Хæххон цæргæс

0
576

Фыдæлты зæхх… Цæй диссаг, цæй зынаргъ дæ зæрдæйæн. Фыдæй-фыртмæ ирон лæгæн уымæй зынагъдæр ницы уыд царды. Уый йæ рæвдыдта, йæ сæрвæлтау тох кодта цæргæ-цæрæнбонты, æмæ бахъуаджы рæстæг не ‘вгъау кодта йæ цард дæр. Нæ фыдæлты фæрныг зæххыл нæй, æвæццæгæн, иу гæбаз дæр, алы тызмæг заманты нæ фыдæлты цæссыг, сырх туджы æртах кæм не ‘рхаудаид. Кæд, мыййаг, уымæн арæх сты нæ быдырты æмæ нæ уæлвæзты урс æмæ сырх дидинджытæ? Кæд, мыййаг, уыдон нæ кадылмард фыдæлтæ æнусты сæрты фæлгæсынц сæ алыварс цæрæг адæммæ æмæ зæгъынц: цымæ нын куыд мысынц нæ ном, куыд дарынц нæ сæ зæрдыл нæ байзæддæгтæ. Мах дæр уæлæуыл куы цардыстæм, уæд зæрдæбынæй уарзтам нæ райгуырæн зæхх, уарзтам цард, фæлæ нæ хъысмæт рауад æгъатыр…

— Нæ, нæ уын ферох кодтам уæ рухс нæмттæ, — фæзæгъынц бирæтæ. Ахæм рæстæг мæнæн дæр мæ цæстытыл ауайы иу æдзард хæстоны сурæт. Фидар уæнгты конд, æргом цæсгом, ныфсхаст цæстæнгас. Уый у мæ мады æфсымæр Фардзинты Угийы фырт Аврам. Йæ рухс сурæт никуы уыд рох мæ мадæй суанг йæ царды кæронмæ. Мæ мады ныхæстæм гæсгæ, Аврам уыд хæрзконд, хъæддыхтæарæзт, гуырвидауц цардбæллон лæппу, мæнæ, «саджы фисынтыл амад», кæмæй фæзæгъынц, ахæм…

…Саулагъз лæппулæг «гъæйтт-гъæйтт» кæны æфсондзы бын ифтыгъд галтыл. Дыууæ галы сæ фæдыл ласынц сугæйдзаг уæззау уæрдæттæ æмæ сабыргай тындзынц Алагиры гуыргъахъхъ фæндæгтыл. Цæуы сæ фæдыл сæрæн лæппу, йæ къахайст — рæвдз, йæ фезмæлдыл цæст нæ хæцы. Уæззау æмæ æвирхъау рауадысты йе ‘взонджы бонтæ. Æниу ын искуы сабион бонтæ уыд, уый дæр нал хъуыды кæны. Æгæр раджы æрæнцад царды уæз йе ‘дых уæхсчытыл, æгæр раджы бацыд йæ зæрдæмæ царды мæт. Йæ лæппуйы кары куы бацыд, уæд æй бафтыдтой уæззау куыстыл. Уæвгæ, æндæр гæнæн дæр нæ уыд. Бинонтæ — бирæ, нырма йæ дæлейы æртæ хæссинаджы, сæ иуæй иннæ къаддæр. Ныййарджытæ бон-изæрмæ фыдæбон кæнынц, фæлæ алцæуыл не ‘ххæссынц, хæдзар фæкæсынхъуаг… Куыд рогæй йæ хастой йæ базыртæ быдырмæ, куыд æнæзивæг уадис ифтыгъд галты фæстæ, фæлæ уый- хыгъд æй йæхимæ æдзухдæр æлвæста æнæкæрон тыгъдад, фæндыд æй маргъау тæхын. Цы цыбыр улæфты рæстæг-иу ын уыд, уым-иу йæ хъуыдыты базыртыл стахт уæларвмæ. Афтæ- иу æм каст, цыма йæ уд баиу æрдзы удимæ, æмæ-иу арвæй йæ цæстытæ атонын нал куымдтой. Мингай стъалытæ арвы æгæрон тыгъдадæй зæхмæ сæ цæстытæ ныкъуылдтой. «Тæхуды, искуы афтæ бæрзонд стæх уæларвмæ æмæ хæххæн цæргæсау зилдух кæн уыцы тыгъдады», — хъуыды кодта лæппу. Рæхджы авдазон скъола каст фæуыдзæн æмæ уæд…

Рæстæг атахт тагъд. 1929 азы Аврам йе ‘рдхорд Хъантеты Гæстæнимæ ацыд Ростовмæ æмæ уым ахуыр кæнын райдыдта рабфачы, ахуыр кодта слесыры дæсныйадыл. Уæвгæ æнцад бадынмæ йæ уæд дæр никуы равдæлд. Бон кусгæ кодта, æхсæв — ахуыр. Ноджы ма йын фадат фæцис йæ бæллиц фæхæстæгдæр кæнынæн. Гæстæнимæ сæхи ныффыстой аэроклубмæ. Уым йæ фыццаг бонæй дæр бамбæрста, арв æй æнусон уацары кæй райста, уый. Иу æмæ дыууæ хатты нæ рагæпп кодта парашютимæ. Уæдæй фæстæмæ йæ хъуыдыйы уыдис æрмæстдæр иу — райсын тæхæджы дæсныйад. 1932 азы сæххæст йæ бæллиц — бацыд ахуыр кæнынмæ Сталинграды тæхджыты скъоламæ. Лæппу тагъд фæцалх йæ дæсныйадыл. Уый афтæ хорз арæхст уæлдæфы йе ‘фсæн цæргæсыл зилдух кæнынмæ, æмæ-иу ыл инструктортæ баууæндыдысты хæдтæхæджы иунæгæй сбадын дæр. Фæстæдæр йæхæдæг дæр кусын райдыдта инструкторæй. Сæрды улæфты бонты-иу ссыд Ирыстонмæ йæ фыды хæдзармæ.

…Тезгъо кæны лæппу Алагиры уынгты, йе ‘взонджы бонтæ кæм арвыста, уыцы бынæттыл зилы. Ссыд Дзæуджыхъæумæ дæр. Йæ къах æй бахаста педагогон училищейы дуармæ. Ам хъуамæ фембæлдаид йе ‘рдхордимæ. Аврам æфсæддон дарæсы лæууыд фойейы рудзынджы цур. Дзæнгæрæг ныццагъта. Мæнæ дыккаг уæладзыгæй асинтыл кæлкæлгæнгæ æртæхы иукъорд чызджы. Аврам æваст фæкаст сæ худынмæ, æмæ йæ цæстытæ рацахстой саурæсугъд чызджы. Тымбыл цæсгом, хæрзконд уæнгты конд, йæ дзыккутæ рæсугъд быдæй йæ риуыл æнцадысты. Йæ цæстытæ нал куымдтой уыцы чызгæй атонын. Чызг дæр йæ цæст нал иста æрыгон афице- рæй. Куыд рабæрæг фæстæдæр, афтæмæй уый уыд дзæуджыхъæуккаг Цæллагты Дрисы чызг Нинæ, æрдхæрæны рæсугъд чызг. Хæрзæрыгон æвзыгъд чызг, ахуыры фæндагыл лæугæйæ, мой кæнын йæ зæрды дæр нæма уыд, фæлæ алагираг сахъ лæппуйæн «нæ» зæгъын не сфæрæзта. Иуцасдæры фæстæ Нинæ ссис йæ бинойнаг æмæ йемæ ацыд йæ службæйы бынатмæ.

Уæдмæ райдыдта хæст финнæгтимæ. Аврам дæр æрвыст æрцыд фронтмæ. Уæвгæ та уыцы хæст бирæ нæ ахаста. Зæгъæн ис, æмæ финнæгтимæ хæст тагъд кæй фæцис, уым уы- дис йæ къухбавæрд дæр. Диссагæн дзуринаг уыд Фардзины- фырты сгуыхтдзинад. Йæ дæсны архайд æнæрхъуыдыйæ нæ баззад командæкæнынадæй, æмæ йын лæвæрдтой вазыгджын хæслæвæрдтæ. Афтæ рауад ацы хатт дæр: хъуыдис знаджы техникæ ныддæрæн кæнын. Уыцы рæстæг газеты фæзындис уацхъуыд ахæм сæргондимæ: «Тæхæг Фардзины-фырты сгуыхтдзинад». Уым фыстæуыд, зæгъгæ, тæхæг Фардзины-фырт йæ хæстон æмбæлттимæ уæззау метеорологон уавæрты дæсны æмæ арæхстджынæй кæй архайдта, уый руаджы стыр хай бахаста знаджы техникæ дæрæн кæныны хъуыддагмæ æмæ ахъаз фæци не ‘фсады уæлахизæн. Йæ хъæбатырдзинад æмæ сæрæндзинады тыххæй хистæр лейтенант Фардзинты Аврам хорзæхджынгонд æрцыд Сырх Тырысайы орденæй.

Афтæ Аврам дарддæр службæ кодта 13 авиаполчъы, суанг Фыдыбæстæйы Стыр хæсты райдайæнмæ. Йæ къай Нинæ дæр уыд йемæ, æнхъæлмæ кастысты хъæбулы фæзындмæ. 1941 азы арæнты уавæр куы фæкарздæр, уæд Аврам йæ бинойнаджы рар- выста æвæститатæй Алагирмæ, йæ фыды хæдзармæ. Йæ ног службæйы бынат уыд Балтикæ. Знаг бырста размæ, фашисттæ æгъатырæй мардтой сæрибарцæрæг адæмы, нæ ауæрстой сабитыл дæр, арт æфтыдтой нæ дидинæгкалгæ горæттæ æмæ хъæутыл.

Рæхджы, чи зоны, æмæ Кавказмæ дæр фæхæстæг уой — уым та йæ уарзон бинонтæ… Аврам тырныдта хæсты быдырмæ, фæлæ афон нæма уыд. Уæвгæ, æнхъæлмæ кæсын бирæ нæ бахъуыд. 1941 азы, августы райдайæны, полчъы командæгæнынад райста бардзырд: знаджы хæстон объекттыл æрæппарын бомбæтæ. Тæхын хъуыд суанг Берлинмæ æмæ ахæм хæс кæмæнфæнды бабар кæнæн нæ уыд. Полчъы командæгæнынад лæмбынæг фæкасти тæхджыты номхыгъдмæ æмæ фæстагмæ равзæрстой 5 тæхæджы — æппæты ныфсхастдæр æмæ æууæнкджындæрты. Уыцы номхыгъды уыд Аврам дæр. Ралæууыд 8 август. Командир фæсидт тæхджытæм æмæ сын бамбарын кодта сæ хæстон хæс. Хæс тынг тæссаг, зын æмæ бæрнон кæй уыди, уый тыххæй сæ тынг бафæдзæхста булкъон. Фондз хъæбатыр тæхæджы сæ хæдтæхджытæ сарæзтой хурныгуылæны ‘рдæм. Уыдон æхсæвы тары тахтысты иу рæнхъæй, кæрæдзи хъахъхъæнгæйæ.

Бæзджын сау мигътæ æрæмбæрзтой арв. Мæнæ бахæццæ сты знаджы зæхмæ, Берлины горæтгæрон рæнхъæй фæцæуынц танктæ, минометтæ, бензовозтæ æмæ автомашинæты колоннæтæ — сæ ных уыд скæсæны ‘рдæм. Уæлейæ зындысты зынджы тæппыты хуызæн. Мах хæдтæхджытæ ныллæгдæр æруагътой сæхи æмæ æркалдтой сæ бомбæтæ знаджы объекттыл. Быдыр уайтагъд зынг фестад, алырдыгæй хъуыст срæмыгъды гуыппытæ, пиллон артæй сыгъд знаджы тех- никæ. Нæ хæдтæхджытæ сæ уæззау «лæвæрттæй» куы феуæгъд сты, уæд æвæстиатæй разылдысты фæстæмæ æмæ сæ ных сарæзтой цæгаты ‘рдæм. Уæдмæ знаг дæр йæхи æрæмбæрста æмæ сæ фæдыл ауагъта зениткæты арт. Фæстейы сæ расырдтой знаджы куынæггæнджытæ. Зын уавæры бахауд Аврамы экипаж. Дыууæрдыгæй йæ æрбалвæстой знаджы хæдтæхджытæ. Аврам арæхстджын маневртæй хъавы иуварс ацæуынмæ, фæлæ йæ знаджы хæдтæхджытæ дæр иуран нæ уадзынц, дыууæ «мессеры» йæ хъавынц балхъивынмæ. Тынг æм æрбахæстæг сты. Бæстæ гæрах сси, хъустæ къуырма кодтой пулеметты къæр-къæрæй. Йæ алывæрсты ихуарæгау хæлдысты нæмгуытæ. Уалынмæ мигъæхсæнæй иу «мессер» йæхи галиуæрдыгæй æрбауагъта æмæ арты зынг алхъывта Аврамы хæдтæхæджы мотор. Цыдæр рысты уылæн ацыд йæ буары, æнахуыр рыст ныццавта сæрмæ. Аврамæн йæ галиу фарс судзæгау скодта, туг фемæхст, цæстытæ атар сты æмæ уыцы уысм йæ цæстытыл ауадысты кæддæры амондджын нывтæ: Дзæуджыхъæу… Хур бон… Нинæйы рæсугъд цæсгом, дыууæ æвзонг уды бæллицтæ. Нинæ, хъæбул… Ехх, куыд цыбыр уыд йæ амонд, иу хатт ма сæ уæддæр куы федтаид… Аврам фæстаг хатт йæ хъарутæ æрбамбырд кодта, лæмæгъ къухтæй штурвалыл ныххæцыд æмæ йæ машинæ сарæзта бынмæ… …Фæцис хæст, ралæууыд Уæлахизы бон, фæлæ уый нал федта Аврам, нал федта йæ иунæг хъæбулы дæр. Аврамы фырт Эрик райгуырд йæ амæлæтæй дыууæ къуыри фæстæдæр. Фыды фарн мæрдтæм нæ цæуы, фæзæгъынц. Нинæ хорз схъомыл кодта йæ фырты, раст фæндагыл æй сарæзта, цудын æй нæ бауагъта. Эрик дæр уæдæ йæ фыды кад бынмæ не ‘руагъта. Рауад дзы æвæджиауы хорз лæппу, каст фæци Хæххон-металлургон институт 1964 азы, сси дæсны аразæг, бирæ азты фæкуыста арæзтады алы къабæзты Волгограды облæсты, Мæздæджы æмæ Дзæуджыхъæуы. Дæсны разамынд лæвæрдта нæ республикæйы арæзтадæн, уыдис арæзтадон тресты сæргълæууæг, у Уæресейы сгуыхт аразæг.

Фыдыбæстæйы Стыр хæст стыр хъæдгæмттæ ныууагъта адæмы зæрдæты. Азтæ цæуынц, фæлтæр фæлтæры ивы, фæлæ сæрибары сæраппонд мæлæтмæ чи цыдис, бахъуаджы сахат йæ адæмы сæрвæлтау тохы лæгдзинад æмæ хъæбатырдзинад чи равдыста, уыдоны нæмттæ рох нæ уыдзысты. Цы цау радзырдтон, уый уыд æрмæстдæр нæ Уæлахизмæ бавæрæны иу чысыл хай. Уал азы фæстæ уыцы æгъуыстаджы хъæбатыр тохы цаутæй бирæтæ ферох сты, æбæрæгæй баззадысты. Хæст уыд æгъатыр æмæ никæуыл ауæрста. Уæды фæлтæрæн сæ цардуалдзæг уæззау рæстæгмæ æрцыд. Бирæтæ дзы се ‘взонгад куыд атахт, уый æмбаргæ дæр нæ бакодтой. Алыхуызон хъысмæттæ, алыхуызон адæм, фæлæ сын алы рæстæджы дæр иумæйаг уыд æмæ у иу миниуæг — Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад.

Адæймаг фыццаг хатт дунейы рухс кæм фена æмæ фыццаг къахдзæфтæ цы зæххыл акæна, уый йын цæрæнбонтæм свæййы зынаргъ æмæ уарзон. Абон мах ныллæг кувæм, æнæмсæр тохы чи фæмард, уыцы æгъуыстæджы хъæбатырты цытæн. Уæлахизы бон цытджын у нæ адæмæн æмæ уыдзæн ахæм æдзухдæр, уымæн æмæ лæгæвзарæн тохы нæ ауæрстой сæхиуыл Ирыстоны сахъгуырдтæ дæр, уыдонимæ хъæбатыр тæхæг Фардзинты Аврам.

УЫРЫМТЫ Регинæ, ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here