Зæрдæйæн æхцон æвзаг

0
484

 

Йæ рæстæджы нæ республикæйы Президент ДЗАСОХТЫ Алыксандр ирон адæмы раз цы хæрзты бацыд, уыдонæн йæ ирддæр æмæ зæрдæмæдзæугæдæртæй иу у, 15 май Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон кæй снысан кодта, уый. Раст ма ахæм стыр лæггад бакодта нæ республикæйы фыццаг Президент ГАЛАЗТЫ Æхсарбег дæр, нæ республикæйæн йæ историон, этникон ном «Алани» кæй раттын кодта, уымæй.

 

Дзасохы-фырт ацы бон куы снысан кодта, уæдæй рацыд 15 азы. Алы аз дæр бæрæгбон вæййы аивæйаивдæр. Йæхи ирон чидæриддæр хоны, уыдон æм фенхъæлмæ кæсынц уæлдай зæрдиагдæрæй. Уæлдæр æмæ астæуккаг ахуыргæнæндæтты ацы бæрæгбонмæ сæхи бацæттæ кæнынц. Нæ республикæйы сæйраг горæт Дзæуджыхъæуы æмæ районты ацæуынц тынг аив æмæ хъæлдзæг мадзæлттæ. Фæлæ уæддæр, æмткæй райсгæйæ, Хетæгкаты Къостайы номыл фæлладуадзæн парчы Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы культурæйы управлени цы мадзæлттæ скæнынц, уыдон вæййынц уæлдай аивдæр.

Афтæ уыд ацы аз дæр, ведомствойы разамонæг Мæрзойты Руслан æмæ йæ дæлбар кусджытæ сæ хъарутыл нæ бацауæрстой æмæ скодтой диссаджы зæрдæмæдзæугæ бæрæгбон. Æрбахуыдтой йæм Ирон театры артистты. Уыдон сæхи сфæлыстой рагон ирон хъæуы цæрджыты уæлæдарæсы. Фенæн дзы уыд Хетæгкаты Къостайы «халдих» дæр. Сывæллæттæн хицæнæй арæзт æрцыдысты хиирхæфсæн фæзуæттæ. Суанг ма Дзæуджыхъæуы сырддонæй дыууæ сæныччы дæр æрбаластой.

Бафиппаинаг у уый дæр, æмæ Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон бæрæг кæнгæйæ, ам фыццаг хатт архайдтой Алагиры районы минæвæрттæ.

— Ацы бæрæгбонмæ нæхи куы цæттæ кодтам, уæд сфæнд кодтам, цæмæй дзы бынæттон, ома, дзæуджыхъæуккаг æрмдæснытæй уæлдай сæхи равдисой районтæ дæр. Æмæ бауынаффæ кодтам, цæмæй уал фыццаг сæхи равдисой Алагиры район. Нæ хæлар — газет «Рæстдзинад»-ы сæрмагонд уацхæссæг Касаты Аслæнбегæн бабар кодтам, цæмæй ацы фарста йæхимæ райса æмæ йæхи фæзуаты фарсмæ бынат саккаг кæна Алагиры районæн. Æмæ йын бантыст. Уавæрæй пайда кæнгæйæ мæ, кæд гæнæн ис, уæд газет «Рæстдзинад»-ы фæрцы стыр бузныг зæгъын фæнды, ацы бон нæ фарсмæ æнæзивæгæй чи æрбалæууыд, æмæ адæмы зæрдæтæм цин чи бахаста, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр, — загъта Мæрзойты Руслан.

Ацы бон ма ам цы мадзæлттæ, цы хиирхæфсæн фæзуæттæ уыд, уыдонæй адæмы зæрдæтæм уæлдай тынгдæр фæцыдысты Дзæуджыхъæуы 13-æм скъолайы сывæллæтты сфæлдыстадон иугонд «Талатæ»-йы чысыл архайджытæ. Адон сæ разамонæг Танделаты Розæимæ бацæттæ кодтой рагон ирон мигæнынад æмæ сывæллæтты хъæзтыты фæз. Равдыстой, къуымбилимæ архайын, пирын æмæ æлвисын куыд хъæуы, уый.

“Дзæуджыхъæуы администрацийы разамындимæ, сæрмагондæй культурæйы управлениимæ, газет «Рæстдзинад» цæры зæрдæхæларæй. Кæддæридæр сæм исты стыр мадзал куы вæййы, уæд мах ма æрхъуыды кæной æмæ нын хицæн фæзуат ма радих кæной, ахæм цау нæ хъуыды кæнын. Сæ кæцыфæнды бæрæгбон дæр æдзух ацæуы бæрзонд æмвæзадыл. Фæлæ бæрæгбæттæ уæлдай ирддæр æмæ хуыздæр систы, бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæгæй Æлбегаты Барисы куы снысан кодтой, уæд.

Ацы аз дæр та нын Мæрзойты Руслан радта хицæн бынат, цæмæй дзы равдисæм нæ хъæздыгдзинад, скæнæм дзы адæмæн газет рафыссыны фадат. Уымæй уæлдай ма нын бахæс кодта, цæмæй нæ фарсмæ æрбалæууа Алагиры район. Уыцы фарста алыг кæныны тыххæй бахатыдыстæм Алагиры районы Минæвæртты æмбырды депутат, æхсæнадон архайæг Елойты Азæмæтмæ. Уый бынаты æрныхас кодта районы æрмдæсныты проект «Æрмæг»- ы разамонæг Гагкайты Самантæимæ. Проект сæххæст кæнынæн фадæттæ сарæзта районы депутатты æмбырд, бацæттæ йæ кодта Гагкайт Самантæ. Проекты фæлгæты хуыздæр куыстытæ: нывтæ, мигæнæнтæ æмæ æндæр зæрдылдарæн дзаумæттæ. Уæдæ æнæзæгъгæ нæй уый дæр, æмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантæй Алагиры районы чи цæры, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр абон Елойты Азæмæт ацы азы дыккаг æмбисæн рафыста газет «Рæстдзинад». Хорз уаид, æмæ иннæ районты æмбырдты депутаттæ Елойы-фырты куы бафæзмиккой æмæ куы рафыссиккой газет «Рæстдзинад», — загъта Касаты Аслæнбег.

Бæрæгбоны фенæн уыд Дзæуджыхъæуы чиныгдонты иугонды фыццæгæм филиалы чингуыты равдыст, æрмдæсныты дукани «Город мастеров»-ы сувениртæ, компани «Бавария»-йы адджын дæттæ, кафджыты, зарæггæнджыты, уадынгæрзтыл цæгъдджыты æмæ æндæр къордты хъæзтытæ. Хицæн бузныджы аккаг сты барадхъахъхъæнджытæ дæр. Уымæн æмæ ацы бон уыдысты уæлдай къæрцхъус, се ‘ргом здæхт уыд алы адæймагмæ дæр.

Нæ уацхæссæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here