Йæ курдиатæй кад кодта Ирыстонæн

0
648

 

Нæ бæстæйы цирчы аивадæн стыр хæрзты чи бацыд, йæ курдиатæй, йæ зæрдæхæлардзинадæй, арæхстдзинадæй йæ чысыл Ирыстонæн кад æмæ намыс чи скодта, уыцы намысджын фырттæй иу уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы адæмон артист, бæхыл бадыны театр «Каскадер»-ы бындурæвæрæг ХЪАНТЕМЫРАТЫ Мухтарбег. Уый, стыр хъыгагæн, фарон фæхъуыд не ‘хсæнæй. Кад æмæ радимæ йын йæ табæт сластой Мæскуыйæ æмæ йæ бавæрдтой Дзæуджыхъæуы Намысы аллейы.

Знон та йын йæ ингныл байгом кодтой цыртдзæвæн. Йæ саразыныл бацархайдтой дургуыстгæнæг куыстуаты директор Гаглойты Валодя æмæ Хъантемыраты мыггаджы фæсивæд.

Цырт гом кæныны номарæн æмбырды раныхас кодта Хъантемыраты Хъазыбег. Уый зæрдиаг арфæ ракодта нæ респуб- ликæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславæн æмæ мыггаджы фæсивæдæн, Мухтарбеджы ном сæнусон кæныны хъуыддагмæ арфæйаг æвæрæн кæй бахастой, уый тыххæй. Цыртдзæвæн байгом кæныны кадджын бар Хъантемыраты мыггаджы фæсивæдæй лæвæрд æрцыд Алан æмæ Алыксандрæн. Уый фæстæ йæ номдзыд æрвады цард æмæ сфæлдыстадон сгуыхтыты тыххæй радзырдта Хъантемыраты Тотыр. Уый куыд загъта, афтæмæй, Мухтарбег кæд Уæрæсейы цард, йæ тæлтæг бæхыл дунейы алы рæтты æрзылд, уæддæр йæ зæрдæ баззад иронæй. Цы фæсивæд æм куыста, уыдоны дæр ахуыр кодта фыдæлты æгъдауыл, кад æмæ намысыл.

Æмбырды ма Хъантемыраты мыггагæн, æрбамбырдуæвджытæн зæрдиаг бузныджы ныхæстæ загъта Мухтарбеджы ахуыргæнинæгтæй иу, театр «Каскадер»-ы раздæры артист Хабæты Цæра.

Номарæн æмбырды кæрон цыртыл æвæрд æрцыд дидинджытæ.

ГАСАНТЫ Валери

Къамтæ систа ЦÆГÆРАТЫ Дауыт

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here