæмæй бюджеты къабазы кусджыты нымæц æнæхъуаджы фылдæр ма кæна, уæддæр ахæм цаутæ рабæрæг вæййы. Алы ведомство дæр, алы район дæр хъуамæ бацархайа æмæ фæбæрæг кæна рæзты рахæцæнтæ, хъуамæ фылдæр кæной ног кусæн бынæттæ. Уыдæттæм гæсгæ аргъгонд цæудзæн сæ куыстæн», — загъта Тускъайы-фырт.
Хъæууон хæдзарад æмæ хойраджы министр Уазиты Хъазыбег цы фарстатыл æрныхас кодта, уыдонимæ уыдис, хъæууон бынæтты цæрæг æрыгон специалисттæ æмæ æрыгон бинонтæн сæ цæрæнуæтты уавæртæ фæхуыздæры тыххæй, субсидитæ дих кæныны хъуыддаг дæр. Куыд бамбарын кодта, афтæмæй граждæнты уыцы категорийы хыгъдтæ бацæттæ кæнынц районтимæ. 2018 азы уыцы нысанæн дихгонд æрцыд 23 милуаны æмæ 247 мин сомы. Уыдонæй æрыгон специалистты цæрæнуæтты уавæр фæхуыздæр кæнынæн – 16 милуаны æмæ 443 мин сомы. 26 бинонтæ райсдзысты ног фатертæ, арæзт æрцæудзæн 1863 квадратон метры цæрæнуæттæ. Афæдзы кæронмæ ма республикæмæ æрбафтдзæн уæлæмхасæн 4 милуан æмæ 575 мин сомы. Уыдоны фæрцы ма 5 бинонтæ райсдзысты цæрæнуæттæ.
Ахсджиагыл банымайгæ у, æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы министр Мамиаты Чермен цы фарстайыл æрдзырдта, уый дæр. Хъуамæ Хицауады цур арæзт кусæг къорд равзара æмæ сбæлвырд кæна, нæ республикæ цавæр доны фæрæзты хицау у, уый. Хицауады Сæрдар куыд фæбæлвырд кодта, афтæмæй дунеон ахуыргæндты хатдзæгмæ гæсгæ, дæсгай азты фæстæ доны кадавардзинад зæххы къорийыл фæбæрæг уыдзæн. Уымæ гæсгæ хъуамæ, уыцы уавæрыл рагацау ахъуыды кæнæм, базонæм, цавæр доны фæрæзтæ нæм ис, хæдзардзинæй сæм акæсæм. Тускъаты Таймуразы хатдзæгмæ гæсгæ, ацы куыст у цалдæр азæн, баст у экономикæимæ.
Арæзтад æмæ архитектурæйы министр Икъаты Русланбег рæгъмæ рахаста, чехоткæйы хæцгæ низы хуызæй сæйæг адæмтæй, хицæн агъуыст сæ цæрæнбынаты кæмæн нæй, уыдонæн 2018 азы фатертæ радих кæныны фарста. Сты 11 адæймаджы, хъуыддагæн æхца бахъæудзæн 11 милуаны æмæ 444 мин сомы.
Æмбырды архайджыты раз ма иу хатт раныхас кодта финансты министры фыццаг хæдивæг Зæгъойты Алан. Куыд бамбарын кодта, афтæмæй 2018 азы, 2019 – 2020 азты бюджетмæ хъæуы ивддзинæдтæ бахæссын. Федералон центрæй нæм 464 милуан сомы æрбафтдзæн, хъалонты бæрц дæр 300 милуан сомы фылдæр фæцис, æмæ ма æндæр æфтиæгтæ дæр фæзындзæн, уымæ гæсгæ аивын хъæуы бюджеты æфтиæгты æмæ хæрдзты хæйттæ. Ныхасгæнæг æрхаста бæлвырд бæрæггæнæнтæ, ранымадта, уыцы æхца хардзгонд куыд æрцæудзысты, кæцы ведомствойæн цас адих кæндзысты, уыдæттæ.
Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз куыд бацамыдта, афтæмæй республикæмæ бæстæйы Фæстауæрцы фондæй æрбарвитдзысты 1 миллиард сомы. Зæгъойы-фырт цы ивддзинæдты кой ракодта, уыдæттæм гæсгæ ахуырады æмæ æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабæзты бавналдзысты рæвдауæндæттæ, амбулаторитæ аразынмæ, рынчындæттæ цалцæг кæнынмæ, нырыккон низиртасæн æмæ дзæбæхгæнæн аппаратурæйæ сæ сифтонг кæнынмæ. Тускъаты Таймураз бафæдзæхста ведомствоты, районты разамонджытæн, цæмæй æппынæдзух бюджетыл кусой, цы æхца сын дихгонд цæуы, уый хардз кæной комкоммæ нысантыл.
Æмбырды архайджытæ байхъуыстой цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министр Сохъуырты Альбертмæ. Уый уал хатдзæгтæ скодта, 2017-2018 азты, фæззыгон-зымæгон уавæртæм, республикæ йæхи куыд бацæттæ кодта, уыдæттæй. Хицауады Сæрдар министрæн, иннæ бæрнон адæймæгтæн бахæс кодта, цæмæй 2018-2019 азты фæззыгон-зымæгон уавæртæм сæхи цæттæ кæнын райдайой рагацау, фарон цы рæдыдтытæ æруагътой, уыдонæй сæхи бахизæнт. Сохъуырты Альберт ма радзырдта ацы аз сæ зæрды бирæуæладзыгон хæдзæртты лифттæ баивын кæй ис, уый тыххæй дæр.
Зындгонд куыд у, афтæмæй бирæ рæстæг лифтты хæдзарады тыххæй дзуапп ничи лæвæрдта, лифттæ заууатмæ æрцыдысты, тæссагдзинад хæссынц цæрджытæн. Æппæт уыцы уавæртæ хынцгæйæ, Дзæуджыхъæуы æмæ Алагиры районы 51 бирæуæладзыгон хæдзары, баивдзысты 140 лифты. Æдæппæтæй сын бахъæудзæн 313 милуан сомы. Уыдонæн сæ 30 проценты æртæ азæн сæ бюджетты бавæрдтой районтæ, иннæ 70 проценты та сты хæдзæртты хицæутты æхца. Министры ныхасмæ гæсгæ, ацы азы хæстæ куы сæххæст кæной, уæд иннæ лифттæ дæр афтæ ивд цæудзысты.
Сохъуыры-фырт ма хицæнæй загъта бирæуæладзыгон хæдзæрттæ бындуронæй цалцæг кæныны тыххæй дæр. Кæд æмæ 2015 азы цалцæггонд æрцыд 15 хæдзары бæрц, уæд 2017 азы 70 йæ фылдæр фесты. Адæм æмбарынц, федералон закъонæн æнæ æххæстгæнгæ нæй, уымæ гæсгæ бæрнонæй акастысты сæ цæрæнбынæттæ цалцæг кæнынмæ. Министры ныхасмæ гæсгæ 2018 азы хъуамæ бындуронæй сцалцæг кæной 74 хæдзары, фæлæ уыцы нымæцыл æнæмæнг бафтдзæн. Уымæн æмæ адæм бындурон цалцæгæн куыд фидынц, афтæ курдиæттæ æрвитынц министрадмæ, цæмæй сын сæ хæдзармæ базилой. Хъуамæ сæ нымæц 100 йæ фæфылдæр уа. Чиновник куыд бамбарын кодта, афтæмæй куыстытæ кæнынц зæрдиагæй, адæм разыйæ баззайынц. Хæдзæрттæй уæлдай цалцæггæнджытæ базилдзысты æхсæнадон бынæттæм, цæмæй уой аив, фидауой, цæрджытæ дзы зæрдиагæй сæ рæстæг æрвитой.
Æмбырды ма равзæрстой æмæ æрныхас кодтой æндæр ахсджиаг фарстатыл.
Бутаты Эльзæ














