Æххуысмæ — республикæйы Сæргълæууæгмæ

0
531

 

Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеславæн уыдис фембæлд, алыхуызон зындзинæдтæ чи æвзары, уыцы цæрджытимæ. Æдæппæт æркаст 38 курдиатмæ. Сунжæйыхъæуккаг, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг БИАЗЫРТЫ Сергей ракуырдта, цæмæй йын сæйраг фæндагæй йæ хæдзары онг асфальт сæвæрой.

Дачнæйы хъæуы цæрæг Назир Досхоев рæгъмæ рахаста, транспорт сæм куыд цæуы, сыгъдæггæнæн арæзттæ сцалцæг кæныны æмæ нуазыны доны сыгъдæгдзинады фарстатæ. Уæззау схонæн ис, Пагæты Георги æмæ Плиты Заремæ цы уавæры бахаудысты, уый. 1994 азы уыдон 4,2 милуан сомы радтой Владикавказаг уынджы биæуæладзыгон хæдзары арæзтадæн, фæлæ аразæг организаци йæ хæстæ нæ сæххæст кодта, нымад æрцыд гаффуттыл. Уæдæй абонмæ, хъуыддаджы чи балæууыд, уыцы адæм рæстдзинад агурынц тæрхондæтты, фæлæ уавæр нæма ивы.

Битарты Вячеслав сразы ис, хъæппæрисджын къорды уæнгтæ Гуцъаты Валери, Елойты Марат æмæ Саулохты Ричард цы курдиатимæ æрбацыдысты, уыимæ. Сæ хъуыдымæ гæсгæ, Ос-Бæгъатырæн хъуамæ æвæрд æрцæуа цыртдзæвæн, ирон адæмы таурæгъон хъæбатыры сурæт хъуамæ конд æрцæуа дурæй. «Уемæ разы дæн, ныртæккæ адæмæн сæ национ химбарынад рæзы. Цыртдзæвæнæн та ссарын хъæуы бынат. Фæлæ мæ фæнды, цæмæй рохуаты ма баззайой фæсивæды хъомылады, национ культурæмæ сæ раздахыны фарстатæ. Уыцы ран хъуамæ иумæ кусæм», — загъта республикæйы Сæргълæууæг.

Нæ республикæйы фыццаг фермертæй иу, Тменаты Владимир, куыд бамбарын кодта фембæлды рæстæг, афтæмæй 2016 азы йæ зæххы аренды æмгъуыд кæронмæ æрхæццæ, фæлæ йæ адарддæр кæныныл бынæттон хицаудзинад не сразы. Хохы Карцайы цæрæг Дзебысаты Таймураз та æрдзырдта хъæууонхæдзарадон коооперцийы рæзтæн ахъазгæнæг фарстатыл. Республикæйы Сæргълæууæг ма байхъуыста æмæ равзæрста иннæ æрбацæуæг адæмы фарстатæ дæр. Алы хъуыддагмæ дæр æркастис лæмбынæг, фембæлды рæстæг-иу уайтагъд бахæс кодта бæрнон адæймæгтæн, цæмæй фарста лыггонд æрцæуа. Бæрæг сты, æппæт хъуыддæгтæ кæмæн бахæс кодта, уыдон, æмæ æмгъуыдтæ.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады пресс- службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here